Республикæ Хуссар Ирыстоны банымайыныл 14 азы сæххæсты сæраппонд цытджын æмбырдæй

Хуссар Ирыстоны алы æмбæстаджы зæрдæйы дæр æхсызгон мысинагæй баззад, 2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци кæй банымадта нæ бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад. Хуссарирыстойнаг адæмæн уыцы хъысмæтскъуыддзаггæнæн юридикон бæстон æмæ политикон раст уынаффæ байгом кодта æмбар æмæ сæрибар рæзты фадæттæ.

Уæрæсейы Федераци нын нæ паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 14 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон цытджын æмбырд уагъд æрцыд Паддзахадон драмон театры бæстыхайы. Традицимæ гæсгæ, сценæмæ хъахъхъæнынады министрады Цытджын хъарагъул æрбахастой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон тырысатæ. Айзæлыдысты дыууæ бæстæйы гимнты зæлтæ.

Паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бæрæгбонмæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты делегацитæ æфсымæрон республикæтæй, Цæгат Ирыстон-Аланийæ – республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы сæргълæудæй, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй,  Кæсæг-Балхъары, Дагъыстан æмæ æндæр республикæтæй.

Цытджын æмбырды ма хайад райстой бæстæйы раздæры сæргълæуджытæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов, Хъахъхъæнынады министрады раздæры министр Анатоли Баранкевич, Хицауады, Парламенты, районты æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Цытджын æмбырды хæдразмæ егъау экраныл æвдыст цыдысты бæстæйы хæдбардзинадмæ Хуссар Ирыстоны адæмы тырнындзинад, æмæ уæды рæстæджы Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитри Медведевы цытджын раныхас Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинад банымайыны  тыххæй  кадртæ.

Хуссар Ирыстоны историйы иууыл зынаргъдæр бонтæй сæ иу – Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны цытæн не ‘мбæстæгтæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Гаглойты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны адæм сæ зæрдыл дардзысты, чи фæмард, уыцы хъайтарты æмæ бæстæйы паддзахаддзинады рæзты хъуыддагмæ йæ хайбавæрд чи бахаста, уыдоны нæмттæ.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, Цоциты Аланы стыр хайбавæрд Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады арæзтмæ, кæцы йæ цардæй ахицæн æрæджы. Гаглойты Алан бахатыд, цæмæй Алан Резойы фырты номимæ, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой, бæстæйы хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл тохты рæстæджы чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.

Президент стыр аргъ скодта хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмахастытæн. Загъта, зæгъгæ, нæ райрæзты иунæг вектор у Уæрæсейы Федерациимæ интеграци æмæ æнгомдзинад.

«Ручъы тъунелы Хуссар Ирыстонмæ æрбахизæны дардæй зыны егъау дамгъæтæй не студентты фыст «СПАСИБО, РОССИЯ». Уыцы ныхæстæ мах стыр бузныгимæ фæлхатт кæнæм «Бузныг, Уæрæсе», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Цытджын æмбырды рæстæджы Президент Гаглойты Алан «Кады орден»-æй схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Серегей Меняйлойы, Хуссар Ирыстоны раздæры хъахъхъæнынады министр Анатоли Баранкевичы æмæ дæргъвæтин азты хæстон архæйдтыты активон хайадисæг Болататы Русланы.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы хорз хъуыды кæнынц, цы уавæрты цардысты хуссарирыстойнаг адæм æмæ цахæм вазыгджын цæлхдуртæ уыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны хъуыддагæн. Фæлæ уæддæр сæххæст сты ирон адæмы бирæ фæлтæрты бæллицтæ æмæ тырнындзинæдтæ. Хæдбардзинады сæрыл тохты сæ цард рауæлдай кодтой Фыдыбæстæйы бирæ хъахъхъæнджытæ, уыдон нæмттæ баззайдзысты адæмы мысынады.

«Дыууæ бæстæйы æхсæн цы вазыгджын бадзырдтыл фыст æрцыд къухтæ, уыдон фæлгæтты алы здæхты дæр цæуы æнгом æмархайд. Мах араздзыстæм æппæтдæр, цæмæй Хуссар Ирыстон рæза æмæ размæ цæуа. Ирыстоны адæм сты хорз фидæны аккаг. Ноджыдæр арфæ кæнын ацы иумиаг бæрæгбоны тыххæй алкæмæн дæр. Абон не ‘хсæн чи нал ис, уыдон дæр бæллыдысты æмæ тыр-ныдтой Ирыстоны хæдбардзинадмæ», – банысан кодта минæвар.

Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, мах хорз хъуыды кæнæм, Хуссар Ирыстон йæ хæдбардзинадмæ цахæм фæндагыл рацыд æмæ цахæм аргъæй сæ къухты бафтыд.

