Кæронмæ бахæццæ Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг Бежанты Зелимы номарæн турнир мини-футболæй. Ерыстæ уагъд цыдысты Дзауы поселочы æмæ сæ хайад райстой 10 командæйы. Уыдон дих уыдысты дыууæ дæлкъордыл.

Турниры финалы фембæлдысты Дзауы поселочы æмæ 5-æм астæуккаг скъолайы командæтæ. Хуыздæр ахъазыдысты дзауæгтæ æмæ систы ерысты уæлахиздзаутæ. 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ та ацыдысты дыккаг бынатыл.  Æртыккаг бынат та фæцис гимназ «Альбион»-ы командæйы. Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призерты схорзæхджын кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. «Тынг æхсызгон мын вæййы Дзауы афтæ бирæ сывæллæттæ сæ ныййарджытимæ кæй æрæмбырд вæййынц, уый. Уымæ гæсгæ дарддæр дæр ерыстæ уадздзыстæм спорты æндæр хуызтæй дæр. Бежанты Зелимы тыххæй та мæ фæнды уый зæгъын, æмæ республикæйæн уæззау рæстæджыты, тренировкæтæ кæнынæн уавæртæ куынæ уыд, куыстмыздтæ та хæрзчысыл куы уыдысты, уæддæр Зелим  Михаилы фырт  нæ ныууагъта йæ уарзон хъуыддаг æмæ уый фæрцы нæ районы фæсивæдæн уавæр уыд футболæй архайынæн. Ахæм стыр гоймаджы ном рохгонд ма хъуамæ уа. Уымæ гæсгæ йæ номыл турнир уагъд цæудзæн æрвылаз дæр», – банысан кодта уый.

Паддзахады сæргълæууæджы номæй ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта спорты фарстаты фæдыл президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин. Æвзонг футболисттæн ма раарфæ кæныны тыххæй Дзаумæ æрбацыд РХИ-йы футболы федерацийы президент Джиоты Алан. Ерыстæм сæ хъус дардтой Бежанты Зелимы бинонтæ дæр. Йæ организатортæн æмæ хайадисджытæн бузныг загъта Зелимы цардæмбал Мурадаты Фатимæ.

Турниры уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ æмæ кады грамотæтæй. Хуыздæр цыппар футболон командæйы ма призтæ райстой Бежанты Зелимы бинонты номæй дæр. Афтæ ма сын пуртитæ радтой футболон скъолайы директор Битеты Зауыр,  Багаты Ирон æмæ Бежанты Костя.

Бæрæг ма æрцыдысты турниры хуыздæр хъазджытæ. Сæрмагонд призтæ лæвæрд æрцыдысты кулдуаргæс Джиоты Денис, хъахъхъæнæг Джыгкайты Михаил, æрдæгхъахъхъæнæг Дзæгъиаты Арсен, размæбырсæг Мæргъиты Дмитри, хуыздæр бомбардир Тъехты Альберт æмæ ерысты хуыздæр хъазæг Цхуырбаты Давидæн.

КОМАНДОН ЧЕМПИОНАТ ШАХМАТТÆЙ

Цхинвалы скъола-интернаты уагъд æрцыд ахуырдзауты ‘хсæн республикæйы командон чемпионат шахматтæй. Хайад дзы райстой 13 командæйы. Уыдонæй алкæцыйы дæр уыд фæйнæ æртæ хъазæджы. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ финалы фембæлдысты сæ дæлкъордты иууыл хуыздæр командæтæ. Уыдон та разындысты гимназ «Рухс» æмæ Цъинагары астæуккаг скъолайы командæтæ. Фембæлд рауад тынг æндыгъд æмæ цымыдисон. Фыццаг уал фæцис фыццаг фæйнæджы фарсмæ хъазт. Ам хуыздæр йæхи равдыста Цъинагары минæвар. Дарддæр хъазт фæцис æртыккаг фæйнæджы фарсмæ. Уым та цæттæдæр разынд гимназ «Рухс»-ы минæвар æмæ хыгъд сæмхуызон кодта. Афтæмæй сыгъзæрин майданты хъысмæт бæрæг цыд дыккаг фæйнæджы фарсмæ. Ам спортивон амонд бахудт гимназ «Рухс»-ы хъазæгмæ æмæ афтæмæй уæлахиз æрхаста йæ командæйæн.

«Æнæнхъæлæджы мын уыд ахæм хорз командæты ‘хсæн цъинагайрæгтæ цæттæдæр кæй разындысты æмæ кæй ахызтысты финалмæ. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын Цъинагары скъолайы директор Гусойты Ласкойæн командæ афтæ хорз кæй бацæттæ кодта, уый тыххæй», – банысан кодта РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги.

Ерысты æртыккаг бынат та бацахста гимназ «Альбион»-ы командæ.

   ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.