Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фондзаздзыд Хъотайты Георгийæн балæвар кодта инвалидон коляскæ. Уый рынчын у сывæллæтты церебралон æндзыгнизæй. Хъотайты бинонты паддзахады сæргълæууæг бабæрæг кодта горæт Цхинвалы, Гафезы уынджы сæ фатеры æмæ бацымыдис кодта, сывæллонæн йе ‘нæниздзинад куыд у, уымæй.

Георгийы ныййарджытæ бахатыдысты Президентмæ марты райдианы ахæм курдиатимæ, цæмæй сын инвалидон коляскæ балхæныны хъуыддаджы баххуыс кæна. Коляскæ æлхæд æрцыд æрæджы, Хуссар Ирыстоны цы хæрзаудæн фонд «Аланийы иудзинад» арæзт æрцыд, уый  фæрæзтæй.

«Анатоли Ильяйы фырт, стыр бузныг де ‘ххуысы тыххæй. Георгийы зæронд коляскæ уыд æвзæр уавæры, æмæ йæ мах нæ къухты рахæсс-бахæсс кодтам», – загъта Георгийы мад Гаглойты Иннæ.

Бибылты Анатоли, сывæллонимæ æмæ йæ хиуæттимæ аныхас кæнгæйæ, чысыл Георгийæн йæ цæст бауарзта æнæниздзинад æмæ царды хæрзиуджытæ.

«Тыхсгæ ма кæнут, мах уын дарддæр дæр æххуыс кæндзыстæм», – загъта Президент.

Банысан кæнын хъæуы, хæрзаудæн фонд «Аланийы иудзинад»-ы иунæг бындурæвæрæг у Бибылты Анатоли. Фонды исады сæйраг аразджытæ сты фонды бындурæвæрæджы фиддонтæ, хæрзаудæн æххуыстæ, гранттæ æмæ бархионты кусджыты архайд.

Фонд баххуыс кодта 40-æй фылдæр æмбæстагæн æмæ организацийæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.