РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй Запорожьейы областы арæзт æрцыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй хæстонтæн æмæ сабыр цæрджытæн гуманитарон æххуысы иугонд центр. Йæ сæргъ слæууыд бархион, батальон «Алани»-йы хæстон Андиаты Сослан.

Андиайы фырты ныхæстæм гæсгæ, иугонд центр саразыны æнæмæнгхъæуындзинад раджы сæвзæрд. Ныртæккæ центр координаци кæны  сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг ирон хæстонтæн æрвыст гуманитарон æххуыс. Центры сырæзт уæлдай карздæрæй  бахъуыд фронты раззаг хæххытæм мобилизацигонд хæстонты куы арвыстой, уæд. Уыдон баххæст кодтой «Алани» æмæ «Осетия»-йы къордты.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады хаххыл сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæ ифтонг цæуынц, раззаг хаххы хæстонтæн цы æмбæлы, æппæт уыдонæй. Фæлæ, практикæ куыд равдыста, афтæмæй хатгай бюрократийы цахæмдæр фæзилæнтæ бахъыгдарынц афоныл æмæ æххæстæй салдатты сифтонг кæнынæн. Хъæуы бахынцын, уыцы фактор дæр,  æмæ ахæм уæззау уавæрты нæ хæстонтæ хъуамæ мацæмæй цух уой. Уый хауы хæлцадон продукттæм дæр æмæ экипировкæмæ дæр. Зæгъæм, зымæгмæ мах хъарм хъæццултæй, базтæй, мидæггаг дзаумæттæй, хуыссæн голджытæй æмæ, æгæрыстæмæй, пецтæ-буржуйкæтæй дæр сифтонг кодтам хæстон къордты. Уæлдай тынгдæр хæстонты хъæуынц техникон фæрæзтæ – тепловизортæ, квадракоптертæ, генератортæ, бастдзинады фæрæзтæ, суанг транспортон фæрæзты онг. Æмæ æппæт уыдæттæ куы бахъæуынц, уæд сæ фæхæццæ кæнæм лæппутæм. Æмткæй нын нæ архайдмæ  æппынæдзух йæ хъус дары РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, кæцы оперативонæй сæххæст кæны салдæтты домæнтæ», – радзырдта центры сæргълæууæг Андиаты Сослан.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, центрмæ гуманитарон æххуыс æрбацæуы алыгъуызон каналтæй: республикæйы фæрæзты хыгъдæй, афтæ ма хæстон уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы æмбæстæгты, амалиуæггæнджыты, спонсорты фæрцы. Ирыстойнаг батальонтæн активонæй æххуыс кæнынц ирон диаспорæтæ Уæрæсейы алы къуымтæй, сæрмагондæй, хъырымаг, сочийаг, мæскуыйаг ирæттæ æмæ æндæртæ. Запорожьейы областмæ гуманитарон уæзтимæ иу æмæ дыууæ хатты нæ ацыдысты республикæйы æхсæнадон организациты минæвæрттæ, парламенты депутаттæ. Центры волонтертæ  æвджидарæй балæууыдысты цалдæр фæкæсынхъуаг бинонтæн, кæцытæн регулярон æгъдауæй æххуыс кæнынц хæлцадон продукттæ æмæ уæлæдарæсæй.

Цæгат æмæ хуссарирыстойнаг хæстонтæн гуманитарон æххуысы иугонд центр куыста ногазон бæрæгбонты дæр нон-стопы режимы. Организаци æрцыд, цæмæй хæлцадон продукттæ æмæ материалон-техникон ифтонгад лæвæрд цыдаиккой æнæкъуылымпыйæ. Ног азы райдианæй волонтертæ адресаттæн ластой бæрæгбонмæ æрбахæсгæ гуманитарон уæзтæ Запорожьейы æмæ Донецкы здæхты раззагон позициты хæстонтæн, афтæ ма Запорожьейы сывæллæтты хæдзæртты æмæ сабидæтты хъомылгæнинæгтæн.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы бахæсмæ гæсгæ æмæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы æххуысы фæрцы ацы бæрæгбонты сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг хæстонтæн æмæ Запорожьейы областы сабыр цæрджытæн æфсæддон сæрмагонд бортыл аластой иу мин ирон уæливыхы бæрц, адджинæгтæ, хæлцадон продукттæ æмæ афтæ дарддæр.

