Цалдæр æвзонг ирон лæппуйы гуырдзыйы бирæминон гæрзифтонг «сабырадон митинг» аразджыты ныхмæ ‘рлæууыдысты 1989 азы 23 ноябры. Уæдæй райдыдта Хуссар Ирыстоны ног историйы азфыссынад. Уæд гуырдзыйы агрессорты ныхмæ цы хъæбатыр, ныфсхаст æмæ фыдыбæстæйыл æнувыд афтидарм лæппутæ ‘рлæууыд, уыдоны нæ адæм схуыдтой националон хъайтартæ, уымæн æмæ слæууыдысты æгъатыр мæлæты ныхмæ… Уыцы бонты райгуырд сæрибардзинады сæрыл тох, уыцы бонты чысыл Ирыстоны адæм – стырæй чысылæй иудзинады æнкъарæнтимæ, тæссагдзинад æмæ æнæууæнкдзинад иуварс аппаргæйæ, слæууыдысты мæнгард знаджы ныхмæ. Æмæ уæд – сгуыхтдзинадæй  райдыдта нæ хæдбардзинады сæрыл тох дæргъвæтин азты.

Æрвылаз дæр ацы бон нæ республикæйы нысан цæуы мысæн мадзæлттæй, уыцы бон мысæм нæ бæстæйы хъæбатыр, фæндвидар лæппуты, чызджыты, хисдæрты æмæ уал азы хæстон æмæ хæццæ дуджы, уазал рæстæг æмæ цæрынæн æнæмæнгхъæуæг кадавар фæрæзты руаджы сæрибар рæстæгмæ чи æрхæццæ, æппæт уыдоны.

Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады цытæн æхсæнады цытджын æмбырдмæ æрбацыдысты бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Пухаты Эрик æмæ Тадтаты Алан, хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæвар Марат Кулахметов, Хуссар Ирыстонæй Абхаз æмæ Приднестровьейы официалон минæвæрттæ.

Президент Бибылты Анатолийы раныхас бæрæгбоны цытæн

Бибылты Анатоли йæ раныхасы æрдзырдта ацы бæрæгбоны историйы райдианыл, банысан кодта, Гуырдзыстон йæ сепаратистон плæнттæ реализаци кæныны нысанæн кæй архайдта Хуссар Ирыстоны тыхæй байсыныл. 23 ноябры Сыгъдæг Уастырджийы бонтæ куы нысан кодта Ирыстон, уæд гуырдзиаг националисттæ афтæхуыйнæг «сабырадон митинг» уадзыны ныса-нæн æрбафсæрстой нæ горæтмæ. Сæ нысан уыд, нæ адæмы фæтæрсын кæнын, цæмæй ирон адæм сæ националон бартыл хъуыды дæр ма кодтаиккой.

Гуырдзиаг стæр урæд æрцыд Згъудеры дзуарæй цалдæр метры дæрддзæгæн. Гуырдзиæгтæ не ‘мбæрстой, сыгъдæг зæд хæстон æххуысмæ кæй фæзыны, рæстаг хъуыддаджы йæм æххуысмæ чи сиды, уыдонмæ. Уастырджи уыд йæ адæмимæ, йæ Фыдыбæстæ, йæ адæмы æнæхонгæ уазджытæй хъахъхъæнынмæ чи сыстад, уыдонимæ.

«Дæргъвæтин æмæ уæззау, амæттæгтæ æмæ хъизæмæрттæй йемыдзаг уыд Хуссар Ирыстоны уæлахиз Фыдыбæстæйон хæсты, кæцыйæн йæ кæрон уыд 26 августы 2008 азы Уæрæсейы Федераци нын нæ паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уæд», – банысан кодта Президент. 

Йæ ныхæстæм гæсгæ 1989 азы 23 ноябры уыцы нысаниуæгджын бон цы сгуыхтдзинад арæзт æрцыд, уый кæддæриддæр уыдзæн лæгдзинад, фидардзинад æмæ Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинады ирд æвдисæн. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон сæрыстыр у йæ хъайтар фырттæй, кæцытæ нæ фæцудыдтой, фæстæ нæ фæлæууыдысты, фæлæ ноджыдæр бафидар кодтой, сæ фыдæлты кады аккаг кæй сты, уый. Уыцы нысаниуæгджын бон, зæгъгæ, дунейæн фенын кодтам, иу хъуыдыйыл хæст кæй стæм, лæгдзинадæй æххæст æмæ тасдзинад кæй не ‘нкъарæм æмæ кæронмæ нæ Фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæрыл тох кæнынмæ цæттæ кæй стæм. Æмæ ноджыдæр ахæм адæм стæм, кæцыйы ничи ацъæл кæндзæн æмæ йæ йæ зонгуытыл ничи ‘рлæууын кæндзæн.  

 «Уадз æмæ Ирыстоны зæххыл æлдариуæг кæнæд сабырад æмæ разыдзинад, уадз æмæ немæ кæддæриддæр æмдзу кæнæд нæ фыдæлты фарн æмæ лæгдзинад», – банысан кодта Президент.

