РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Æмбæстагон хъахъхъæнынад,  уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдты аиуварс кæныны фæдыл министрады кусджытæн, министрады сырæзтыл 12 азы сæххæсты цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг сын загъта царды хæрзиуджыты æмæ сæ куысты стыр æнтыстыты фæндиæгтæ.

«Уæ куысты эффективондзинад бæрæг у. Фактон æгъдауæй сабыр дуджы сымах æххæст кæнут уæ цардæн тæссаг хæслæвæрдтæ. Уæлвæткон уавæрты министрадыл адæмы æууæнк бæрзонд кæй у, уый банысан кæнын мын æхсызгон у. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы æууæнкдзинады дæлæмæ æруадзын нæ хъæуы.  Цæмæй не ‘мбæстæгтæн рæстæгыл баххуыс кæнат, уый тыххæй сымахмæ фаг ис фæрæзтæ, техникæ æмæ специалон ифтонггæрзтæ», – загъта уый ведомствойы рӕнхъон сконды службæгæнджытæн.

Бибылты Анатоли бузныг загъта Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæн се ‘нтыстджын куысты тыххæй æмæ фæндвидарæй банысан кодта, зæгъгæ, сæ разы цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон æххæст цæудзысты гъæдджынæй æмæ рæстæгыл.

«Уырны мæ, уæ бон бауыдзæн æмæ Уæлвæткон уавæрты министрадмæ не ‘мбæстæгты æууæнк бæрзонд кæндзыстут», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг хицæнæй ныхас кодта Зынгхуыссынгæнæн службæйы хайады минæвæрттимæ æмæ базонгæ ведомствойы материалон-техникон ифтонгады проблемæтимæ.

«Ведомствойы проблемон фарстатæ скъуыддзаг цæудзысты, уыцы нымæцы куыстмызд фæфылдæр кæныны фарстатæ дæр. Бузныг, цы быхсындзинад æвдисут, уый тыххæй. Цæмæй Уæлвæткон уавæрты министрады кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр уой, уый тыххæй республикæйы къухдариуæгад, цы гæнæн ис, уый сараздзæн», – ныфс бавæрдта Президент.

Дарддæр уыд паддзахадон хорзæхтæ дæттыны церемони.

Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл профилактикæ æмæ уæлвæткон уавæртæ иуварс кæныны хъуыддаджы сгуыхтдзинæдты тыххæй æмæ  Æмбæстагон хъахъхъæнынад,  уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдты ликвидацийы фæдыл министрады кусджытæн, министрады сырæзтыл 12 азы сæххæсты боны цытæн Бибылты Анатоли ведомствойы кусджытæй цалдæры схорзæхджын кодта «В ознаменование 10-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии»-йы  майдантæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.