10 июлы РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли карантинæй рахизыны фæстæ  йæ куыст райдыдта Дзауы астæуккаг скъолайы кæрты арæзтцæуæг спортивон комплекс æмæ Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад бабæрæг кæнынæй.

Дзауы скъолайы бæстыхай ныппырх 1991 азы. Цалдæр азы фæстæ ам æхсæнадæмон организаци «Сырх Дзуар»-ы æххуысæй сырæзт ног скъола, фæлæ дзы нæ уыд спортзал. Гом фæзуат, кæцы районы администраци сарæзта скъолайы раз, нæ аскъуыддзаг кодта физкультурæйы уроктæ уадзыны проблемæ. Ныр ам спортивон зал арæзт æрцыд нырыккон домæнтæм гæсгæ.

Уырдыгæй Президент йæ кусæгон балц адарддæр кодта Гуфта-Къуайсайы фæндаджы æртыккаг этапы арæзтадмæ.

Фæндаджы æртыккаг этап кæцæй райдыдта, уым Президентыл фембæлдысты Фæндæгты арæзтад æмæ æксплуатацийы комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард æмæ йæ дæлбаруæвæг «Дорэкспострой»-ы генералон директор Мæхъиты Семен, афтæ ма фæндаджы арæзтадыл чи кусы, уыдон. Бибылты Анатоли цымыдис кодта 3-аг этапы куыстытæ куыд æххæст цæуынц, кусæгон тых сын фаг кæны, кæнæ арæзтадон æрмæджытæй куыд ифтонг сты æмæ графикмæ гæсгæ ноябры мæймæ фæнаджы арæзтад кæронмæ бахæццæ уыдзæн æви нæ, уыдæттæм. Уый фæдыл Гуыззыдтаты Эдуард загъта, зæгъгæ, арæзтад графикæй чысыл фæстæдæр баззад, уымæн æмæ сæ комитеты дæлбар цы дыууæ дурсæттæн завод ис, уыдон фæндаджы арæзтадæн цас æрмæг хъæуы, уыйбæрц не ‘ххæссынц. Уый фæдыл Президент хæслæвæрд радта «Дорэкспострой»-ы директорæн, цæмæй æвæстиатæй бадзырдтæ сараза нæ республикæйы территорийыл цы хисæрмагонд дурцъæлгæнæн заводтæ ис, уыдон сæргълæуджытимæ æмæ уыдонæй ласой хъæуæг æрмæг.

Гуыззыдтаты Эдуард Президентæн радзырдта ныртæккæ аразджытæ цы фадыгыл кусынц, уым кæй ис проблемон бынæттæ. Фæндаг хохрæбынты кæй цæуы, уымæ гæсгæ арæх фехæлы фæндаджы уæлцъар. Ам раздæр ранæй-рæтты уыд лæсæнуромæн къултæ, фæлæ уыдон дæр цъыфзæй аласта. Проектмæ гæсгæ ныр уыцы бынæтты æвæрд æрцыд, йæ диаметр метр æмæ æрдæг кæмæн у, ахæм æфсæйнаг хæтæлтæ. Хæхтæй лæбырæн тæссаг бынæттæ фидаргонд цæуынц æфсæн хызтæй. Цы 15 километр хъуамæ æрцæуа цалцæг, уымæй нырма асфальт æрцыд 2 километр, фæлæ иннæ фадыгы та нырма цæуы зæхфидаргæнæн куыстытæ.

Президент сфæнд кодта, фæндагыл цы арæзтадон куыстытæ цæуы, уыдон йæхи цæстæй фенын. Кировы хъæуы цы хид ис, уый проектон-сметæйон документацимæ гæсгæ хъуамæ æрцыдаид демонтажгонд, йæ фарсмæ та сырæзтаид рæстæгмæ æндæр хид, цæмæй йыл бæлццæттæ цыдаиккой. Бибылты Анатоли куыд бафиппайдта, афтæмæй зæронд хид ныппырх кæныныл ацæудзæн дзæвгар финансон фæрæзтæ, уымæ гæсгæ, дам, хуыздæр уаид уымæ нырма ма бавналын, фæлæ йæ фарсмæ рæстæгмæ хид саразын, цалынмæ капиталон хид сырæза, уæдмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.