Абон Республикæ Хуссар Ирыстон нысан кæны Уæрæсейы Федераци йын йæ паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уыцы бон. Ирыстонæн ацы нысаниуæгджын боны тыххæй знон цытджын мадзал уагъд æрцыд киноконцертон зал «Чермен»-ы. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Пухаты Эрик æмæ Тадтаты Алан, Хицауады уæнгтæ, фыццаг æмæ ныры сæвзæрст Парламенты депутаттæ, республикæйы районты минæвæрттæ, хъæуты дзырддзæугæ лæгтæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Уæлдай цытимæ æмæ бузныджы æнкъарæнтимæ загъд цыдысты, алайнаг зæххыл кадджын мисси æххæстгæнæг, Хуссар Ирыстоны уыцы Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы командæгæнæджы хæстæ æххæстгæнæг Алиев Раджа, Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управленийы къухдариуæггæнæг Щимелинин Владимир. Мадзалы ма хайад райстой Хуссар Ирыстоны Абхазы Æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан, Хуссар Ирыстоны Приднестроваг-Молдаваг Республикæйы официалон минæварады сæргълæууæг Плиты Алан.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй нымад куы æрцыд, уыцы историон цауыл 12 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзал байгом Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон гимты зæлтæй.

Ацы нысаниуæгджын боны цытæн Ирыстоны адæмæн бæрæгбонон арфæтæ ракодта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Йæ арфæйы ныхасы уый æрдзырд-та, ацы бæрæгбонмæ цы уæззау æмæ зын фæндæгтыл æрцыдыстæм, уыдоныл. Уыцы дæргъвæтин æмæ уæззау фæндаг нын ахаста бирæ уды зиæнттæ. Нæ хæдбардзинады тыххæй йæ цард чи радта, уыцы хъайтарты рухс нæмттæ фыст æрцыдысты Ирыстоны азфысты ног историйы.

Президент бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй уыцы зынгзæрдæ патриотты рухс нæмттæ ссарой иу уысм æмырæй алæугæйæ. (Президенты доклад мыхуыр æрцæудзæн радон номыры).

Нæ уарзон, зæрдæмæхъаргæ æмæ хъарм бæрæгбоны цытæн бæстæйы сæргълæууæг Кады æмæ Хæлардзинады ордентæй, майдантæ, Кадджын нæмттæ æмæ Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта республикæйы цардархайды алы фадыджы кусджыты æмæ ветеранты.

Рæз æмæ дидин æфтау ирыстон!

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов банысан кодта, зæгъгæ, гуырдзиаг къухдариуæгады къухтæй фæмардуæвæг æмбæстæгтæ нырма нæ фæхæццæ сты се ‘нусон бынæттæм, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад райста хъысмæтскъуыддзаггæнæг уынаффæ – Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинад банымайын.

«Уый уыд вазыгджын, фæлæ бæрнон уынаффæ, кæцыйæн фæивæн нæй. Уый бындуриуæг кæны дунеон барады æмæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгты фæндæттыл. Хуссар Ирыстон у хæдбар паддзахад, уый уæвы, куыд паддзахад, ис ын йæхи атрибуттæ, ис ын йæхи закъондæттынадон, æххæсткæнынадон æмæ тæрхондонон органтæ. Уый рæзы аккагæй æмæ динамиконæй. Паддзахады æппæт структурæты архайд здæхт у иу хъуыддагмæ – хуссарирыстойнаг æмбæстæгты хæрзиуæгмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн мах стыр аргъ кæнæм.

Рæз æмæ дидин æфтау ирыстон!

Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад æппæт дæр аразы, цæмæй Хуссар Ирыстоны позицитæ фидар цæуой дунеон аренæйы. Уый зын куыст у, уымæн æмæ Тбилисы фарсæрдыгæй æппæт хъарутæй дæр архайынц, цæмæй ацы хъуыддæгтæн цæлхдуртæ æвæрд цæуа. Ацы хъуыддаджы сын стыр æххуыс кæнынц сæ ныгуылæйнаг фарсхæц-джытæ», – банысан кодта Марат Кулахметов.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы Федераци æппæт дæр аразы, цæмæй Хуссар Ирыстон рæза, куыд æвзонг демократон паддзахад, афтæ. Æппæт дæр арæзт цæудзæн, цæмæй хъахъхъæд цæуа йæ арæнты æдасдзинад.

Хуссар Ирыстоны адæмæн йæ цæст бауарзта сабыр цард, цæмæй Ирыстоны рæзгæ фæлтæр ныфсджынæй кæсой рæсугъд сомбонмæ. Уæрæсейы Федераци æппæт дæр араздзæн, цæмæй Ирыстон размæ цæуа æмæ дзы æлдариуæг кæна сабыр цард.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ,

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.