Нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны боны цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд республикон турнир шахматтæй. Хъæзтытæ цыдысты горæты центры гом арвы бын. Хайад сæ райстой нæ бæстæйы иууыл тыхджындæр шахматисттæ. Призтыл тох кодтой 25 спортсмены. Ерысты хайадисджытæн арфæ ракодта паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

«Æхсызгон мын у хистæр кары минæвæртты æмрæнхъ ерысты хайад кæй исынц æвзонг адæйæмæгтæ дæр. Ныфс мæ ис æмæ уыдоны ‘хсæн кæй разындзæн фидæны гроссмейстертæ. Афтæ ма сын шахматтæ кæй баххуыс кæндзысты сæ дарддæры рæзты хъуыддаджы æмæ сæ къухты кæй бафтдзæн сæ разылæууæг нысæнттæ сæх-хæст кæнын», – загъта Президент Бибылты Анатоли. 

Уый фæстæ Президент сарæзта фыццаг символикон цыд æмæ турнир райдыдта. Ерысты хайад райстой куыд хистæр кары минæвæрттæ, афтæ æвзонг шахматисттæ дæр. Ерыстæ рауадысты тынг цымыдисон. Карз спортивон тохтæ цыдысты алы фæйнæджы фарсмæ дæр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ фыццаг фæйнæджы сæрмæ æвæрд кæй æрцыд камерæ æмæ спортуарзджытæн фадат уыд хъазтмæ экраныл кæсынæн. Æрмæстдæр фæстаг туры фæбæрæг сты ерысты уæлахиздзау æмæ призертæ. Тæрхонгæнджыты хатдзæгтæм гæсгæ иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта Саулохты Георги æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Дыккаг бынатыл ацыд Гæбæраты Ацæмæз æмæ æртыккаг та ссис Бибылты Алан. 4-æм æмæ 5-æм та систы Бибылты Марат æмæ Къæбысты Эрик.

«Тынг æхсызгон нын у æмæ хистæр кары шахматисттимæ конкуренци кæй кæнынц ахуырдзаутæ дæр. Зæгъæм, æртыккаг бынат бацахсæг Бибылты Алан 5-æм туры онг иу хъазт дæр нæ фембылд ис. Æрмæстдæр ын фæстаг турты  не сфаг фæлтæрддзинад æмæ фесæфта очкотæ, науæд æнæмæнгæйдæр рамбылдтаид», – банысан кодта Саулохты Георги.

Шахматтæй уагъдцæуæг ерысты активон хайад фæисынц цъинагайраг шахматисттæ. Ныр дæр та тох кодтой турниры призтыл. Саулохты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, иу ерыстæй иннæ ерыстæм сæ цæттæдзинад кæны хуыздæрæй хуыздæр.

«Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы директор Гуссойты Ласкойæн. Уый та ныр дæр  ерыстæм æркодта 4 æвзонг шахматисты. Турниры хайад кæй райстой, уый сын фæахъаз уыдзæн фæззæджы республикæйы командон чемпионаты сæхи хорзæй равдисынæн», – загъта Саулохты Георги.

Турниры фæлгæтты ма хицæнæй цыд 14 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн ерыстæ. Ам иууыл цæттæдæр разындысты Цоциты æфсымæртæ – Батрадз æмæ Азæмæт æмæ адих кодтой фыццаг дыууæ бынаты. Æртыккаг та ссис Болататы Заринæ. Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй.

ФУТБОЛ

     Национ футболон къорды 6-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд командæ «Чертаново»-имæ. Фембæлд фæцис уазджыты пайдайæн 3:0 хыгъдæй. 16-æм минутыл 11-метрон цæф хорз сæххæст кодта Хæдæрцаты Батраз. Дзæуджыхъæуккаг футболисттæ дарддæр дæр архайдтой хуыздæр æмæ сын 34 минутыл бантыст дыккаг пурти бакъуырын. Расгуыхт Бутаты Аллон. Хыгъд 3:0 та скодта «Алани»-йы размæбырсæг Артур Малоян.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.