Хуссар Ирыстон банысан кодта йæ сæйраг паддзахадон бæрæгбонтæй сæ иу — Республикæйы бон. 1990 азы 20 сентябры Адæмон депутатты советы уынаффæмæ гæсгæ автономон област расидт æрцыд республикæйæ. Ацы аз дæр традицимæ гæсгæ, паддзахадон нысаниуæгджын бон нысан æрцыд уæрæхæй.

Нæ республикæйы сырæзты боны цытæн нæ горæты Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры бæстыхайы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой бæстæйы къухдариуæгад, ацы бæрæгбон расидыны хъуыддагмæ егъау хайбавæрд чи бахаста, уыцы фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæ, нæ бæрæгбон нæ фарсмæ чи æрбалæууыд, уыцы кадджын уазджытæ æфсымæрон республикæтæй — Цæгат Ирыстонæй, Абхазæй, Дагъыстан, Хъӕрӕсе-Черкеси, Цӕцӕн, Приднестровьейæ, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ бæрæгбонон мадзæлттæм кæй фæуазæг сты Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты æмæ Абхазы Республикæйы хæстон архайдтыты ветерантæ. Уыдонæн мадзалы хайадисджытæ æмдзæгъд кодтой къахыл лæугæйæ.

Мадзалы райдианы цытджын уавæры залмæ æрбахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса, айзæлыдысты гимны зæлтæ.

Цытджын æмбырды хæдразмæ мадзалы хайадисджыты рæгъмæ хаст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны бындурæвæрæн историон кадртæ.

Нæ республикæйы сырæзтыл 32 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон цытджын æмбырды Паддзахад Аланийы Президент Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон банысан кодта национ иудзинады, фæлтæрты бастдзинады символ, кæцытæ арæзтой паддзахаддзинад — чи йæ æхсангарзи-мæ хъахъхъæдта, чи та йæ бавæрд хаста æндидзынгæнæн куыстæй.

Бæстæйы сæргълæууæг мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты историимæ — 1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны адæмон депутатты Областон совет кæй райста Хуссар Ирыстоны автономон областæй Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæ саразыны тыххæй уынаффæ. Сыхаг Гуырдзыстон уыцы хъуыддагмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, раппæлинаг ахаст нæ равдыста — Хуссар Ирыстоны йæ историон номæй хонын нал уагътой. Уымæй дарддæр Гуырдзыстоны Уæлдæр Совет иу иннæйы фæдыл иста автономон областы уæвынады юридикон бындуртæ аивыны тыххæй уынаффæтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, раст уыцы рæстæджыты Гуырдзыстоны территорийыл цæрæг ирæттæ æййæфтой репресситæ, уый нæ, фæлæ ма гуырдзиаг неонацисттæ сорганизаци кодтой бирæминон «сабырадон митинг» ауадзын горæт Цхинвалы.

Бæстæйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, уыцы уæззау уавæрты Хуссар Ирыстоны адæм равдыстой фидар удыхъæд, æцæг патриотизм æмæ хиорганизацийы арæхстдзинад. Банысан кодта национ-сæрибаргæнæн змæлд «Адæмон Ныхасы» лидерты, афтæ æхсæнад æмæ фыццаг сæвзæрсты Парламенты депутатон корпусы фæндвидар позицийы руаджы закъонон æгъдауæй нысан кæй æрцыд бæстæйы суверенитет.

Гаглойты Алан дарддæр дзырдта, зæгъгæ, 1992 азы 19 январы цы референдум уагъд æрцыд, уымæй ноджыдæр бафидар кодтам Хуссар Ирыстоны хæдуагæвæрды фæндондзинад. Уый фæстæ 29 майы референдумы руаджы адæмы фæндондзинадыл æнцойгæнгæйæ, Республикæйы Уæлдæр Совет æмхъæлæсæй рахæцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады Акт расидыны фарс æмæ къахдзæфæй-къахдзæфмæ арæзт цыд æмæ фидар кодта паддзахаддзинад.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе стыр æххуыс кодта ирон адæмæн. Ахæм æххуыс æнкъардтам Цæгат Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы æфсымæрон адæмтæй. Уый тыххæй сын бузныджы ныхæстæ загъта йæхи æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй.

Уый банысан кодта, Уæрæсейы æгæрон æххуыс 2008 азы августы хæсты фæстæ æмæ уымæй фæстæмæ дæр кæй ис нæ фарсмæ цардархайды алы фадыджы.

Хуссар Ирыстоны адæмы номæй ноджыдæр бузныджы ныхæстæ загъдæуыд Уæрæсейы Федерацийы адæм æмæ бæстæйы разамынадæн президент Владимир Путины сæргълæудæй.

«Ныртæккæ дæр Уæрæсе Донбассы цæрджыты бартæ кæй хъахъхъæны адæймагады æргъадтæ æмæ сæ зæххыл сабыр царды тыххæй, уым уæхски-уæхск уæрæсейаг хæстонтимæ тох кæнынц ирон лæппутæ. Нæ адæм кæддæриддæр сты æмæ уыдзысты Уæрæсеимæ», — банысан кодта Президент.

Гаглойты Алан банысан кодта, 1990 азæй фæстæмæ нæ паддзахады арæзтады хъазуатон фæндагыл чи слæууыд, уæлахизыл чи нал сæмбæлд, абоны рæсугъд бæрæгбонтæ немæ чи нал нысан кæны, уыдоны хъайтардзинад. Ирыстон, зæгъгæ, хъуыды кæндзæн алкæй хъарутæ æмæ хъæбатырдзинад.

