ФЕМБÆЛДЫСТЫ ФУТБОЛУАРЗДЖЫТИМÆ

Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы футболисттæ Мæскуыйы фембæлдысты мингай футболуарзджытимæ. Уыдон æрбацыдысты фембæлдмæ, цæмæй сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ зæгъой æмбырдгонды футболисттæн, кæцытæн сæ бон ссис дунейы чемпионаты ¼ финалмæ ахизын. Сæ рады, æмбырдгонд командæйы уæнгтæ сæ тренер Черчесты Станиславимæ арфæйы ныхæстæ загътой футболуарзджытæн сæ фарсхæцынады тыххæй. «Мах уыдыстæм иумæ. Фæндыд нæ дарддæр ацæуын, фæлæ нæ къухты нæ бафтыд. Цыппар азы фæстæ Катары мах хъаздзыстæм ноджы хуыздæр, фæлæ нын æнæ сымах зын уыдзæн. Уымæ гæсгæ иууылдæр рацæут уырдæм дунейы чемпионатмæ», – загъта Черчесты Станислав.

ФÆХУЫДТА СÆ ЙÆХИМÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин йæхимæ фæхуыдта Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы  æмæ йæ тренер Черчесты Станиславы дунейы чемпионаты фæстиуджытыл æруынаффæ кæныны тыххæй. Путин банысан кодта Хорватийы командæйы ныхмæ матчы Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы футболистты фæндвидар хъазты тыххæй.

РАДТОЙ СÆ ХÆЦÆНГÆРЗТÆ

Æнæзакъонон хæстон къордтæ Дераайы провинцийы радтой сæ хæцæнгæрзты фылдæр хайы, æхстытæ æруромыны тыххæй бадзырдтæм гæсгæ, – хъусын кæны Сирийы знагиуæг фæрсты фидыдады фæдыл уæрæсейаг центры хистæр Алексей Цыганков. Уыдон радтой бирæ хæцæнгæрзтæ æмæ хæстон æрмæджытæ, уыцы нымæцы дыууæ танкы æмæ фистæг æфсады иу хæстон машинæ. Фидыдады центр ауагъта гуманитарон акци  Эс-Сувейдайы провинцийы. Ссæрибаргонд цæрæн пункт Мусейфайы цæрджытæн баластой 4,3 тоннæйы хæлцадон продукттæ æмæ 15 мин литры нуазыны дон. Цæрæн пункт Бабилайы цæрджытæн та – арæзтадон æрмæджытæ астæуккаг скъола сæндидзын кæныны тыххæй. Скæ-сæйнаг Гутамæ лигъдæтты лагертæй ныридæгæн раздæхтысты 71 мин адæймагæй фылдæр. Уæрæсейаг медиктæ иу суткæмæ медицинон æххуыс бакодтой дæсгай сирийæгтæн.

ÆНДИДЗЫД ЦÆУЫНЦ СКУЛЬПТУРÆТÆ

Дамаскы национ музейы кусджытæ сæхи тыхтæй æрæвнæлдтой Пальмирайы боевиктæ цы скульптурæтæ ныппырх кодтой, уыдон сæндидзын кæнынмæ. Террористтæн сæ бон раласын цы цыртытæ нæ баци, уыдоны  ныппырх кодтой. Сиримæ ЮНЕСКО-йы эксперттæ нæма æрбацыдысты, æппæт фарстыты фæдыл сын консультацитæ дæттынц уæрæсейаг специалисттæ. Артефакттæ сæндидзын кæныны тыххæй финанстæ рахицæн кодта сирийаг хицауад. Реставрацийы фæстæ экспонатты равдисдзысты публикæйæн. Нып-пырхгонд артефакттæ сæндидзын кæнынæн бахъæудзæн бирæ æхцайы фæрæзтæ æмæ бирæ азты дæргъы уæззау куыст. Алы объект, архитектурæйы алы цырт-дзæвæны дæр хъæуы мургай æндидзын кæнын, бахъахъхъæд цы æрцыд, уыцы чысыл фрагменттæм гæсгæ.

