Æддагон развæдсгæрсты службæйы сæргълæууæг Уарзиаты Алексей радта 2019 азы службæйы архайды фæдыл хыгъд. Коллегийы рабадты ма бæрæг æрцыдысты 2020 азы службæйы хæстæ æмæ рæзты приоритетон здæхтытæ.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта Æддагон развæдсгæрсты службæйы кусджытæн, æмæ банысан кодта уыдонæн сæ куысты бæрндзинад, республикæйы оперативон уавæр æмæ регионы цаутæм хъусдарды æнæмæнгхъæуындзинад Хуссар Ирыстоны æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй.

Хыгъдон коллегийы рабадты ма хайад райстой Æдасдзинады советы секретарь Уалыты Валери, Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Олег Ширан, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.