Фыццæгæм сентябрь 2004-æм азæй фæстæмæ ирон адæмæн, дыууæ Ирыстоны дæр æрмæст Зонындзинæдты бон нæу, фæлæ ма стыр æмæ хъыджы бон дæр. Уæд æрцыд, дунейыл æвиппайды чи айхъуыст, ахæм цыфыддæр теракт. Уæд бакодтой адæймагады цыфыддæр знæгтæ сæ радон, уæды онг адæймагады уæвынады чи никуыма æрцыд, ахæм æбуалгъ хъуыддаг. Тугмондаг æнæадæймæгтæ 2004-æм азы 1-æм сентябры райсомы 9 сахат æмæ 30 минутмæ æввахс бацахстой горæт Беслæны 1-æм скъола æмæ æртæ боны дæргъы ам дардтой амынæтты. Теракты фæстиуæгæн бабын сты 334 æнæаххос цардбæллон адæймаджы, уыдон фылдæрбæрцæй уыдысты ахуыргæнинæгтæ. Ацы диссаг дунейы растхъуыдыгæнæг адæмы зæрдæтæ нынкъуысын кодта æмæ Ирыстон та уыд фыдохы. Ныр рацыд цыппæрдæс азы, фæлæ уыцы теракты чи бахауд æмæ сæрæгасæй чи раивæрзт æмæ се ’ввахс адæмы скъолайы чи фесæфта, уыдонæн сæ зæрдæты хъæдгæмттæ риссагæй баззадысты æмæ сын, æвæццæгæн, никуыдæр байгас уыдзысты, стæй канд уыдоны нæ, фæлæ судзгæ рыстæй рисдзæн Ирыстон æнустæм.

Сентябры мæйы фыццаг æртæ боны фыдохы бонтыл нымад кæй цæуынц, уый тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны ног ахуыры аз хаст æрцыд 5-æм сентябрмæ. Знон та, 3-æм сентябры, фыдохы боны, республикæйы цæрджытæ ардтой Беслæны æрцæугæ теракты амæттæгты рухс нæмттæ. Цхинвалы Мады Майрæмы аргъуаны фæзуаты дæр,  сæ къухты дидинджытæ, афтæмæй æмбырд кодтой адæм. Разæй скъоладзау фæсивæд лæууыдысты терроризмы ныхмæ фыст плакаттимæ, зæххыл та æвæрд уыдысты сывæллæтты хъазæнтæ æмæ нуазыны дон.

Мысæн мадзал байгом ис фыдохы æмдзæвгæ æмæ музыкæйы зæлтæй æмæ ноджы тынгдæр агайдтой хъынцъымгæнæг адæ-мы зæрдæтæ. Æрæмбырдуæвджытæ æрхæндæгæй, зæрдæрисгæйæ хъынцъым кодтой Беслæны трагедийы амæттæгтыл æмæ та-иу асæрфтой сæ цæссыгтæ. Скъоладзау фæсивæд традицимæ гæсгæ арвмæ суагътой 334 урс тымбылæджы. Адæм сындæг цы-дысты æмæ дидинджытæ æвæрд-той аргъуаны хъынцъымгæнæг зæды цырты раз. Хъыджы мадзал кæд уагъд цыдис æнæраныхасæй, æнæдзургæйæ, уæддæр адæм уымæй равдыстой сæ зæрдæты маст æмæ хъæрзт.

Фыдохы мысæн мадзалы кæрон ма хайадисджытæ Беслæны теракты амæттæгты рухс нæмттæ арыны тыххæй аргъуыны сыгътой цырæгътæ, кæрæдзийы зæрдыл æрлæууын кодтой, чи дзы цы зыдта, цы фехъуыста, уыцы цаутæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.