14-æм ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан инспекцион азылд сарæзта Дзауы районы хицæн æмæ хицæн бынæттыл. Йемæ ма уыд «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы генералон директор Къæбысты Ацæмæз.

Райдианы уал бацыдысты Уæллаг Хуыцъейы хъæумæ. Ам  ис 14 хæдзары. Уымæй размæ хъæуы цæрджытæ бахатыдысты Президентмæ, цæмæй сын баххуыс кæна. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ цы электроэнерги исынц, уый тых у лæмæгъ æмæ уымæ гæсгæ цæрджытæн фадат нæ уыд электроифтонгадтæй пайда кæнынæн. Гаглойты Алан хæслæвæрд радта паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-æн. Уыдон баивтой 14 хъæдын зæронд цæджындзы. Сæ бынаты сын ныссагътой бетон цæджындзтæ, ныр сыл цæуы 4 киловольт хахх. Раздæр сæм электроны æлхъывдад уыд 0,5 фазæимæ, ныр та сæм уыдзæн æртæфазæйон æлхъывдад. Къæбысты Ацæмæз ма куыд загъта, афтæмæй уыдон хъæуы сæвæрдзысты трансформатор, уырдыгæй хæдзæрттæм бауадздзысты электроэнерги æмæ уæд сæ бон уыдзæн цыфæнды электронон ифтонгадтæй пайда кæнын дæр.

Президент фембæлд хъæуы цæрджытимæ дæр æмæ сын байхъуыста сæ проблемæтæм.

 

Этникон хъæу – Борджнис

Президенты кусæгон балц Дзауы районмæ

Президент æмæ йе ‘мбæлццæттæ уырдыгæй ацыдысты Борджнисы хæдзар-музеймæ. Ам уазджытыл райзæрдæйæ фембæлд йæ саразæг Бететы Юри. Уымæн йæ бæллиц рагæй уыд йæ райгуырæн хъæуы ахæм музей саразын æмæ йæ сарæзта йæхи фæрæзтæй.

Мидæгæй дзы фенæн ис ердо, астæурæхысимæ, йæ уæлæ ауыгъд – бинонтæ-иу сæ хæринаг кæм цæттæ кодтой, ахæм цуайнаг. Ис дзы ирон æртæкъахыг фынг бандæттимæ. Хæдзарæн йæ иу фарс нæлгоймæгты бынат, иннæрдыгæй та – сылгоймæгты. Хъæдын авдæны баст сывæллоны муляж. Хæдзары систыл ауыгъд сты хæдзарон мигæнæнтæ æмæ ирон музыкалон инструменттæ. Уынджы цæст схæцдзæн æфсондз, чъеури, уæрдоны цæлхытæ, быркуытæ, æндæр мигæнæнтæ æмæ дзаумæттыл.

Бететы Юри Президентæн куыд радзырдта, афтæмæй йын ацы рагон мигæнæнтæ æмбырд кæнынæн æххуыс кодтой  Ирыстоны цæрджытæй бирæтæ: «Бирæ фыдæбон дзы уыд, фæлæ мæхицæн загътон, куыдфæндыйæ дæр мæ бавæрд кæй хæсдзынæн ирондзинад сæндидзын кæнынмæ. Нæ фæстагæттæ хъуамæ зоной æмæ сæрбæрзонд уой ахæм культурон бынтæй. Мæн фæнды, цæмæй скъолаты ахуырдзаутæн фадат уа ацы музейы ирон уроктæ уадзынæн æмæ сæ рагон фыдæлты историимæ хуыздæр базонгæ кæнынæн».

Бететы лæппу  ма загъта, зæгъгæ, дыууæ азы æмгъуыдмæ Борджнисы этникон хъæу бабæрæг кодта æртæ минмæ æввахс адæймаджы.

«Йæ рæсугъддзинад дисы æфтауы æрцæугæ уазджыты. Туристтæн радзурын нæ фыдæлтыккон историйы тыххæй. Хæдзар-музеймæ комкоммæ кæсынц авд дзуары. Уæхæдæг уынут, куыд алæмæттаг у йæ алыварс æрдз дæр, раст æй, цыма, нывгæнæг нынныв кодта. Уымæ гæсгæ мæ фæнд у ацы бынат фæуæрæхдæр кæнын. Сараздзынæн дзы цалдæр коттеджы, цæмæй уазджытæн фадат уа æхсæвиуат бакæнынæн дæр. Ноджы мæ зæрды ис хъæуы мæсыг саразын. Мусы бынат дæр мын æвзæрст у, цæмæй дзуары бæрæгбонтæм хъæубæстæй чи æрцæуынц, уыдонæн фадат уа кафынæн æмæ алыгъуызон хъæстытæн».

Бететы Юри ма куыд банысан кодта, афтæмæй архайы, æххуысы къух æм чи фæдара, уыдоны номхыгъд хæдзар-музейы къулыл бакæнын, цæмæй сæ зоной ардæм æрбацæуджытæ.

Президент райгондæй баззад этникон хъæуæй. Бететы Юрийæн ныфс бавæрдта, кæй йын æххуыс кæндзæн йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ сæххæст кæнынæн. Хæдзар-музейæн та балæвар кодта Сыгъдæг Уастырджийы уаз ныв.

