НУЗАЛЫ КУВÆНДОН РАЦАРАЗДЗЫСТЫ

Мӕскуыйаг специалисттӕ Нузалы кувӕндон цалцӕг кӕнынц. Кувӕндон ногӕй куыд аразынц, уый тыххӕй бӕлвырдӕй дзуры зындгонд мӕскуыйаг компанийы сисамайӕг-реставратор Зотты Руслан. Ныртӕккӕ аразджыты сæйраг хæс у бетон аиуварс кӕнын ӕмӕ бӕстыхайы бындур 50 сантиметры бӕрзонддӕр сисын.

Федералон нысаниуӕджы культурæйы цыртдзӕвӕн рацараздзысты фыццаг хатт (амæй размӕ ам ӕххӕст кодтой æрмӕст фыдбылызы ныхмӕ куыстытӕ).

Ӕвӕджиауы реставра­цион æрмӕджытӕй пайда кӕнгӕйæ, реставратортӕ сӕ куыст ӕххӕст кӕнынц, куыд ӕмбæлы, афтӕ.

«Вазыгджын куыстытӕ хатгай рӕстӕгмӕ бауромӕм, уымӕн ӕмӕ бетоны змӕст кӕд ныффидар уыдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кæсын бахъӕуы», – зӕгъы Зотты-фырт.

Бахъуаджы рӕстӕг бынӕттон цӕрджытӕ дӕр реставратортӕн баххуыс кӕнынц. Историктӕ амынд кувӕндон нымайынц къорд культурӕйы иугӕнӕг объектыл.

– Ам бынӕттон архи­тектурон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ византиаг нывкӕнынады ӕууæлтӕ кӕй баиу сты, уыдӕттӕ нымайгӕйӕ, цыртдзӕвӕн ӕппӕт дунейы историктӕн зынд­гонд у, – зӕгъы организаци “Наследие алан”-ы ди­ректор Габоты Людмилӕ.

Специалисттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй фидӕны мингай туристтӕ ӕмӕ дингӕнджытӕ Нузалы культурӕйы ноггонд цыртдзӕвӕн фенынмӕ ӕрбацӕудзысты. Историкты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фыццаг алайнаг паддзах Ос-Бӕгъатыры баныгӕдтой амынд кувæндоны.

Рӕхджы кувӕндоны къултӕ ногӕй самайдзысты. Ӕмӕ чысыл фӕстӕдӕр Нузалы кусын райдайдзысты Мӕскуыйы зонадон-иртасӕн институты специалисттӕ. Ацы специа­листты хӕс уыдзӕн сыгъдӕг адӕймӕгты нывтӕ рацаразын. Куыстытӕ ӕххӕстӕй конд фӕуыдзысты фæззæджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.