РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли радон хатт йæхимæ райста республикæйы æмбæстæгты. Уыдон раздæр алыгъуызон фарстытимæ æмæ куырди-æттимæ паддзахады сæргълæууæджы номæй бахатыдысты Президенты Æхсæнадон химæисæнмæ.

Фыццаг кæй райста Бибылты Анатоли, уыдонæй сæ иу уыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Уанеты Зауыр, кæцы йæм бахатыд цæрæнуатон фарсты фæдыл. Куырдиаты хицауы ныхæстæмæ гæсгæ, уый бирæ азты дæргъы цæры, документтæ кæмæн нæй, ахæм бæстыхайы, раздæры коллонийы территорийыл, Цхинвалы администрацийы та цæрæнуат райсынмæ хыгъды лæууы 20 азы дæргъы æмæ у радылæуджыты номхыгъды фыццаг.

Президент  ныфс бавæрдта, æввахс рæстæджы скъуыддзаг кæй æрцæудзæн Уанеты Зауыры проблемæ, æмæ йын лæвæрд   æрцæудзæн цæрæнуат.

Ахæм фарстимæ паддзахады сæргълæууæгмæ бахатыд Уанеты Ленæ дæр, Джиоты Аланы (Парпаты мад). Уый банысан кодта, зæгъгæ, ныр цалдæр азы республикæйы разамынадæй куры, цæмæй йын рахицæн кæной цæрæнуат.

Кокойты Людмилæйæн ис дыууадæсаздзыд сывæллон, кæцы рынчын у сывæллæтты церебралон æндзыгнизæй. Уый паддзахады сæргълæууæгмæ бахатыд, йæ сывæллонæн инвалидон коляскæ самал кæныны фарсты фæдыл.

«Раздæр ын инвалидон коляскæ уыд, уый самал кæнынæн дæр нын баххуыс кодтай ды æмæ дæ уый тыххæй стыр бузныг стæм. Ныртæккæ сывæллон байрæзт æмæ йын цæмæй ног коляскæ балхæнæм, уый тыххæй йæ хъæуы республикæйæн æддæмæ акæнын. Махмæ та уыцы фæрæзтæ не сты», – загъта уый.

Кокойты Людмилæ ма загъта, йæхицæн дæр кæй хъæуы операци йæ къахыл æмæ йæм бахатыд, цæмæй йын ацы фарсты дæр баххуыс кæна.

Президент ацы фарст уайтагъд аскъуыддзаг кодта, æмбæлон барамынд радта, цæмæй коляскæ самал кæныны тыххæй сывæллон аконд æрцæуа республикæйæн æддæмæ æмæ Людмилæ та æрвыст æрцæуа операци кæнынмæ.

Бибылты Анатолимæ бахатыд Нагутнийы хъæуы донæй хосгæнæн «Ныфс»-ы директор Чилæхсаты Владимир, кæцы Президентæн радзырдта хосгæнæны проблемæты тыххæй.

«Хосгæнæндон цæмæй гъæдджынæй куса, уый тыххæй йæм хъæуы электрохахх бауадзын æмæ дыууæ километры дæргъæн фæндагыл хуыр ныккалын. Афтæ ма нын проблемæ у мобилон бастдзинад дæр», – загъта Чилæхсайы фырт.

Президент радта æмбæлон барамындтæ, афтæ ма бахæс кодта, цæмæй баныхас кæной æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-ы директор Роман Коврыгаимæ æмæ скъуыддзаг æрцæуой мобилон бастдзинад сифтонг  кæныны фарстытæ.

«Хосгæнæндоны хъæуы сифтонг кæнын электро-энергийæ дæр æмæ бастдзинадæй дæр, цæмæй ног сезонмæ проблемæтæ мауал уа. Апрель-майы æп-пæтдæр хъуамæ арæзт æрцæуа», – æрдомдта Президент.

Арæнты сæрты хизыны фарстимæ паддзахады сæргълæууæгмæ бахатыдысты Зардиаты хъæуы цæрджытæ, кæцытæн сæ хæдзæрттæ æмæ зæххы фадгуыты адих кодта паддзахадон арæн. Бибылты Анатоли бахæс кодта Цхинвалы районы сæргълæууæг Плиты Аланæн, цæмæй сбæлвырд кæной, зæххы фадгуытæ хæдзæртты арæзтадæн арæны мидæгæй.

«Æнæмæнгхъæуæг у æмбæлон программæ бакусын æмæ не ‘мбæстæгты цæрæнуатæй сифтонг кæнæм. Фæлæ, уыдон уыдзысты уыцы æмбæстæгтæ, кæцытæ цæрынц хъæуы æмæ сын реалонæй ис ацы проблемæ», – загъта Президент.

Цæрæнуатон фарстимæ ма бахатыдысты Президентмæ, Цхинвал-Ленингоры фæндаджы арæзтады рæстæджы сæ хæдзæртты кæмæн систой, кæнæ кæмæн разиан кодтой, уыдоны цæрджытæ дæр.

Музаты Тамазы бинонтæ фæндагарæзтады фæстиуæгæн баззадысты æнæ хæдзарæй æмæ ныртæккæ цæрынц Ленингоры поселочы фидгæ фатеры.

Президент радзырдта, зæгъгæ, раздæр бахæс кодта Ленингоры районы сæргълæууæгæн, цæмæй инвентаризаци ауадза цæрæнуатон фондæн. Уый баныфсæвæрдта, зæгъгæ, Музаты бинонтæн лæвæрд æрцæудзæн поселочы, ныртæккæ афтид чи сты, уыцы коммуналон фатертæй сæ иу.

Куыстæй сифтонг кæныны фарстимæ паддзахады сæргълæууæгмæ бахатыл Лолаты Владимир, кæцыйы пенсийы арвыстой сæйраг ветеринарон дохтыры бынатæй. Бибылты Анатоли Хъæууон хæдзарады министрæн бахæс кодта, цæмæй сахуыр кæна фарст æмæ куы бахъæуа, уæд куыстæй сифтонг кæна ветеринарон дохтыр Лолаты Владимиры.

«Кæд нæм нæй ветеринарон дохтыр, уæд нысаниуæг нæй, уый пенсион кары ис æви нæ, уымæн. Кæд æмæ професи хъæуæг у, кæд æмæ министрадæн пайда у специалисты фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ, уæд æй сифтонг кæнут куыстæй», – бацамыдта Бибылты Анатоли.

Президентмæ алыгъуызон фарстытимæ ацы бон бахатыдысты цыппор æмбæстаджы бæрц.

Президенты Æхсæнадон химæисæнмæ чи бахатынц, уыцы æмбæстæгты химæрайст вæййы мæй дыууæ хатты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.