ÆРБАЦЫД САУ ДЕНДЖЫЗМÆ

Одессæмæ æрбацыд АИШ-ы ракетон эсминец DDG-78 Porter. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, эсминец æмæ АИШ-ы Æфсæддон денджызон тыхты нау Сау денджызмæ кæй æрбацыдысты 2018 азы Украинæ æмæ НАТО-йы флотты ахуырты хайад райсыны тыххæй. Денджызон маневртæ уагъд цæудзысты 9-æм июлæй 21-æм июлмæ, сæ программæйы сты денджызы æнæзакъонон архайд-тытæ фæсыкк кæнын, уæлдæфы æмæ доны бын ныхмæлæууæджы ныхмæ архайдтытæ æмæ ирвæзынгæнæн операцитæ. Ракетон эсминецы наутæ ифтонг сты хæстон информацион системæ Aegis æмæ 80 базырджын ракетæтæ Tomahawk-ы уадзæн ифтонгадтæй. Эсминец хайад иста Сау денджызы ивгъуыд азы ахуырты дæр, 2012 азы Персидаг донбакæлæны сæмбæлд япойнаг танкеримæ.

ПРОТЕСТОН АКЦИТÆ

Никарагуайы протестон акциты рæстæджы фæмард сты 14 адæймаджы.  18-æм апрелæй фæстæмæ бæстæйы уагъд цæуынц протестон акцитæ хицауады реформæйы ныхмæ, цыран хынцыд цыд социалон фæдзæхсты фондтæм куыстдæтджытæ æмæ кусджыты куыстмыздтæй ахыгъдтæ фæфылдæр кæнын. Бæстæйы президент Даниэль Ортега ныридæгæн аивта реформæйы, фæлæ дзыллон акцитæ нæ фесты. Ортега нæ разы кæны æмгъуыдæй раздæр æвзæрстытæ ауадзыныл.

НÆ ФÆНД КÆНЫНЦ САНКЦИТÆ АИВЫН

АИШ-ы паддзахадон секретарь Майк Помпео куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Иугонд Штаттæ нырма нæ фæнд кæнынц Цæгат Кореяйы ныхмæ санкцитæ фæлæмæгъдæр кæнын. Паддзахадон секретары хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Вашингтон фæнд кæны Цæгат Кореяйы фарсы ‘рдыгæй æххæст денуклеаризаци къухты бафтын кæнын. Помпео банысан кодта, зæгъгæ, 7-æм июлы Цæгат Кореяимæ бадзырдты рæстæджы къухты бафтыдысты бадзырдтæ, зæгъгæ, Пхеньян сæххæст кæндзæн йæхимæ райсгæ хæстæ ракетон змæлынгæн-джытæн фæлварæнтæ уадзыны тыххæй полигон скуынæг кæнын, афтæ ма Кореяйы хæсты фæмардуæвæг америкæйаг салдатты мард буæртты репатриацийы тыххæй. Цæгат Кореяйы хицауад бафæдзæхста, зæгъгæ, денуклеаризацимæ Америкæйы тырнындзинадæй гæнæн ис мацы рауайа, кæд æмæ америкæйæгтæ тырной æрмæстдæр сæхи нысæнтты къухты бафтын кæнынмæ, уæд.

ФЕХСТОЙ ЙÆ ГОРÆТЫ ЦЕНТРЫ

Гуырдзыстоны президенты сиахсы фехстой Тбилисы центры Баланчивадзейы уынджы. Миндиа Гогочурийы тагъдыл аластой рынчындонмæ. Дохтыртæ йын йæ уавæр хонынц стабилон, ныртæккæ уый ис реанимацион хайады, фæлæ йæ цардæн тæссаг нæу.

АФÆЛДÆХТ ПОЕЗД

Туркы цæгат-хуссар хайы поезд кæй афæлдæхт, уый фæстиуæгæн фæмард сты 24 адæймаджы, 100 адæймаджы бæрц та цæфтæ фесты. Инцидент æрцыд Текирдагы провинцийы. Рельсытæй фæиппæрд сты поезды æхсæз вагоны æмæ афæлдæхтысты. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, трагеди æрцыд, тыхджын къæвдаты фæстиуæгæн сыджыт кæй ралæбырд, уый аххосæй.

ФÆМАРД СТЫ 100 АДÆЙМАДЖЫ

Японы тæрккъæвдаты фæстиуæгæн фæмард сты 100 адæймаджы, ноджы 58 адæймаджы та нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтыл. Тæркъкæвдатæ иууыл фылдæр разиан кодтой Хиросимайы префектурæйæн. Æрмæст ацы районы фæмард сты 38 адæймаджы æмæ 40 æбæрæгæй фесæфтысты.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.