Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин кусӕгон балцы ацыд Иугонд Арабаг Эмираттӕм, стӕй та Саудаг Аравимӕ. Бирӕтӕм ӕнӕнхъӕлӕджы фӕкаст ацы цау. Йӕ балцы фӕстиуджытӕм дунейы бӕстӕты ӕмӕ адӕмты ‘рдыгӕй алыгъуызон ахаст ис – йе ‘взӕрмӕбӕлджытӕн сӕ маст аскъуыд, иннӕтӕ та райгондӕй баззадысты. Куыд ма рабӕрӕг ис, афтӕмӕй ныгуылӕн бӕстӕты бӕллиц не ‘ххӕст кӕны – Владимир Путин изоляцийы нӕй, бирӕ бӕстӕтӕ йӕ нымайынц зынаргъ ӕмӕ кадджын уазӕгыл.

Иугонд Арабаг Эмиратты Путиныл сӕмбӕлдысты стыр цытимӕ. Аэропорты йӕм ӕнхъӕлмӕ каст бирӕнымӕц хицауадон делегаци. Президенты кортежимӕ цыдысты барджытӕ уӕрӕсейаг тырысатимӕ, стӕй сӕ сӕйраг бӕстыхай Нацийы галуан Каср Аль-Ватаны раз та залп радтой сармадзантӕй. Президент Мухаммед бен Заид Аль Нахайяниимӕ фембӕлды церемонийы рӕстӕджы айзӕлыдысты ИАЭ-йы ӕмӕ УФ-йы гимнтӕ ӕмӕ арвыл ӕфсӕддон хӕдтӕхджытӕ ахорӕнтӕй сныв кодтой уӕрӕсейаг тырыса.

Ахӕм кадджын райстмӕ тӕхудыйӕ амардысты ныгуылӕн бӕстӕты, уымӕн ӕмӕ Путиныл куыд фембӕлдысты, уый стыр контраст дӕтты сӕхи политиктимӕ фембӕлдтытимӕ. Ӕрӕджы Германы президент Франк-Вальтер Штайнмайер кусӕгон балцы уыд Катары ӕмӕ аэропорты ӕрдӕг сахат фенхъӕлмӕ каст, цӕмӕй йыл исчи фембӕлдаид. Уымӕй размӕ АИШ-ы паддзахадон секретарь Энтони Блинкен Саудаг Аравийы ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фенхъӕлмӕ каст, цӕмӕй йӕ йӕхимӕ райстаид принц Мухаммед бен Сальман. Уалдзӕджы та дыууӕ бӕстӕйы къухдариуӕггӕнджытӕ Джо Байденимӕ телефонӕй аныхас кӕныныл не сразы сты, кӕд ӕмӕ сӕм тынг ныххатыдысты, уӕддӕр. Ӕмӕ сӕ афтӕмӕй рагӕй фӕстӕмӕ нымадтой АИШ-ы ӕмцӕдисонтыл. 2022 азы Джо Байден кусӕгон балцы куы ныццыд Æввахc Хурыскӕсӕнмӕ, уӕд ыл ахӕм цытимӕ нӕ сӕмбӕлдысты – нӕдӕр дзы тырысатӕ уыд, нӕдӕр бирӕнымӕц делегацитӕ. Ӕгӕрыстӕмӕй салам дӕр рӕстмӕ нӕ радтой – Байден йӕ тымбылкъух бадардта, ома «пандемион ӕгасцу». Ацы факт дӕр уазал ахастыл дзурӕг у. Бритайнӕгтӕ ма банысан кодтой, зӕгъгӕ Путин хъарм ахастимӕ салам лæвæрдта ИАЭ-йы чиновниктӕн ӕмӕ ӕрӕджы Мӕскуыйы та бритайнаг минӕваримӕ йӕ сӕрмӕ сдзурын дӕр нӕ бахаста.

Путин кусӕгон балцы ацыд бирӕнымӕц делегациимӕ – йемӕ уыдысты министртӕ, хъомысджын компаниты кухдариуӕггӕнджытӕ. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хуымӕтӕджы балц кӕй нӕ уыд. Ӕвӕццӕгӕн ныры онг бӕстӕты фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадтӕ цы бадзырдтыл куыстой, уыдон бӕстонгонд ӕрцыдысты ӕмӕ ма сӕ ныр сфидар кӕнын хъуыд.

Ныридӕгӕн Æввахс Хурыскӕсӕны бӕстӕтӕй ИАЭ нымад у иууыл егъаудӕр партнерыл Уӕрӕсейӕн, стӕй ма йӕ хонынц егъау инвестор дӕр. Азӕй-азмӕ дыууӕ бӕстӕйы ахастытӕ ӕнгомдӕр кӕнынц. Ӕрмӕст 2022 азы товарты ӕрзылд се хсӕн фӕфылдӕр 67% бӕрц. Фылдӕр кӕны туристты нымӕц дӕр – 2022 азы ИАЭ-мӕ ныццыдис 900 минӕй фылдӕр уӕрӕсейаг туристы. Баконд ма дзы ӕрцыдис уырыссаг скъола ӕмӕ дзы аразынц чырыстон аргъуан дӕр.

