Цхинвалы районы цӕрджыты цардуагон-коммуналон хӕдзарадӕн (йӕ хистӕр Хъотайты Барис) йӕ разы бирӕ аскъуыддзаггӕнинаг куыстытӕ вӕййы афӕдзы дӕргъы. Уыдонмӕ коллективы алы уӕнг дӕр кӕсы бӕрндзинады цӕстӕй ӕмӕ сӕ сӕххӕст кӕныныл бакӕнынц хъаруджын куыст. Номхуындӕй та бакӕнынц ахӕм куыстытӕ, куыд культурон-рухсадон бӕстыхӕйтты арӕзтад ӕмӕ цалцӕг кӕнын, хъӕууон фӕндӕгты арӕзтад, цӕрджыты нуазыны донӕй сифтонг кӕнын ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕ. Цӕмӕй уыдон кӕронмӕ ӕмӕ гъӕдджынӕй ӕххӕст ӕрцӕуой, дзуапп дӕттой хъӕууон фӕллойгӕнджыты домӕнтӕн, уый тыххӕй бирӕ тых ӕмӕ хъару бахардз кӕны коллективы алы уӕнг дӕр ӕмӕ сын сӕ архайдӕй разыйӕ баззайынц цӕрджытӕ. Сӕ куысты тыххӕй мын цыбыртӕй ра-дзырдта хӕдзарады хистӕр Хъотайты Барис:

 – Кусӕм Дменисы хъӕуы уынгтæ цалцӕг кӕныныл, уыдонӕн сӕ иумӕйаг дӕргъ у 2 километрмӕ ӕввахс. Хицӕн бынӕтты доны хӕтӕлтӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты 70 метры дӕрд-дзӕгӕн ӕмӕ уый та фӕахъаз уыдзӕн фӕндаджы фидардзинадӕн. Райдианы уал ӕй техникӕйы фӕрцы слӕгъз ӕмӕ сраст кодтой, стӕй йыл ныккалдтой ставд ӕмӕ лыстӕгдӕр хуырдур. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уынджы кӕрӕтты  уыд бӕлӕстӕ, уыдон хъыгдардтой арӕзтадон куыстытӕ æххæст кæнынæн ӕмӕ сӕ ракалдтой. Ацы куыстыты фердӕхтдзинад равдыстой бынӕттон фӕсивӕд дӕр ӕмӕ хӕдзарады кусджытӕн баххуыс кодтой бӕлӕстӕ калыны хъуыддаджы. Цалцӕггӕнӕн куыстытӕ  Ксуис ӕмӕ Сатихъары хъӕуты бакодтой 200 метры бæрц, 300 метры бӕрц сцалцæг кодтой Дзабиты хъӕуы дӕр.

Рагӕй хъуыд цалцӕг кӕнын Къостайыхъӕуы Ирӕтты уынг дӕр. Ацы уынг дзуапп нал лæвæрдта цӕрджыты домӕнтӕн, уӕлдай зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой мӕгуырау боныгъӕдты. Ныр кусынц уый хӕрзарӕзтадыл дӕр, Ахафтой ӕмӕ аластой уӕлдай сыджыт. 800 метры бæрц уал ныккалдтой ставд хуыр ӕмӕ тагъд рӕстӕджы та ӕркалдзысты лыстӕгдӕг хуыр.

Уымӕй дарддӕр ма аразджытӕ стыр куыст бакодтой Уӕллаг Гудзабары канализацийы куыстытӕ сӕххӕст кӕныныл, фæлæ бахъыгдард сты бынӕттон фӕндӕгтӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрджытӕ ӕвзӕрстой зындзинӕдтӕ. Уыдон схӕрзарӕзт кӕныныл дӕр цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ бацархайдтой зӕрдиагӕй ӕмӕ ныр цӕттӕ у асфальт кæнынмæ. Ногхъӕуы ма аразынц канализацийы хахх дӕр ӕмӕ куыстытӕ кӕронмӕ фӕуыдзысты ацы ӕввахс бонты. Хъотайы фырт куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ сӕ кӕд дарддӕр дӕр боныгъӕдтӕ бауадзой кусын, уӕд сӕ зӕрды ис Арцеу æмæ Ортъеуы хъӕуты уынгтӕ дӕр сцалцӕг кӕнын.

Нуазыны доны фарст дӕр сӕйраг у  хъӕууон  цӕрджытӕн ӕмӕ сӕ уымӕй сифтонг кӕныныл хӕдзарады коллектив архайы иузӕрдионӕй. Нуазыны доны гуырӕнтӕ ссардӕуыд ӕмӕ ӕруагътой Дампъалет, Галуантӕ, Тъбет, Мацхуари, Къусрет, Къохаты хъӕутæм. Донгуырӕнты бынӕттӕ ӕрӕмбонд кодтой. Ноджы ма Тъбеты хъӕуы иу сыхы цӕрджытӕ тынг тыхстысты нуазыны доны хъуагдзинадӕй. Ацы фарстыл дæр ацы бонты бакусдзӕн. 

                         ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.