Уæрæсейаг æфсæддон дохтыртæ æмæ медицинон хотæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы æрвылбон дæр ирвæзын кæнынц сæдæгай хæстонты цард, сæхи цардæн тæссаг уавæрты.

Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады радзырдтой уыцы хъайтартæй иу – медицинон службæйы хистæр лейтенант, хайады хистæр Хъараты Иваны сгуыхтдзинæдты тыххæй. Украинæйаг нацисттимæ карз тохты рæстæджы уый уыд фронты раззаг хаххы. Хъарайы фырт дзуапп кодта мотоæхсæг бригадæйы медицинон ифтонгад организаци кæнынæн. Знаджы тыхджын æхстыты бын æнæаргъæвгæ тагъд æххуыс кодта æфсæддон службæгæнджытæн. Зæгъæм, иу хатт æхстыты бынæй рахаста бригадæйы фондз уæззау цæф хæстоны. Иван сын бакодта фыццаг медицинон æххуыс æмæ сæ уый фæстæ арвыста медицинон пунктмæ. Хæстонтæй уæлæнгай цæфтæ чи фæцис, уыдон цыбыр рæстæгмæ ногæй хæстон рæнхъы слæууыдысты Хъарайы фырты комкоммæ медицинон æххуысы фæрцы.

Хъараты Иваны æхсардзинад æмæ профессионализмы фæрцы бахъахъхъæд æрцыд уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты цард.

 

САККАГ ЫН КОДТОЙ «СЫГЪДÆГ ГЕОРГИЙЫ ОРДЕН – 4-æм КЪÆПХÆНЫ ГЕОРГИЙЫ ДЗУАР»

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг, хистæр сержант,  2-æм мотоæхсæг батальоны 6-æм мотоæхсæг ротæйы командир  Икъоты Руслан Павелы фырт хорзæхджын æрцыд 4-æм къæпхæны Георгийы дзуарæй. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы хъусын кæны РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. 23-æм февралы Икъойы фыртæн уыд дывæр бæрæгбон – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ йæ гуырæн бон дæр. Руслан у Ирыстоны ныфсхастдæр æмæ хъæбатырдæр  фырттæй сæ иу. «Сыгъдæг Георгийы орден – 4-æм къæпхæны Георгийы дзуар» ын радтой 22-æм февралы фронты раззаг хаххы. «Русланæн йæ къухты бафтыд дæсгай националистты скуынæг кæнын. Уый сæрмагондæй йæхæдæг уадзы развæдсгарæн-агурæн архайдтытæ ных-мæлæууæджы хъахъхъæнынады зо-нæйы. Арæхстджынæй къухдариуæгад кæны йæ дæлбар хисæрмагонд скондыл. Кад ын кæны командæкæнынад. Æрбангом кодта ротæйы бирæнацион коллективы. Арфæ кæнæм командир æмæ йæ ныййарджытæн ахæм аккаг фырт кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Нæ зæрдæ йын зæгъы дарддæры æнтыстытæ æмæ тыхтæ йæ уæззау архайды», – ныффыста Сергей  Меняйло.

ИРОН ХÆСТОНТÆН – ЖУКОВЫ МАЙДАНТÆ

Хуссарирыстойнаг хæстон Пухаты Спартак Георгийы фырт хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстон архайдтыты равдисгæ хисæрмагонд хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй. Спартак сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исы 2022 азы февралы мæйæ фæстæмæ.

 

***

Жуковы майдан саккаг кодтой цæгат-ирыстойнаг хæстон Уалыты Давид Валерьяны фыртæн дæр сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы равдисгæ хъайтардзинæдты тыххæй.  Æфсæддон службæгæнджыты Жуковы майданæй схорзæхджын кæнынц Райгуырæн бæстæ  æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæнадон интерестæ хъахъхъæныны рæстæджы сгуыхтдзинæдтæ æмæ удуæлдайдзинæдтæ рав-дисыны тыххæй.

 

***

Марданты Давид Тамазы фырт хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй сæрмагонд æфсæддон операцийы фæндвидардзинад æмæ удуæлдайдзинад равдисыны тыххæй. Давид сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исы цалдæр мæйы дæргъы.

 

СУВОРОВЫ МАЙДАНТÆ:

РЦИ-Аланийы Сурх-Дигорæйаг æфсæддон службæгæнæг Гибизты Харитъон Олегы фырт сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы равдисгæ æхсардзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй. Уый тыххæй хъусын кæны Æрæфы районы сæргълæууæг Гъуцъунаты Хъазбег.

«Ацы æвзонг адæймаг у æрмæст йæ ныййарджыты нæ, фæлæ æнæхъæн районы сæрыстырдзинад! Харитъон, бузныг де сгуыхтдзинæдты тыххæй! Уырны мæ, дарддæр дæр цæсгомджын æмæ хъæбатырæй кæй æххæст кæндзынæ де ‘фсæд-дон хæс», – хъусын кæны Гъуцъунаты Хъазбег.

 

***

Цæгат Ирыстоны Тарскæйы хъæуы цæ-рæг Дзанайты Сосланæн саккаг кодтой Суворовы майдан Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы Фыдыбæстæ æмæ Уæрæсейы паддзахадон интерестæ хъахъхъæныны рæстæджы равдисгæ æхсардзинады тыххæй.

 

РАЙСТА «ЗА ОТВАГУ»-йы МАЙДАН

Цæгат Ирыстоны Астæуккаг Урухы цæрæг Баймæтты Хетæг хорзæхджын æрцыд «За отвагу»-йы майданæй. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы хъусын кæны Æрæфы районы сæргълæууæг Гъуцъунаты Хъазбег. Уый банысан кодта, зæгъгæ, лейтенант Баймæтты Хетæгæн Уæрæсейы Федерацийы президенты бара-мындæй саккаг кодтой «За отвагу»-йы майдан, Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинад равдисыны тыххæй.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.