Хуссар Ирыстоны рауагъдонтæн æрвылаз дæр фадат ис Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм коммерцион бындурыл ахуыр кæнынмæ ацæуынæн. Уыцы паддзахадон закъаз аразы æрвылаз дæр хицауад, цы специалистты хъуагдзинад æййафы, уыдоны фæдыл. Ацы темæйы тыххæй лæмбынæгдæр базонгæ кæныны нысанæн Спутник-Хуссар Ирыстоны фæзуаты пресс-конференцийы радзырдтой Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минæварады къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов æмæ РХИ-йы Ахуырады министрады минæвар Плиты Азæ.

Сергей Скворцов куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы аз дæр хуссарирыстойнаг абитуриенттæн уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæм Россотрудничествойы хаххыл æрæрвитдзысты лимиттæ. Фарон азимæ абаргæйæ уыдон ацы аз къаддæр нæ уыдзысты. Æрвылаз дæр Уæрæсейы Федераци æндæр бæстæты абитуриенттæн уæлдæр ахуыргæнæндæттæм рахицæн кæны 15 мины бæрц бынæттæ. Ивгъуыд аз уыдонæй Хуссар Ирыстонæн хицæн æрцыд 18 бынаты. Кæй зæгъын æй хъæуы, фароны азимæ абаргæйæ ацы аз уыцы бынæтты нымæц къаддæр нæ уыдзæн.

Скворцовы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадимæ æмразы кæнынц, цы дæсныйæдты фæдыл хъæуы лимиттæ æрæрвитын, уыцы хъуыддаг. Мах, зæгъгæ, бахатæм, цæмæй нæм æрбавдисой, Хуссар Ирыстонæн æввахс цыппар-фондз азмæ цы специалисттæ хъæуы, уыдоны номхыгъд. Ныртæккæ уыцы номхыгъд æмразы кæнынмæ ис Уæрæсейы Федерацийы Ахуырады министрады. Уый фæстæ уыцы информаци мыхуыр æрцæудзæн Россотрудничествойы сайтыл.

Россотрудничествойы минæвар ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты цы дæсныйæдтæ райсæн ис, уыцы здæхты Уæрæсейæ æххæстбæрцæй иуварс цæуынц лимиттæ. Уымæн æмæ ам бынаты иттæг хорз фадæттæ æмæ уавæртæ ис, æмбæлон ахуырад райсынæн.

Сергей Скворцов бахатыд иуæндæсæм къласы ахуыргæнинæгтæм, Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæныны фæнд кæмæ ис, уыдонмæ, цæмæй сæ хъус дарой Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы сайтмæ æмæ хъæуæг професси равзарыны фæстæ рæстæгыл байдзаг кæной куырдиæттæ. Уыцы куырдиæттæ ист цæудзысты ацы мæйы кæронмæ.

 Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрады Ахуырад æмæ зонады æмæ профессионалон ахуырады хайады сæргълæууæг Плиты Азæ дзырдта, хуссарирыстойнаг рауагъдонтæн 2003 азæй фæстæмæ фадат кæй ис бюджеты бындурыл Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуырад райсынæн лимитты руаджы. Ацы хæрзиуæгон куыстмæ Россотрудничество æрбаиу 2013 азы. Уæдмæ ацы хъуыддаджы архайдта Ахуырады министрад. Уæды рæстæджы иу мин адæймаджы бæрц ацыдысты ахуыр кæнынмæ Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм.

УФ-йы уæлдæр ахуыргæнæндæтты бюджетон бынæттæ æрдомыны фæдыл ныхасгæнæг банысан кодта, ацы фарстытæ кæй бæстон кæны Ахуырады министрад йæхæдæг, лимиттæ комкоммæ æрвыст кæдæм нæ цæуынц, уыцы æндæр министрадтæ æмæ уагдæтты домæнмæ гæсгæ. Комкоммæ æрвыст цæуынц тыхон структурæтæм – Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты, Уæлвæткон уавæрты æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадтæм, Паддзахадон Æдасдзинады комитетмæ.

Æрвылаз дæр Ахуырады министрад æмбырд кæны министрадтæй фыстæджытæ, æмæ уыдон бындурыл арæзт цæуы хатдзæгтæ бæрæг специалистты хъуагдзинад æмæ куыстæй куыд ифтонг цæудзысты, уыцы фæндæттæ. Æмæ ахæм куысты бындурыл цæттæ цæуы хъæуæг здæхтыты номхыгъд.

Ахуырады министрады минæвар ма радзырдта Уæрæсейы Федерацийы руаджы студенттæн фадат кæй ис дыууæ æмвæзадыл ахуырад райсынæн – бакалавриат чи фæцис, уымæн фадат ис æмæ ахуырад райса магистратурæйы дæр.

Æрвылаз дæр Мидхъуыддæгты министрады хаххыл Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæныны фадат вæййы 22 адæймагæн, Хъахъхъæнынады министрады хаххыл 90 -100 абитуриентæн. Уымæй дарддæр ма Ахуырады министрад баныхас кæны уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ æмæ хуссарирыстойнаг сывæллæттæн фадат вæййы, цы дæсныйад райсын æй фæнды, уыцы бынатмæ ацæуынæн æмæ конкурс дæр уагъд фæцæуы, æрмæстдæр, хуссарирыстойнаг абитуриентты ‘хсæн. Ацы хъуыддаг лæмбынæгдæр бамбарынæн Плиты Азæ дæнцæгæн æрхаста Цæгат-Кавказы хæххон-металлургон университеты. 2012 азæй фæстæмæ æрвылаз дæр хуссарирыстойнаг абитуриенттæн фадат ис уырдæм бацæуынæн, Уæрæсейы æмбæстагдзинад æвдисæн документ дæм кæд ис, уæд.

Уый ма куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг абитуриенттæн сæ бон у æмæ иунæг паддзахадон экзамен (ЕГЭ) радтыны фæстæ уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуын. Уыцы фæндон кæмæ ис, уыдон та куырдиæттæ хъуамæ æрбахæссой Ахуырады министрадмæ ацы мæйы кæронмæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.