«Волонтерты куыст вазыгджын у, æнæмæнгхъæуæг. Фронты раззаг позициты хæстонтæн ахсджиаг у фарсхæцынад æмæ аудындзинад æнкъарын. Нæ мисси ис уый мидæг, цæмæй блиндажты онг баласæм ацы æххуыс æмæ йæ хæццæ кæнæм нæ лæппутæм, кæцытæ бæрæгбонтыл æмбæлдысты службæйы, фронты раззаг хаххы, – радзырдта Андиаты Сослан.

«Иннæ мæй ногæй ацæудзыстæм Мелитополмæ, фендзыстæм нæ хæстонты. Алыхатт дæр дзы фæхатæм æнахуыр энергетикæ. Тынг æхсызгон нын вæййы нæ лæппуты сæрæгас æмæ æнæнизæй фенын. Уыдон сты нæ хъайтартæ, уыдон тох кæнынц нæ бæстæйы интерестыл. Иннæмæй та, сæхицæн дæр тынг æхсызгон вæййы  ирыстойнаг адæймæгты уынд, мадæлон æвзаг фехъусын. Уый сын стыр æххуыс у. Ныр мах арæхдæр цæудзыстæм уырдæм. Февралы мæйы сæххæст уыдзæн иу аз мах нæ хæстонтæн, афтæ ма лигъдæттæн, сабыр цæрджытæн нæ активон гуманитарон æххуысыл», – радзырдта РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы уæнг Хъуысаты Амырхан.

Мах бацымыдис кодтам, хуссарирыстойнаг хæрзаудæн фондтæй ацы гуманитарон æххуысы центримæ чи æмгуыстад кæны, уымæ. РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы хъæппæрисæй цалдæр хатты гуманитарон уæзтæ æрвыст æрцыдысты ирон хæстонтæн. Афтæ ма хицæн адæймæгтæ æмæ хæрзаудæн фондты минæвæрттæ дæр цалдæргай хæттыты сорганизаци кодтой гуманитарон æххуыс Цæгат æмæ хуссарирыстойнаг хæстонтæн. Нæ горæты хæрзаудæн фонд «Мах ныфс»-ы сæргълæууæг Гаглойты Таирæ куыд загъта, афтæмæй фæнд кæнынц Дзæуджыхъæуы гуманитарон æххуысы иугонд центримæ æмгуыстад кæнын. «Ныридæгæн нæ фонды уæнгтæ ацыдысты Дзæуджыхъæу-мæ æмæ бадзурдзысты ацы центримæ æмгуыстад кæныны тыххæй. Афтæ ма мæ фæнды банысан кæнын уый дæр æмæ декабры мæйы киноконцертон зал «Чермен»-ы нæ фонды хæрзаудæн концерты æмбырдгонд финансон фæрæзтæй балхæдтам 20 иуæджы рацитæ æмæ 20 иуæджы та наушниктæ. Афтæ ма нæ фонды уæнг Хъæцмæзты Татьянæимæ иумæ сбыдтам 18 фæлысты къуымбилæй цъындатæ. Уыдоны 12-æм январы арвыстам Донбассмæ нæ хæстон лæппутæн. Аласта сæ цхинвайлаг лæппу Бететы Алим. Уый йæхæдæг хайад исы сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ чысыл улæфты æрцыд Цхинвалмæ», – радзырдта нын Гаглойты Таирæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Гаглойты Таирæ  фонды иннæ уæнгтимæ Донбассмæ алыгъуызон гуманитарон æххуыс арвыстой  цалдæр хатты.

Джиоты Екатеринæ