Парламент æмæ адæммæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы Ныстуаны тыххæй комментари сарæзта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Уый, фыццаджыдæр, банысан кодта Хицауады раз сæвæргæ хæсты социалон характер.

«Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли, куыд социалон, афтæ политикон фадгуыты дæр цы инициативæтæ раразмæ кодта, уым хынцыд цæуынц адæмы, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты интерестæ. Президенты Ныстуан æххæссы паддзахады цардыл алыварсонæй, нысан дзы сты приоритетон хæстæ, кæцытæ здæхт сты иууыл актуалондæр социалон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынмæ. Уыдон, сæрмагондæй, сты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнын, куыстмыздтæ, пенситæ, пособитæ фæфылдæр кæнын, куысты бынæттæ саразын, афтæ арæнтыл æдасдзинад ифтонг кæнын, Уæрæсеимæ интеграцион процесстæ мидисджындæр кæнын, æфсымæрон республикæтимæ æмархайд фæуæрæх-дæр кæнын, республикæйы банымайыны фæдыл архайд рæзын кæнын, ирон адæмы геноцид банымайын æмæ бирæ æндæр ахсджиаг здæхтытæ.

Уыдон сты Хицауады комкоммæ хæс. Мах æмбарæм уыцы хæсты ахсджиагдзинад, æмæ цæттæ стæм, къухдариуæгады æндæр къабæзтимæ иумæ æппæт тыхтæй уыдон аскъуыддзаг кæнынмæ», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.