Æрæджы инвалидты хъахъхъæныны дунеон боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Цхинвалы цалдæр бинонты, кæцытæ  йæм бахатыдысты инвалидон коляскæтæ балхæнынæн сын баххуыс кæныны  тыххæй.

Инвалидон коляскæ электрон змæлынгæнæнимæ Бибылты Анатоли радта Суворовы уынджы цæрæг 13-аздзыд Хъæцмæзты Сандрæйæн, Альцгеймеры синдромимæ сывæллæтты æндзыг низæй рынчынæн. Сандрæйы мад бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн æмæ банысан кодта, уый кæй у фыццаг ахæм лæвар йæ чызгæн, æмæ йын ныр фадат уыдзæн тезгъо кæнынæн.

Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Гæззаты Симæйы дæр, кæцы цæры Цхинвалы Сталины уынджы.

«8 мæйы дæргъы æз æддæмæ нæ хизын. Цалдæр азы тох кæнын оннологийы ныхмæ. Ныр та дæн уатон, мæ къæхтыл нæ лæууын. Бузныг дын, Анатоли Ильяйы фырт, кæй мæ бамбæрстай æмæ мын мæ куырдиатмæ дæ хъус кæй æрдардтай», – загъта уый.

Президент ма бабæрæг кодта 1-аг къорды инвалид Æлборты Сосланы, кæцы цæры Консерваразæн заводы поселочы. Уый размæ Æлборты Сослан æнтыстджынæй архайдта спорты, фæлæ аварийы фæстæ уымæн йæ къæхтæ нал кусынц.

Паддзахады сæргълæууæг Сосланæн балæвар кодта инвалидон коляскæ, афтæ ма бæрнон адæмæн бахæс кодта, цæмæй фатеры сæвæрой  хъæуæг спортивон инвентарь, цæмæй йын фадат уа физикон æгъдауæй йæхи сæндидзын кæнынæн.

Коляскæтæ æлхæд æрцыдысты хæрзаудæн фонд «Иугонд Алани»-йы æхцайы фæрæзтæй, йæ иунæг бындурæвæрæг у Бибылты Анатоли.

Уый ныфс бавæрдта, æххуысхъуаг бинонтæн   дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзысты, уымæй.

«Афтæ рауад æмæ абон, Инвалидты дунеон боны, мах бабæрæг кодтам уыцы инвалидты, кæцытæ махмæ бахатыдысты, цæмæй сын ин-валидон коляскæтæ балхæныны хъуыддаджы баххуыс кæнæм.

Мах дарддæр дæр æххуыс кæндзыстæм ахæм æмбæстæгтæн.  Уыдонæн хъæуы алыварсонæй æххуыс кæнын», – загъта Президент.

Инвалидты дунеон бон снысан кодта Иугонд Нациты Организацийы Генералон ассамблей 1992 азы 14 октябры æмæ нысан цæуы æрвылаз дæр 3 декабры. Уый нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны ахæм адæймæгты проблемæты, цæмæй уыдон социалон æгъдауæй хъахъхъæд цæуой æмæ сын уа  æхсæнады æндæр уæнгтимæ æмхуызон фадæттæ.

РХИ-йы Президенты æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.