Æфсымæрон Абхазы Республикæйы фыццаг хатт ацыдысты Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонтæ 31-æм майæ 1-æм июнмæ. Нæ республикæйы Культурæйы министрады пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ Сухуммæ абалц кодтой нæ бæстæйы сфæлдыстадон коллективтæ – Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артисттæ æмæ Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд», концертон программæйы ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Адæмон артист Бекъойты Вано æмæ нæ уарзон популярон зарæггæнæг Харебаты Марта.

Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонтæ байгом кæныны цытджын церемони райдыдта дыууæ республикæйы Культурæты министртæ Зæгъойты Рада æмæ Даур Ковейы раныхæстæй. Абхазаг министр сценæмæкæсджытæн радзырдта: «Мах стыр æхсызгонæй æрæмысæм нæ гастролон балц Хуссар Ирыстонмæ. Афтæ хæларæй нæ суазæг кодтой æмæ нæ никуы ферох уыдзæн. Абон та нæм Хуссар Ирыстонæй фæуазæг сты нæ хотæ æмæ не ‘фсымæртæ дзуаппон культурон программæимæ æмæ нæ æввахсдæр зонгæ кæндзысты ирон культурæимæ. Уый махæн у стыр бæрæгбон æмæ нын тынг æхсызгон у Абхазы зæххыл æфсымæрон бæстæйы сфæлдыстадон коллективты æрцыд. Дыууæ адæмы кæрæдзимæ æрбангом кæныны тыххæй арæзт культурон мадзæлттæн ахсджиаг нысаниуæг ис», – загъта Даур Кове æмæ ныхасы бар радта йæ коллегæйæн.

Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонтæ Абхазы

Зæгъойты Рада йæ раныхасы абхазаг сценæмæкæсджытæн æмæ мадзалы æп-пæт хайадисджытæн дæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй загъта арфæйы ныхæстæ æмæ банысан кодта, зæгъæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæйы адæмты рагæй фæстæмæ кæй æнгом кæнынц хæларадон ахастытæ æндæр æмæ æндæр фадгуыты. «Мæнæн тынг æхсызгон у, Абхазы Республикæимæ нын культурæйы фадыджы ноджы хуыздæр æмæ æввахсдæр ахастытæ кæй райтынг уыдзысты, уый. Уыимæ иумæ дыууæ республикæты ‘хсæн фидардæр кæндзысты æфсымæрон ахастытæ», – банысан кодта Зæгъойты чызг. Уый ма кæронбæттæны банысан кодта, йæ коллегæимæ цæттæ кæй у культурæйы фадыджы æмгуыстадмæ.

Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонтæ байгом кæныны официалон хайы фæстæ дарддæр Самсон Чанбайы номыл паддзахадон драмон театры нæ артисттæ равдыстой Хуыгаты Георы пьсæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Сау нымæт», кæцыйыл сценæ-мæкæсджытæ сæмбæлдысты стыр æхсызгонæй.

Дыккаг бон та абхазаг аивадуарзджытæн Ражден Гумбайы номыл Абхазы паддзахадон филармонийы 18:00 сахатыл ансамбль «Симд»-ы артисттæ равдыстой цымыдисон концерт. Концертон программæйы ма Бе-къойты Вано æмæ Харебаты Марта сæххæст кодтой цалдæр зарæджы. 1-æм июны ацы концертон программæйæ æхгæд æрцыдысты Культурæйы бонтæ Абхазы Республикæйы, фæлæ хæлардзинад æмæ æмгуысткæнынад дарддæр кæй кæндзысты, ууыл ничи дызæрдыг кæны. Абхазы Республикæйы президент Аслан Бжанияйы барамындмæ гæсгæ РХИ-йы Культурæйы министр Зæгъойты Рада хорзæхджын æрцыд «Заслуженный работник культуры Республики Абхазия»-йы кадджын номæй. Хуссар Ирыстоны артисттæ: Быценты Инал, Хуыгаты Альбинæ, Харебаты Марта, Хаситы Сослан æмæ «Симды»-ы оркестры разамонæг Ходты Эльбрус хорзæхджын æрцыдысты «Заслуженный артист Республики Абхазия»-йы кадджын нæмттæй.

Цхуырбаты Лариса

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.