РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли балæвар кодта инвалидон коляскæтæ Хуссар Ирыстоны цалдæр цæрæгæн, кæцытæ йæм бахатыдысты, уыдон балхæныны хъуыддаджы сын бахуыс кæныны тыххæй.

Паддзахады сæргълæууæг бабæрæг кодта Бестауты Ингæйы бинонты, кæцыйæн йæ чызджы хъуыд æххуыс инвалидон коляскæ балхæнынæн.

Бибылты Анатоли ма тезгъогæнæн коляскæ электрозмæлынгæнæнимæ радта Коцты Эммæйæн, кæцыйыл сæххæст 18 азы.

«Ды тыхджын чызг дæ, æмæ, уадз, дæ тыхтæ макуы раихсийæд. Ныр дæуæн фадат уыдзæн дæ ног коляскæйыл уынгмæ рахизын, де ‘мбæлттимæ дæхи ирхæфсын», – загъта Президент.

Уый ма коляскæ балæвар кодта Санахъоты Агуындæйæн, кæцыйыл сæххæст 22 азы, афтæ ма Джимшер Башилидзе æмæ Тъбеты хъæуы цæрæг Хуыбиаты Арешойæн.

Хуыбиайы фырты тыххæй ма Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй йын раивой хæдзармæ бахизæны дуар, цæмæй коляскæйыл æнæкъуылымпыйæ йæ къæсæрыл хиза.

Коляскæтæ æлхæд æрцыдысты Бибылты Анатолийы хæрзаудæн фонд «Аланийы иудзинад»-ы фæрæзтæй. Фонды исады сæйраг аразджытæ сты йæ бындурæвæрджыты фиддонтæ, хæрзаудæн бафыстытæ, гранттæ æмæ бархионты куыст.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.