Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады сырæзтыл 13 азы сæххæсты цытæн!

Уæ cлужбæ у тæссаг æмæ зын. Сымах алы хатт дæр стут æрдзон катаклизмты, уæлвæткон уавæрты эпицентры, сæ фæстиуджытæ сын иуварс кæнгæйæ.

Уæлвæткон уавæрты кусджытæ сты хъæбатыр æмæ æнувыд адæм, кæцытыл ис цард баууæндæн. Уæ цæттæдзинад службæйон хæс æххæст кæнынмæ æмæ зын уавæрты архайынæй сымах ссардтат не ‘мбæстæгты аккаг авторитет æмæ кадкæнынад, кæцытæ æххуысмæ æрбацæудзысты, зын уавæрты чи бахауд, уыцы адæммæ.

Бузныг уын уæ профессионализм, æхсардзинад æмæ цæсгомджын службæйы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ йе ‘мбæстæгты хæрзиуæгæн.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы  уæ æрвылбонон вазыгджын куысты, фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ фæрныгад сымахæн æмæ уæ хиуæттæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.