Президент Бибылты Анатоли йæ официалон раныхасы фæстæ ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, алы историон рæстæджы дæр разыны ахæм адæм, кæцытæй мах вæййæм сæрыстыр сæ хъайтардзинадæй, сæ фидардзинадæй æмæ  сæ адæмуарзондзинадæй. 1921 азты æмæ уый размæ дæр уыдис ахæм хъайтартæ, куыд Санахъоты Мате, Айдарты Знауыр æмæ æндæртæ. Уыдон слæууыдысты сæ адæмы сæрибардзинады сæрыл, æрæмбырд кодтой сæ алыварс сæхи хуызæн патриотты, цæмæй бахъахъхъæной Ирыстоны, сæ адæмы цæгъдын ма бауадзой, цæмæй Ирыстоны сомбон рæсугъд уа. Рæстæг рацыд, æмæ 90-æм азты дæр фæзынд ног Мате æмæ Знауыры æмсæр лæппутæ. Уыдон уыдысты Хуыбылты Валери, Джиоты Алан, Гæззаты Вадим – слæууыдысты ногæй сæ адæмы сæргъ æмæ загътой: «Ирыстоны хъайтартæ удæгас сты, Ирыстоны хъайтартæ алыхатт дæр уыдзысты æмæ Ирыстоны кад дæлæмæ никуы руадздзыстæм».

Æмæ та стыр хъæбатырдзинад равдыстой 1989 азы. Уыцы адæммæ ничи хъæр кодта, ничи сæм сидт, фæлæ сæ къухтæ кæрæдзимæ радтой æмæ загътой, цæгъдынмæ нæм чи æрбацыд, уыдонæн мах нæ ратдзыстæм фæндаг, нæ сын ратдзыстæм фадат, сæ сау хъуыдытæ царды биноныг кæнынæн. Уыцы хъайтардзинады дæнцæг фæзмгæйæ мах хæсджын стæм, нæ сомбонæн хъуамæ аккагфæлтæр хъомыл кæнæм. Æмæ уыцы хъайтардзинадæй не знæгты онджы хъуамæ уа тас, цæмæй махырдæм кæсгæ дæр ма æрбакæной æмæ сæхи фæнд ма кæной.

«Æз абон сидын нæ нывгæнджытæм, цæмæй горæтмæ æрбахизæны цы мысæн дур æвæрд ис, уый æрмæст дур мауал уа, фæлæ дзы саразæм æцæг цыртдзæвæн, кæцы уыдзæнис мин азтæм æмæ йæм фæлтæртæ цæудзысты кад æмæ æгъдау кæнынмæ, нæ бæстæйы сæрибардзинады сæрыл чи фæмард, уыдон ном арыны нысанæн.

Ацы цауыл 35 азы куы сæххæст уа, цæмæй уыцы рæстæгмæ махæн уыцы бынаты хъуамæ уа цыртдзæвæн нæ фæсивæды, ирон адæмы хъайтардзинад æвдисынæн», – дзырдта Президент.

Уый бахатыд æмбæлон министрадтæм, ацы хъуыддагмæ куыд фæндыйы цæстæй ма кæсой, цæмæй бацархайой æмæ нæ фæсивæды кад дæлæмæ ма ауадзæм, фæлæ йæ ноджыдæр бæрзонд сисæм нæ тырысайау.

Хорзæхтæ бæрæгбоны цытæн

Мадзалы рæстæджы Хæлардзинады Орденæй Президент схорзæхджын кодта Мæхъиты Тамазы. Абон, зæгъгæ, мах уыцы азты цы историон факттæн стæм æвдисæн, уыцы къамты автор у ацы хорз адæймаг. Уыцы нывтæй пайда цæуы социалон хызæгты, чингуыты. Уыцы къамты руаджы æвдыст сты уæды цаутæ.

Дарддæр ма Президенты къухæй майдантæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн» райстой къорд æмбæстаджы, кæцытæй алчидæр йæхирдыгонау йæ хайбавæрд бахаста 1989 азæй суанг 2008 азмæ Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл тохы хъуыддагмæ.

Бибылты Анатоли ноджыдæр æрсидт кæрæдзиæмбарынадмæ, æнгомдæр ахастытæм, уымæн æмæ нæ бæстæйы уæвæг амбициозон плæнттæ хъуамæ бæстон кæнæм æмдыхæй. Ныртæккæ ахæм рæстæг у, æмæ хицæн адæймæгты амбицитæ паддзахадон амбицитæй уæлдæр ма хъуамæ уой. Æмæ ахæм бон адæмы иудзинады æмæ лæгдзинады бон – адæмы æмæ нæ бæстæйы проблемæтæ хъуамæ бæстон кæнæм иумæ.

Бæрæгбонон мадзал адарддæр хиирхæфсæн концертон программæйæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.