7 июлы Украинæйы президент Зеленский æрцыд Стамбулмæ Турчы президент Эрдоганимæ фембæлынмæ. Ацы фембæлд, сæйра-джыдæр, нысанмæздæхт уыд, цæмæй Турк ноджы фылдæр æхсæнгарз ратта Украинæйæн æмæ НАТО-йы скондмæ бацæуыны фарсты дæр сæ фарсмæ балæууа. Стæй ма Эрдоганы тынг фæнды æхсæны лæгæй æрлæууын Украинæ æмæ Уæрæсейы конфликтон уавæры – Ӕввахс Хурыскæсæны йæ ном скадджын уыдзæнис.

Зеленский Стамбулмæ рæстæгыл нæ ныххæццæ, æвæццæгæн ын хæдтæхæг нæ уыд. Тæхгæ та ныккодта Чехийы хъахъхъæнынады министрады хæдтæхæгыл. Эрдоганимæ фембæлд сын ахаста 2 сахат æмæ ‘рдæг, стæй рацыдысты пресс-конференцимæ. Журналисттæн бар радтой æрмæстдæр фæйнæ фарст радтынæн.

Эрдоган йæ раныхасы бамбарын кодта, ома, Турчы нæ фæнды конфликт цырен кæнын æмæ алыварсонæй архайы, цæмæй Украинæ æмæ Уæрæсейы сразы кæной хæстон архайдтытæ æруромыныл. Турк сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй фæстæмæ комкоммæ дзуры бафидауыны æмæ хæст æрлæууын кæныны тыххæй. Ӕниу, сусæгæй та æхсæн-гарз дæттынц Украинæйæн, фæлæ уыцы фарст политикæимæ тынгдæр баст у. Алчидæр æй зоны Турк Уæрæсейы æмцæдисон кæй никуы уыдис, æмæ историон факттæм куы æркæсæм, уæд æй бамбардзыстæм, æууæнк сыл кæй нæй фыдæлтæй фæстæмæ.

НАТО-йы тыххæй та загъта, зæгъгæ, Украинæ у НАТО-йы скондмæ бацæуыны аккаг. Ацы ныхæстæ алкæмæдæр диссаг фæкастысты. Уымæн æмæ уыцы иурæстæджы АИШ-ы президент Джо Байден та йæ раныхасы банысан кодта, ома, Украинæ цæттæ нæу НАТО-йы скондмæ бацæуынмæ. Стæй ма Туркмæ нырма дæр æнхъæлмæ кæсынц дзуапмæ Швецийы НАТО-йы скондмæ райсыны тыххæй. Фæлæ Эрдоган Швецийæн исты дзуапп радтынмæ нæ тагъд кæны, афтæмæй та «æдзæттæ» Украинæйæн ныфсытæ æвæрдта. Эрдоган æй хорз æмбары, хурныгуылæйнаг бæстæтæ разы кæй нал сты Украинæйы НАТО-йы скондмæ райсынмæ, Уæрæсеимæ сæ ноджы тынгдæр кæй нал фæнды сæ ахастытæ фехалын, уый, æмæ сæм ныкомкоммæ, цæмæй сын тыхстдæр уавæртæ сараза. Ацы къахдзæфæй Эрдоган æвдисы хурныгуылæйнаг бæстæтæн, ома, Туркæн дæр æндæвдад ис глобалон политикæйыл æмæ йын йæ ныхасмæ дæр хъусын хъæуы.

Турчы президент ма ской кодта, ныры онг цы хойраджы бадзырд кусы, уыцы проблемæйыл. 17 июлы фæуд кæны бадзырды рæстæг æмæ Уæрæсейы фарс фидарæй загъта, ома, йæ нал адарддæр кæндзæнис. Ацы хойраджы бадзырды фæстиуæгæн Туркмæ стыр æфтиæгтæ кæй цæуы, уый тыххæй Эрдоганы фæнды йæ адарддæр кæнын æмæ æнхъæлмæ кæсы Путинимæ фембæлдмæ. Эрдоганы бæрæггæнæнтæм гæсгæ хойраджы бадзырды фæрцы Украинæйæ Сау денджызыл раластой 30 милуан тоннæйы хойраг. Бадзырды сæйраг нысан уыд, цæмæй хойраг ласт цæуа мæгуыр бæстæтæм, фæлæ æцæгæй та наутæ цыдысты Европæмæ. Эрдоган ацы хабæртты тыххæй ницы загъта. Ацы бадзырды фæрцы ма хойраг дæр нæ фæзынаргъ, фæлæ бадзырд куы нал адарддæр кæной, уæд æнæмæнг фæзынаргъ уыдзæнис. Уæрæсе разы уымæн нæу æмæ бадзырды Уæрæсейы пайдайæн иунæг пункт дæр æххæст не ‘рцыд.

Ӕнæнхъæлæджы Эрдоган Зеленскийæн радта террористон организаци «Азов»-ы командиртæй фондзы, кæцытæ бадзырдмæ гæсгæ хъуамæ Турчы территорийæ ма ахызтаиккой хæстон архæйдтыты фæудмæ. Фæлæ та ам дæр æнæууæнк разынд Эрдоган. Ацы къахдзæф эксперттæ бæттынц Сирийы ныры уавæримæ – уæрæсейаг æфсæддонтæ сириаг гарзджын тыхтимæ иумæ горæт Идлибы ныппырх кодтой туркаг хæстонты. Уымæ гæсгæ Эрдоган йæ маст систа ахæм хуызы.

Дзырд ма цæуы, ома, Турк хъавы Украинæйæн хæдтулгæ хотыхтæ «Фыртына»-тæ радтынмæ. Ам дæр диссагæй ницы ис – ныры онг дæр сын бирæ æхсæнгарз лæвæрдта. Ӕрмæст «Bayraktar ТВ2»-ты кой цас фæкодтой. Уымæй уæлдай ма сæ ифтонг кодтой æмæ кæнынц згъæрварс техникæйæ «Kirpi» æмæ «Kobra-II»-тæй, ракетæтæй «TR-122» æмæ «TRLG-230»-тæй, сæрмагонд хæстон уæлæдарæсæй. Фæлæ уыцы информаци æмбæхсынц, цæмæй Уæрæсеимæ сæ ахастытæ ма фехалой.

Джиоты Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.