Президент Бибылты Анатоли инвалидон коляскæтæ балæвар кодта Гуыцмæзты Дмитри æмæ Кокойты Амыранæн, кæцытæ бахатыдысты паддзахады сæргълæууæгмæ, цæмæй сын баххуыс кæна сæ самал кæныны хъуыддаджы.

Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Гуыцмæзты Дмитрийы бинонты, кæцы аивгъуыйгæ азы январы мæйы бахауд автомобилон катастрофæйы. Президент ын балæвар кодта электронон инвалидон коляскæ, афтæ ма йын ныфс бавæрдта, йе ‘нæниздзинад сæндидзыны тыххæй йын æнæ-мæнгхъæуæг æххуыс кæй бакæндзæн.

Банысан кæнын хъæуы, нæлгоймаг реабилитаци кæй рацыд Республикон медицинон бирæпрофилон центры стационары, фæлæ абоны бон уый не сты йæ уатæй. Йæ цардæмбал Тъехты Зинæйы ныхæстæм гæсгæ, уый æнæмæнгæй хъæуы Бесланмæ акæнын, цыран ын дарддæр бакæндзысты квалификацион æххуыс.

Ноджы ма иу коляскæ Бибылты Анатоли балæвар кодта Кокойты Амыранæн, кæцы рынчын у æндзыгнизæй. Амыраны мад бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн, се ‘нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм адæммæ йæ хъусдарды тыххæй.

Дыууæ коляскæ дæр æлхæд æрцыдысты Хæрзаудæн фонд «Аланийы иудзинад»-ы æхцайы фæрæзтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.