Респбуликæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Тедеты Вадимæн, Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректорæй ногæй æвзæрст кæй æрцыдис, уый тыххæй.

Арфæйы дзырдæуы:

«Цытджын Вадим Ботазы фырт.

Айс мын мæ арфæтæ ногæй æвзæрст кæй æрцыдтæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректоры бынатмæ, уый тыххæй.

Æвзæрстыты фæстиуджытæ ирдæй фенын кодтой, кæй дын ис эффективон къухдариуæггæнæджы авторитет æмæ дын стыр кад кæй кæнынц профессорон-ахуыргæнджыты коллектив æмæ студенттæ. Административон, педагогон æмæ зонадон куысты де стыр фæлтæрддзинад, уæлдæр профессионалон ахуырады нырыккон проблемæтæ арф æмбарын  университетæн ахъаз уыдзысты, цæмæй ног бæрзæндтæм схиза.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Вадим Ботазы фырт, ацы бæрнон бынаты  фидар æнæниздзинад, фæрныгад,  зонады рæзты æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонæн бæрзондквалификациджын кадртæ цæттæ кæныны хъуыддаджы ног æнтыстытæ».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.