 

Уæлæмхас бæстыхай

Районты æмæ хъæуты скъолаты ахуырдзаутæ азæй-азмæ цъусдæр кæнынц. Дзауы скъолайы ахуыргæнинæгтæ та азæй-азмæ фылдæр кæнынц.  Ныртæккæ скъолайы ахуыр кæны 220 ахуырдзауы. Нæ сын фаг кæнынц хатæнтæ. Хæрæндон дæр рæстæгмæ æрбайгом кодтой къласы хатæны. Нæ сын уыд, зымæджы бонты спортæй кæм архайдтаиккой æмæ физикон культурæйы уроктæ кæм уагътаиккой, ахæм зал дæр. Скъолайы директор Санахъоты Алан бахатыд районы разамынадмæ. Ныр ам рæзы уæлæмхас бæстыхай. Президент бабæрæг кодта ацы арæзтады уавæр дæр. Балцы рæстæджы сын ныфс бавæрдта спортивон инвентарæй сæ кæй сифтонг кæндзæнис. Скъолайы директор ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзауты номæй бузныг загъта Гаглойты Аланæн: «Махмæ, скъолайы архайынц бирæ кружоктæ, фæлæ-иу нын хатæнтæ нæ фаг кодта. Спортивон зал дæр нын кæй фæзындзæн, уымæй иттæг райгонд стæм!».

 

Электроны хаххы цæджындзтæ –  Сохты хъæуы

Дарддæр Президент йæ балц акодта Сохты хъæумæ. Ацы хъæуы электрохаххы цæджындзтæ кæрæй кæронмæ ивинаг уыдысты. Æвзæр боныгъæдты рæстæджы-иу йæ цæрджытæ электроэнерги истой къуылымпытимæ. Зымæгон бонты та-иу дзы бирæтæ афæлдæхтысты æмæ-иу сыл электрохызæджы кусджытæ цалдæргай бонты фæфыдæбон кодтой. Ныр сæ раивтой æмæ сыл ацы бонты аиваздзысты телтæ. Кæй раивтой, уыцы цæджындзтæ æдæппæт уыдысты 40. Сæвæрдтой ног трансформатор дæр. Вазыгджын хæххон рельефыл уагъд кæй цыд электрохахх, уый тыххæй ацы фадыджы кусджытæ тынг фæфыдæбон кодтой. Президент бахæс кодта Къæбысты Ацæмæзæн, цæмæй паддзахадон хорзæхтæм бавдиса, цæсгомджынæй чи бафыдæбон кодта, уыдоны номхыгъд.

Хъæуы администрацийы сæргълæууæг Козаты Полинæ загъта: «63 азы мыл цæуы, æртæаздзыд уыдтæн, афтæ нын нæ хъæумæ рауагътой электроны рухс. Кæд хъæуы ныртæккæ цъус цæрджытæ ис, уæддæр дзы сæрды бирæ адæм вæййы. 60 азы хъæдын цæджындзтæ ивд никуы уыдысты. Мах стыр бузныг зæгъæм, ацы фæнд кæй хъуыдымæ æрцыд, уыдонæн».

 

Хатдзæгтæ

«Энергоресурс Хуссар Ирыстон»-ы генералон директор куыд загъта, афтæмæй ма уыдон архайынц, цæмæй электроэнерги дæдтыны рæстæджы технологон сæфтытæ фæкъаддæр кæной æмæ бахардзгонд электроэнергийы фиддонтæ та афоныл фыст цæуой. «Республикæйæн ныры онг дæр ис хæстæ – энергоресурсæй  нæ чи ифтонг кæны, уыдонæй дарæм  447 милуан сом. Газæй та нæ хæстæ сты 672 милуан сомы. Республикæйы газификаци адарддæр кæныны фæдыл мах хъуамæ фæхуыздæр кæнæм фиддонтæ фидыны дисциплинæ, куыд цæрджытæй, афтæ юридикон цæсгæмттæй дæр. Ацы аз уал мах нæ хæстæй бафиддзыстæм 64 милуан сомы. Уый фæстæ, цы къамис сарæзтам, уый бакусдзæн электроэнергийæ ифтонг кæныны фæдыл бадзырдтыл. Уыцы барадон документмæ гæсгæ сфидар кæндзыстæм физикон æмæ юридикон цæсгæмтты хыгъдтæ. Сæрмагонд приборты руаджы басгæрст ауадздзыстæм сæудæджерадон объекттæ æмæ куыстуæтты, афтæ ма хæлцадон объекттæ æмæ сæрмагонд секторы. Басгæрсты фæстиуджыты фæдыл дæтдзыстæм информаци. Къамис ма бакусдзæн ахæм мадзæлтты комплексыл куыд æмбæстæгты алыгъуызон категориты базæтæ саразыныл, уыцы нымæцы – социалон æгъдауæй æнæхъахъхъæд цæрджыты фæдыл зонæнты базæтæ саразыныл, кæцытæн хицауад радта бар льготæтæй пайда кæнынæн».

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.