Изӕрӕй Путин йӕ фӕндаг акодта Саудаг Аравийыл ӕмӕ йыл ам дӕр рӕдауӕй сӕмбӕлдысты. Аэропорты та йӕм ӕнхъӕлмӕ каст бирӕнымӕц делегаци бӕрнон чиновниктӕй. Саудаг принц фембӕлды рӕстӕджы банысан кодта, зӕгъгӕ, Путин саудаг зӕххыл нымад у зынаргъ уазӕгыл. Ахӕм ныхӕстӕн стыр нысаниуӕг ис Æввахс Хурыскӕсӕны, алкӕмӕн сӕ нӕ фӕдзурынц, ӕмӕ ныгуылӕн бӕстӕтӕ дӕр уымӕн схӕлӕг сты Путинмӕ.

Дыууӕ бӕстӕимӕ дӕр Путин бӕлвырдӕй цӕуыл бадзырдта, уый нӕ раргом кодтой. Фӕлӕ политиктӕ ӕмӕ эксперттӕ нымайынц, ома скъуыддзаг кодтаиккой ахӕм ахсджиаг фарстатӕ, куыд Украинӕйы ӕмӕ Палестинӕйы конфликттӕ, нефты базарады дарддӕры пълӕнттӕ, энергетикӕимӕ баст фарстатӕ, ног логистикон маршрут «Север-Юг» бакӕныныл. Стӕй ма 2024 азы 1 январӕй ИАЭ ӕмӕ Саудаг Арави суыдзысты БРИКС-ы уӕнгтӕ ӕмӕ уыимӕ баст фарстатӕ дӕр скъуыддзаг ӕрцыдаиккой. Дыккаг бон та Путин сӕмбӕлд Ираны президент Ибрахим Раисиимӕ ӕмӕ уыимӕ дӕр скъуыддзаг кодтаид, уӕлдӕр цы фарстаты кой уыд, уыдон.

ИАЭ ӕмӕ Саудаг Арави Æввахс Хурыскӕсӕны нымад сты хъомысджын бӕстӕтыл, сӕ политикӕ ӕндавы ӕгас регионыл. Фӕстаг азты Уӕрӕсе архайы семӕ ӕнгомдӕр ахастытӕ саразыныл ӕмӕ йын ис ӕнтыстытӕ. Ацы дыууӕ бӕстӕ рагӕй фӕстӕмӕ уыдысты АИШ-ы ӕндӕвдады бын, фӕлӕ ныр сӕ ӕмахастытӕ бӕрӕг февзӕрдӕр сты. Уымӕн ис бӕрӕг аххосӕгтӕ. Фыццаджыдӕр, АИШ ӕмӕ иннӕ ныгуылӕн бӕстӕтӕ кӕддӕридӕр ацы бӕстӕтӕм кастысты ӕнӕввӕрсонӕй, эксплуатаци сӕ кодтой сӕхи пайдайӕн. Сӕ фӕллӕйтты фылдӕр хай дӕр ӕвӕрд сты ныгуылӕн банкты ӕмӕ цалдӕр азы размӕ Саудаг Арави хъавыд йе ‘хцайы фӕрӕзтӕ райсынмӕ, фӕлӕ  йын АИШ-ы хицауад бар нӕ радта. Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы рӕстӕджы Уӕрӕсейӕн ӕнӕзакъонӕй байстой 300 миллиард доллары бӕрц ӕмӕ йӕ уӕд Æввахс Хурыскӕсӕны бӕстӕтӕ бӕлвырдӕй бамбӕрстой, сӕ фӕллӕйттӕ ӕдас ран ӕвӕрд кӕй не сты, уый. Сом сӕм ныгуылӕн бӕстӕтӕ истӕуыл куы рамӕсты уой, уӕд сӕ уыдонӕн дӕр афтӕ байсдзысты.

Путин сын бирӕ азты дӕргъы цыдӕриддӕр дзырдта ныгуылӕн бӕстӕты политикӕйы тыххӕй, уыдон иууылдӕр ӕцӕгӕй ӕрцыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Путины нымайын райдыдтой куырыхон, зондджын ӕмӕ ӕууӕнкджын политикыл. Экономикон кризисты рӕстӕджы АИШ ӕппынӕдзух хатыд Æввахс  Хурыскӕсӕны нефты паддзахадтӕм, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид сӕ кризисы рӕстӕджы. Фӕлӕ сӕ коммӕ истӕмӕй куы нӕ бакӕсынц, уӕд сыл ӕвиппайды алӕгӕрдынц, сӕ национ интерестӕ сын раздӕр дӕр ӕмӕ ныр дӕр мурмӕ нӕ дарынц.

