3 сентябры, горæт Беслæны 2004 азы теракты амæттæгты рухс нæмттæ æрымысыны тыххæй Цæгат Кавказы республикæтæ æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæй бирæнымæц уазджыты ‘хсæн уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци дæр, кæцыйы сконды уыдысты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, депутаттæ æмæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ.

Траурон мадзæлттæ райдыдтой Беслæны фыццæгæм скъолайы æмæ фесты мемориалон комплекс «Зæдты горæт»-ы, цыран ныгæд æрцыдысты террористты къухæй фæмардуæвæг сывæллæттæ, сæ ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ, тыхон структурæты кусджытæ.

Растдæр 13 сахат æмæ 5 минутыл, Беслæны фыццæгæм скъолайы 2004 азы фыццаг срæмыгъд куы айзæлыд, уæд æмыр сабырдзинады анæрыдысты дзæнгæрæджы дыууæ цæфы. Фыдохы музыкæ зæлыдис, сæ сæртæ чи æруагътой, уыцы мингай æрæмбырдуæвджыты сæрмæ. Теракты амæттæгты хуызистытимæ адæм сабыргай цыдысты Хъынцъымы Бæласмæ, цыран сын бакастысты сæ нæмттæ, уæлдæфмæ та суагътой 334 тымбылæджы – трагедийы амæттæгтæ цал уыдысты, уыйбæрц.

Метрономы зæлты бын æрæмбырдуæвджытæ дидинджытæ сæвæрдтой цыртдзæ-вæныл æмæ фæмардуæвджыты ингæнтыл.

«Абон, Беслæны трагедийыл 14 азы сæххæсты бон, кæцы ссис æгæрон хъынцъымы символ, мах стæм не ‘фсымæртимæ, Беслæны æмæ æппæт Цæгат Ирыстоны цæрджытимæ иумæ, цæмæй æрымысæм æнæаххосæй фæмардуæвджыты рухс нæмттæ. Зæдты горæт махмæ кæсы æнусон æмыр азымимæ æмæ махæн, ныры цæрджытæн, нæ зæрдыл лæууын кæны, цæмæй ахæм трагедитæ фæлхатт макуыуал æрцæуой кæмфæнды  æмæ кæдфæнды дæр, афтæ ма цæмæй ахæм æлгъаг фæзынды ныхмæ, куыд терроризм, мах иууылдæр æрбаиу уæм æмæ тох кæнæм кæронмæ», – загъта фыдохы мадзалы рæстæджы Пухаты Эрик.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.