«14 азы размæ Уæрæсейы уæлдæр къухдариуæгад цы уынаффæ райста, уый уыд раст æмæ æмбæлон. Уæдæй фæстæмæ Уæрæсе йæхимæ бæрндзинад райста Хуссар Ирыстоны æдасдзинад хъахъхъæныны ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл.

Мах кæдфæндыдæр стæм уæ фарсмæ, сæйраг у уый, æмæ нын æмбаргæ ахастытæ кæй ис. Уымæн æмæ мах стæм иу адæм, ис нын иу истори æмæ æмхуызон традицитæ. Нæ разы уæрæх перспективæтæ ис, зонæм æй цы хъæуы аразын, цæмæй Хуссар Ирыстон дидинæг кала», – дзырдта ныхасгæнæг.

Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы сæрдар Денис Мирошниченко дæр нæ бæрæгбон банымадта бæрнон æмæ сæрмагонд боныл. Уый сæххæст кодта цытджын мисси æмæ æмбырды хайадисджыты базонгæ кодта бæрæгбоны цытæн Луганскы бæстæйы сæргълæууæг Леонид Пасечникы арфæйы фыстæгимæ.

Мирошниченкойы хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстон цы фæндаг равзæрста, уый уыд иунæг раст фæндаг. Æнамонддзинады рабæрæг вæййы, хæлар дын чи у, уый. Уымæ гæсгæ Луганскы бæстæйы къухдариуæгад æмæ адæмы номæй бузныг загъта, йæ рæстæджы Хуссар Ирыстон цы позици равдыста, уый тыххæй – фыццаг банымадта Луганскы бæстæйы хæдбардзинад. Æмæ уымæй фадат радта бæстæйæн сæ идейæтæ æмæ уæвæг потенциал реализаци кæнынæн.

Æппæт Дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты уæлдæр совет»-ы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазбеджы ныхæстæм гæсгæ, дунейы цаутæм хъус адаргæйæ, ирæтты æнгомдзинад ныртæккæ актуалон у. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон, зæгъгæ, ахъазгæнæг уæд дыууæ Ирыстоны баиу кæнынæн.

Уый сæрыстырæй банысан кодта, ирæттæ сæ æнтыстытæ æмæ уæлахизтæй дунейыл кæй айхъуысын кодтой Ирыстоны ном æмæ кад. Æмæ, зæгъгæ, уадз, уыцы уæлахизтæ æмæ æнтыстытæ фидардæр æмæ фылдæр кæнæт.

«Æмæ уæд æрлæудзæн уыцы рæстæг дæр, æмæ Ирыстоны дыууæ хай æрбаиу уыдзысты», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Хъазбеджы ныхæстæм гæсгæ, ирон культурæ æмæ традициты ‘руаджы Хуссар Ирыстоны къухты зынаргъæй цы хæдбардзинад бафтыд, уый ноджы тыхджындæр кæндзыстæм. Уымæн æмæ Фыдыбæстæйы бирæ хъахъхъæнджытæ сæ цард рауæлдай кодтой бæстæйы суверенитеты сæрыл тохты æмæ республикæйы цæрджыты хæрзиуæгæн.

Бæрæгбоны охыл организацимæ дунейы алы бæстæты цы ирон диаспорæтæ æрбахатыд, уыдон номыл ма арфæйы ныхæстæ загъта Еналдыты Хъазбег. Уыдон дæр сабырад, иудзинад æмæ хæрзвадатдзинады фæндиæгтæ загътой нæ ахсджиаг бæрæгбоны цытæн.

Цытджын мадзалы рæстæджы ма арфæйы ныхæстæ загътой: Донецкы Адæмон республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Сергей Пересадо, Кæсæг-Балхъары республикæйы сæргълæууæг Казбек Коковы номæй – Нациты хъуыддæгты фæдыл министр Куражинов Анзор, Дагъыстаны бæстæйы сæргълæууæг Сергей Меликовы номæй Националон политикæ æмæ религийы хъуыддæгты фæдыл министр Муслимов Ендрик, Хуссар Ирыстоны æхсæнады номæй та арфæйы ныхæстæ загъта Ушаков Сергей.

Мадзалы рæстæджы йæ хайадисджыты базонгæ кодтой, бæрæгбоны цытæн бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Аланы номыл цы арфæйы телтæ æрцыд бирæ бæстæтæй зындгонд политиктæ æмæ бизнесы минæвæрттæй, уыдонимæ.

Бæрæгбонон цытджын æмбырд адарддæр концертон программæйæ. Йæ сæйраг хайадисджытæ уыдысты адæмон инструментты паддзахадон оркестр «Айзæлд», кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд», Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт зарæггæнджытæ Амага Готти, Бекъойты Вано, Сланты Ацæмæз æмæ æндæртæ.

КЪÆБУЛТЫ Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.