Бæстæйы разамонæг бахатыд цытджын мадзалы хайадисджытæм, сæрибардзинадмæ тохы фæндæгтыл чи фæхъуыд æмæ абон не ’хсæн чи нал ис, уыдоны рухс нæмттæ æмырæй алæугæйæ ссарын.

«Националон мысынады ахæм цытджын бон махæн ис фадæттæ, цæмæй сæрыстырæй банысан кæнæм, кæй нын бантыст æппæт дæр саразын æмæ нæ паддзахад бахъахъхъæнын.

1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстон равзæрста йæ рæзты иунæг раст фæндаг. Уыцы фæндагыл нæ республикæ дарддæр цæудзæн рæсугъд фидæнмæ», — банысан кодта Президент.

Республикæ расидыныл 32 азы сæххæсты цытæн паддзахады разамонæг паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта къорд æмбæстаджы.

Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины арфæйы фыстæг цытджын æмбырды бакаст Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады уынаффæгæнæг Александр Журов.

Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ адæмы номæй арфæйы ныхæстæ ракодта Цæгат Ирыстонæй делегацийы сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы Парламенты раздæры Сæрдар Алексей Мачнев.

Ацы рæсугъд бæрæгбон, зæгъгæ, махæн иумиаг бæрæгбон у. 32 азы кæд бирæ рæстæг нæу, уæддæр арæзт æрцыд бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ, кæм æнтыстытæ уыд, кæм — къуыхцытæ, кæм — уæлахиз, кæм — сабырадон арæзтад æмæ æндидзынад. Ацы азтæ бирæ дæр сты æмæ цъус дæр. Бирæ уымæн æмæ мах уыдтам танктæ, цæстысыгтæ, хæсты пырхæнтæ, æнамонддзинæдтæ. Фæлæ абон у æцæг бæрæгбон, уадз, макуы фенæт фидæны фæлтæртæ хæст, цæстысыгтæ… Уадз æмæ нæлгоймæгтæ уæлахиз кæнæт сабырадон уавæрты, спорты фадыджы, ахуырадон уагдæтты.

Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилины номæй бæрæгбонон арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланæн Донецкы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Наталья Михайлова.

«Рæстæг рацыд, арæзт бирæ æрцыд, æнтыстджынæй рæзы мидæггагон æмæ æддагон политикæ. Дыууæ бæстæйы æхсæн цы дунеон сразыдзинæдтыл къухтæ фыст æрцыд, уыдоны бындурыл фылдæр кæндзысты, рæздзысты æмæ фидардæр кæндзысты нæ хæларадон ахастытæ. Хуссар Ирыстон фыццаг кæй банымадта нæ бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад, уымæн мах стыр аргъ кæнæм, уый нын фæахъаз нæ къахыл слæууынæн, абон знаджы ныхмæ тох кæнынæн æмæ нæ уырыссаг истори, традицитæ æмæ культурæ хъахъхъæнынæн.

Хуссар Ирыстон кæдфæнды дæр ис нæ фарсмæ, ирон хæстонтæ æфсæддон операци æххæст кæныны хъуыддаджы сты фыццаг рæнхъыты, стыр æххуыс цæуы гуманитарон уæзты хуызы», — дзырдта Наталья Михайлова.

Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Леонид Пасечникы арфæйы фыстæг бакаст бæстæйы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Алексей Корякин. Уый банысан кодта, мах, æнамонддзинады рæстæджы дæр æмæ æхсызгон хабæртты дæр, кæй стæм æфсымæртæ. Ныфс бавæрдта ахæм æнгæс бæрæгбон нысан кæнынмæ Луганскмæ, æввахс рæстæджы, кæй фæуазæг уыдзысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дæр.

Дагъыстаны Республикæйы сæргълæууæг, инæлар-булкъон Сергей Меликовы арфæимæ цытджын æмбырды хайадисджыты базонгæ кодта Националон политикæ æмæ дины хъуыддæгты фæдыл министр Эндрик Муслимов. Банысан кодта, сæ бæстæйæн дæр кæй ис Хуссар Ирыстонимæ æнгæс истори. Фæлæ, зæгъгæ, нæ тых иудзинады ис. Хуссарирыстойнаг адæмæн, зæгъгæ, ис фидар, тыхджын æмæ аккаг фидæнмæ тырнынад Уæрæсейы Федерациимæ.

Цæцæны Республикæйы сæргълæууæг, Уæрæсейы хъайтар Рамзан Кадыровы арфæйы фыстæг бакаст Националон политикæ, æддагон бастдзинæдтæ, мыхуыр æмæ информацион фæрæзты фæдыл министр Ахмед Дудаев.

Республикæ расидыны бæрæгбоны цытæн ма бæстæйы разамонæг æмæ адæмæн арфæтæ дзырдтой Хъæрæсе-Черкесскы горæты сæргълæууæг Алексей Баскаевы номæй горæты администрацийы уынаффæгæнæг Стаценко Алексей, Приднестроваг-Молдаваг республикæйы президент Вадим Красносельскийы номæй арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны Приднестроваг республикæйы официалон минæварады сæргълæууæг Плиты Алан, Абхазы Республикæйы президент Владислав Ардзинбайы номæй Абхазы юстицийы министр Барциц Андрей. Уыдон бæстæйы разамынад ӕмӕ цӕрджытӕн загътой иууыл хуыздӕр бæрæгбонон фӕндиӕгтӕ.

Бæрæгбонон цытджын æмбырд адарддæр концертон программæйæ. Сценæйыл нæртон симд æрсимдтой паддзахадон ансамль «Симд». Оркестр айзæлд æмæ хицæн зарæггæнджытæ æвдыстой сæ арæхстдзинад сценæйыл.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.