Ӕппӕт ацы цаутӕ хынцгӕйӕ ӕгас Æввахс Хурыскӕсӕны бӕстӕтӕ ӕн-дӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой АИШ ӕмӕ йӕ сателиттӕм. Украинӕйы дӕр фашистты сӕрыл кӕй рахӕцыдысты ӕмӕ сӕ алцӕмӕй кӕй ифтонг кӕнынц, уый дӕр бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. ИАЭ ӕмӕ Саудаг Арави не сразы сты ӕнӕзакъонон санкцитыл ӕмӕ сын ныгуылӕн бӕстӕтӕ ӕмӕ сӕ «фӕсдзӕуинтӕ» уайдзӕфтӕ кӕнын райдыдтой. Саудаг Аравийы принц сын сӕ уайдзӕфтӕн комкоммӕ сдзуапп кодта, ома ӕнӕзакъонон санкцитӕ никуы никӕмӕн рахӕсдзӕн, ӕрмӕстдӕр ИНО-йы сфидаргонд санкцитӕн ис тых. Ныгуылӕн бӕстӕтӕн сӕ бон сдзурын ницыуал бацис.

Ныр та Палестинӕйы ӕгъатыр туг-калӕн хӕсты Ныгуылӕн бӕстӕтӕ радон хатт ӕдзӕсгомӕй рахӕцыдысты Израилы сӕрыл ӕмӕ ныр Æввахс Хурыскӕсӕны бӕстонӕй бамбӕрстой, Ныгуылӕны политиктӕ цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ кӕй сты. Бамбӕрстой ма уый дӕр, ӕппӕт дунейы бӕстӕтӕм кӕй кӕсынц уӕлейӕ бынмӕ, кӕй сӕ нымайынц сӕ колонитыл. Ӕмӕ 21 ӕнусы та ууыл ничиуал разы кӕны.

Иран Æввахс Хурыскӕсӕны нымад у иууыл хъомысджындӕр паддзахадыл, фӕлӕ йын цалдӕр сыхаг бӕстӕимӕ АИШ-ы æвзагӕй ис ӕвзӕр ахастытӕ. Зӕгъӕм, Саудаг Аравиимӕ бирӕ азты дӕргъы знӕгтӕй хъауджы не сты. Фӕлӕ фӕстаг цалдӕр азы Уӕрӕсейы фӕрцы дыууӕ бӕстӕ бангом сты. Путин у иттӕг хорз дипломат, нымад у куыд Ираны, афтӕ Саудаг Аравийы дӕр, ӕмӕ йӕ авторитеты фӕрцы бафидауын кодта дыууӕ хъомысджын бӕстӕйы къухдариуӕгады. Ӕниу ӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмбарынц, хъӕрмудӕй цӕргӕйӕ сын бирӕ ӕнцондӕр кӕй уыдзӕн, уый.

АИШ-ы нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй искӕцы паддзахадтӕн хорз ахастытӕ уа ӕмӕ размӕ цӕуой. Æввахс Хурыскӕсӕны ныгуылӕн бӕстӕтӕ рагӕй фӕстӕмӕ уадзынц агрессивон политикӕ, сардауынц сӕ кӕрӕдзийыл, схӕцын сӕ кӕнынц ӕмӕ хаосы рӕстӕджы фӕллӕйттӕ сӕхимӕ фессивынц. Уымӕ гӕсгӕ бынӕттон цӕрджытӕ хӕрамдзаст систы Ныгуылӕн бӕстӕтӕм ӕмӕ сӕ нал фӕнды семӕ истӕуыл дзурын, ӕмгуыстад кӕнын.

Дунейы дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ иууылдӕр банысан кодтой Путины цытджын райст, цахӕм кадимӕ йыл сӕмбӕлдысты, уый. Стӕй ма банысан кодтой, Путин масштабон гоймаг кӕй у глобалон политикӕйы, йӕ ныхасмӕ кӕй хъусынц бирӕ бӕстӕты раза-мынад, кӕй йын ис егъау ӕндӕвдад Æввахс Хурыскӕсӕны дӕр ӕмӕ иннӕ регионты дӕр. Бынӕттон журналисттӕ йӕ рахуыдтой «иууыл хъомысджындӕр политик Æввахс Хурыскӕсӕны».

Ӕрмӕстдӕр Ныгуылӕн бӕстӕты информацион ресурстӕ сӕ адӕмӕй бамбӕхстой ацы цау, кӕнӕ та йӕ кой ӕнӕбары скодтой. Сӕ фылдӕр акцент ӕвӕрдтой, ома Путин ис изоляцийы ӕмӕ йын ныр фадат фӕцис фӕсарӕнтӕм ацӕуынӕн. Немыцаг газет Suddeutsche Zeitung та рӕгъмӕ рахаста, ома Путинӕн сырх гауыз нӕ айтыгътой ӕмӕ уый нысан кӕны, йӕ ныццыдӕн стыр нысаниуӕг кӕй нӕ дӕттынц. Афтӕмӕй та Æввахс Хурыскӕсӕны сырх гауыз ахӕм кадджын атрибутыл нымад нӕу. Афтӕ сӕм кӕсы, уымӕй Путины дӕлдзиныг кӕнынц. Фӕлӕ куыд фӕдзурынц, «куыдзы рӕйын мæймæ нӕ хъуысы».

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.