23 февралы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ бæстæйы Хъахъхъæнынады министрады сырæзты боны цытæн нæ горæты уагъд æрцыд бæрæгбонон мадзæлттæ. Бæрæгбонон цытджын æмбырды хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, тыхон æмæ æндæр структурæты æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Йæ арфæйы ныхасы бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли банысан кодта, ацы бæрæгбон кæй у иууыл нысаниуæгджындæр Ирыстоны адæмæн. Ацы бон, зæгъгæ, мах мысæм нæ адæмы æфсæддон хъæбатырдзинад æмæ йын кад кæнæм, кад кæнæм ветерантæн æмæ бузныг стæм Фыдыбæстæ хъахъхъæныны тыххæй службæйæн йæхи чи снывонд кодта, уыдонæн.

«Мах адæмæн, кæцыйæн ис рагон историон æфсæддон традицитæ, æфсады æмбæлон службæ, нæ бæстæ хъахъхъæныны фæдыл æнæауæрдон, æфсæддон тох, кæдфæнды дæр уыдысты намысы хъуыддæгтæ, æмæ уымæ гæсгæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон махæн у æппæтадæмон бæрæгбон», – банысан кодта уый.

Бæстæйы сæргълæууæг æрдзырдта Хуссар Ирыстоны территорийыл хæстон архæйдтыты рæстæджы нæ адæм æмæ хъахъхъæнынады отрядты хæстонты фæндвидардзинад. Уыдон сæхиуыл æнæауæрдгæйæ æвдыстой лæг-дзинад, хъæбатырдзинад æмæ Фыдыбæстæмæ æгæрон уарзондзинад. Афтæ, зæгъгæ, уыд 1980 азæй 1992 азмæ, 2004 æмæ 2008 азты.

Уæрæсейы Федераци, зæгъгæ, 2008 азы августы мæйы агрессоры сабырадмæ æркæнгæйæ, æрурæдта тугкалд. Æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад банымайынæй та адæмы ныфс бауагъта сомбоны æмæ фидар сабырдзинады ныфс.

«Уæрæсеимæ цæдисад æмæ интеграцийы руаджы биноныг æрцыд националон æдасдзинадæн фидар æмæ ныфсджын бындур. Уый ахсджиаг фактортæ сты нæ территорийыл уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæ æмæ æдасдзинады тыгъдадтæ баиу кæныны хъуыддаг», – банысан кодта Президент.

Уый ма националон приоритеттæй æмæ УФ-имæ æмцæдисады хæстæй иуыл банымадта бæстæйы Гарзджын тыхты хъомысджындзинад æмæ хæстхъомдзинады бæрзонд æмвæзад. Уымæн æмæ дунейы цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдон здæхт сты дестабилизаци æмæ хъаугъатæ райтынг кæнынмæ. Нæ бæстæйы геополитикон равæрдмæ гæсгæ æмæ нын сыхаг паддзахад цы тасдзинад хæссæг у, кæцы æнусты дæргъы бæллы нæ зæхх бацахсынмæ, уый фæстæ, зæгъгæ, лæмбынæг æмбарын кæнын ницыуал хъæуы.

 

Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты компанийы агъоммæ махæн сæйраг у фæтк æмæ нæ бауадздзыстæм адæмы æнкъарæнтæ æмæ эмоцитыл хъазыны фæлвæрдтытæ. Уыцы комкоммæ хæс сæвæрдта, пъагæттæ чи хæссы уыдоныл – барадхъахъхъæнæг органты кæнæ Гарзджын тыхты æфсæддон службæгæнджытыл,   уыдон хъуамæ æппæт тыхтæ аздахой бæстæйы мидæггаг политикон стабилондзинадмæ. Бæстæйы хъахъхъæнынхъомдзинады, зæгъгæ, ма хъуамæ уа згъуыдтæ æмæ лæмæгъ фадыг.

Куыд бæстæйы Сæйрагкомандæгæнæг, афтæ банымадта æфсæддон цæттæдзинады æмвæзадмæ егъау хъус дарын, материалон-техникон ифтонгад хуыздæр кæнынæн æмæ æфсæддон службæгæнджыты алыварсон æмвæзад дарддæр дæр бæрзонд кæнынæн æххуыс кæнын. Банысан кодта нæ æфсæддон службæгæнджыты фидар удыхъæд, ныфсхастдзинад, æфсæддон цæттæдзинады бæрзонд фæстиуджытæ æмæ патриотизм. Уымæн, зæгъгæ, æвдисæн сты, дунеон æфсæддон ерысты рæстæджы не службæгæнджытæ цы иттæг хорз фæстиуджытæ æвдисынц, уыдон. Ацы хъуыддаджы банысан кодта афицерты удуæлдай архайд – уыдоны бæрзонд ном æмæ кад баззайдзысты фидæны намысы символæй.

Ахæм нысаниуæгджын бон ма бæстæйы сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта æмæ бузныджы ныхæстæ загъта ветеранты номыл дæр. Уыдон зæрдæ æмæ уды хъæрмæ æрлæууыдысты бæстæйæн уæззау рæстæджыты æмæ сæ нæмттæ ныры фæлтæрæн систы фæзминаг. Уыдон ныры фæлтæры сахуыр кодтой, цæмæй сæ адæмыл уой иузæрдион, сæрыстыр уой Фыдыбæстæйæ, ныфсджынæй цæуой размæ æмæ уæлахиз кæной.

«Мах хъуыды кæндзыстæм, 2008 азы нæ зæххыл, йæ цардыл æнæауæрдгæйæ, сабырдзинады сæрыл цы уæрæсейаг фидауынгæнджытæ тох кодтой, æппæт уыдон. Хæстон æфсымæрдзинад егъау хъуыддаг у. Æмæ æфсымæр æфсымæрмæ æххуысмæ куы æрцæуа, уыцы ныфс дæ куы уа, æмæ æххуысмæ куы æрцæуа хъæуæг рæстæджы, уый стыр æнкъарынад у.

Уымæн æвдисæн систы Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæтæн æфсымæрон æххуыс. Уым уæлдай символизм у, уыцы бæстæты паддзахадон хæдбардзинад банымайын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны хæдразмæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Хуссар Ирыстон цы уæззау фæндæгтыл рацыд, уымæ гæсгæ тыхсы Донбассы хъысмæтыл. Уымæ гæсгæ йæ цæрджытæн йæ цæст бауарзта фидар сабырдзинад æмæ сæ зæххыл размæцыды фæндиæгтæ.

Мах, зæгъгæ, мысæм тохы быдырты чи фæмард, сæ цард æмæ рухс фидæн бæстæйы сæрвæлтау чи рауæлдай кодта, æппæт уыдоны.

Бахатыд мадзалы хайадисджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ, ссарой уыдон рухс нæмттæ.

Уый бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ ноджыдæр загъта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн, кæцытæ тох кодтой бæстæйы сæрибардзинад æмæ æдас-дзинады сæрыл.

 

Ардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ

Уыцы бон ма нæ горæты Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы номыл Монументы раз сæвæрдтой Мысæн æмæ Кады гирляндæ, дидинджытæ æмæ веноктæ. Уыцы кадджын мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, нæ бæстæйы Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Парламенты депутаттæ, Хъахъхъæнынады министрады æмæ 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддон службæгæнджытæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.