Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ кæнын РХИ-йы Æмбæстагон æдасдзинад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады æппæт кусджытæн æмæ ветерантæн сæ профессионалон бæрæгбон – ведомствойыл 10 азы сæххæсты боны цытæн!

Уæлвæткон уавæрты министрады службæ кæныны фæндаг равзарынц уды скондæй фидар, хъайтар адæймæгтæ. Фæнды мæ банысан кæнын, уыцы азты дæргъы сымах серьезон куыст кæй бакодтат территориалон органтæ, оперативонæй æххуысмæ цæуыны тыхтæ æмæ фæрæзтæ саразын, уæ профес-сионалон фæлтæрддзинад фæхуыздæр кæныны фæдыл.

Уæ сæйраг хæс  – уæлвæткон уавæрты чи бахауы, уыцы æмбæстæгтæн баххуыс кæнын, зæгъын хъæуы, сымах кадимæ кæй æххæст кæнут. Бæрзонд æмвæзадыл цæттæ уæвгæйæ, сымах зынгсивæрзтыты æмæ æндæр бæллæхты рæстæджыты алы хатт дæр архайут рæвдз æмæ аиуварс кæнут алыгъуызон æрдзон æнамонддзинæдтæ æмæ катаклизмæтæ, хъуыддагæй уæ хæрзарæхст æмæ профессионализм равдисгæйæ.

Бузныг уын уæ цæсгомджын куысты тыххæй РХИ-йы хæрзиуæгæн. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр кæй æххæст кæндзыстут уæ хæстæ, æппæт тыхтæ æмæ зонындзинæдтæ, зæххыл æппæты арфæйагдæр куыст – адæймаджы цард бахъахъхъæнынæн лæвар кæнгæйæ.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ иууыл хуыздæр фæндиæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.