Цытджын æмбæстæгтæ!

Абон Хуссар Ирыстоны у уæлдай ахсджиаг бон, иууыл нысаниуæгджындæр паддзахадон бæрæгбонтæй иу – Хæдбардзинад банымайыны бон! Нæ адæмы бирæ фæлтæрты мысынады 2008 азы 26-æм августы бонæй стырдæр цины бæрæгбон нæ уыд. Уæд дзыллон информацийы фæрæзтæй райхъуыстысты Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитрий Медведевы Барамынды ныхæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй.

Хæдбардзинады банымад нысан кодта, зæгъгæ, фæцис хæст, фæцис нæ адæмы уæлахизæй æмæ рæстаг сабырдзинад сфидар кæнынæй. Хæст цыд бирæ азты дæргъы, рæстæгмæ-иу куы фæсабыр, куы та-иу гуырдзиаг боевикты ног æмæ ног æхстытæй, æнаккаг террористон лæбурдтытæй æмæ ног æрбабырстытæй зæрдыл æрлæууын кæнгæйæ. Хæст æрхаста уыйас маст æмæ хъизæмæрттæ æмæ цæрæнбонтæм Хуссар Ирыстоны адæмы зæрдæты ныууагъта æнæбайгасгæнгæ хъæдгæмттæ.

Æгæрон дæргъвæтин æмæ æнахуыр зын уыд Хуссар Ирыстоны фæндаг ацы бæрæгбонон ирд бонмæ. Цæмæй ацы фæндаг рацыдаиккой, уый тыххæй Хуссар Ирыстоны адæмы бахъуыд æнахуыр фидардзинад, æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад равдисын. Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы хабарыл Хуссар Ирыстоны сæмбæлдысты стыр цинимæ. Банымад нысан кодта хæсты фæуд, хæст, иу кæнæ иннæ формæйы аххæссыд 20 азы бæрц. Ацы хæст Хуссар Ирыстонæн ссис Фыдыбæстæйон æмæ фæцис нæ уæлахизæй.

Уыцы æнустæм мысинаг боны хæстæфхæрд Цхинвалы централон фæзуаты чи уыд, адæмы цæстытыл амонды цæссыгтæ æмæ сын сæ цинæйдзаг цæсгæмттæ чи федта, æрмæстдæр уый зоны æцæг, стыр амонд цахæм вæййы, уый.

Уый уыдис цæссыгтимæ цин, Уæлахизы амонд, сабырдзинад фæстæмæ раздахыны амонд, уый уыдис фидæны ныфсы къухты бафтгæ амонд.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй 2008 азы августы райсгæ Уæрæ-сейы политикон уынаффæ, Мæскуыйæн хуымæтæджы къахдзæф нæ уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы уынаффæ бындуриуæг кодта референдумты æппæтадæмон хъæлæсæппæрсты ирдæй равдисгæ Хуссар Ирыстоны адæмы фæндоныл. Ацы уынаффæ ма растдæр афтæ дзуапп лæвæрдта Уæрæсейы адæмы æнкъарæнтæ æмæ æнхъæлмæкастæн. Уыимæ хæдбардзинад банымайыны тыххæй уынаффæ бындуриуæг кодта дунеон барады бындурон принциптæ æмæ нормæтыл æмæ уыд бынтон легитимон. Ацы къахдзæф сарæзта уæрæсейаг къухдариуæгад, кæд æмæ Ныгуылæны бæстæтæ тырныдтой æмæ архайдтой Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ æркæнын ма бауадзыныл, уавæр хæсты размæйы позицитæм фæстæмæ раздахыныл, уæддæр.

Мæскуыйæн уыд иунæг нысан – Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æууæнкджын æдасдзинад сифтонг кæнын, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй агрессийы ног бафæлвæрдтытæ æмæ нæ адæмты скуынæг кæнын ма бауадзын. Уый тыххæй æндæр ахадæн амæлттæ нæ уæвынад кодтой æмæ нæ уæвынад кæнынц.

Гуырдзыстон йæхæдæг скуынæг кодта конфликты зонæйы æдасдзинад бахъахъхъæныны механизмтæ æмæ бынтондæр æрурæдта гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл сабырадон уынаффæтæ ссарыны куыст, кæцы аххæссыд 15 азæй фылдæр.

Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинады банымад арæзта æнæмæнгхъæуæг барадон уавæртæ республикæты бахъахъхъæныны тыххæй, Гуырдзыстон та ногæй агрессивон архайдтытæ куы райдыдтаид, уæд. Ныхдуртæ ма æвæрдта Цæгататлантикон бадзырды организацимæ бацæуыны тыххæй Гуырдзыстоны фæндагыл дæр. Йæ бацыдæй цæхгæр фæбæрзонддæр уыдаид регионалон æдасдзинады тæссагдзинад.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсе бахынцыдта ацы къахдзæфы геополитикон фæстиу-джытæ æмæ цы æвзонг паддзахадтæ банымадта, уыдоны бахъахъхъæныны тыххæй йæхимæ райсгæ бæрндзинад. Йæхимæ райста бæрндзинад банымад паддзахадты уæвынады, адæймаджы бындурон бартæ бахъахъхъæд сифтонг кæныны, паддзахаддзинады демократон бындуртæ æмæ социалон-экономикон рæзты тыххæй. Хъусдардмæ райстой уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны адæм ныридæгæн кæй сбæлвырд кодта йæхи паддзахад саразынхъомдзинад, цыфæнды аргъæй дæр сæрибардзинады тыххæй сæ бартæ бахъахъхъæнынмæ цæттæдзинад.

Хынцыд ма цыд уый дæр, æмæ æнæфау барадон бындурыл арæзт Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинадæн йæ бон кæй ссис бафæразын уæззаудæр уавæрты, равдыста йæ цардхъомдзинад, æмбæлон уыд иумиаг банымады критеритæн. Æппæт уыцы фактортæ бæлвырдæй хынцыд æрцыдысты.

Абон, 15 аз рацæуыны фæстæ, ирдæй бæрæг у, Уæрæсейы райсгæ уынаффæ æрмæст логикон кæй нæ уыд, фæлæ бынтон раст равзæрст дæр. Нæ хæдбардзинады банымад ссис ахсджиагдæр дуг Хуссар Ирыстоны адæмы саразгæ паддзахаддзинады историйы æмæ нæ бæстæйæн банысан кодта сабырдзинад, æндидзынад æмæ дидинæфтыды эпохæйы райдиан.

Æниу, кæд банымад ног паддзахад нæ аразы, уæддæр уый бæстæйæн гом кæны егъау фадæттæ. Махæн, фыццаджыдæр, уый у, нæ уæрæсейаг партнертимæ æххæстæй æмгуыст  кæныны фадат. 2008 азы 17-æм сентябры, дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæстæ, къухтæ фыст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстады тыххæй Бадзырдыл. Ацы Бадзырд   фæлгæтон бындур са-рæзта дыууæварсон æмгуыстады бадзырдон-барадон базæйы рæзтæн. 2015 азы 18-æм марты та къухтæ æрфыстæуыд Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырдыл, уый ба-нысан кодта ног æмвæзад æмæ Уæрæсеимæ нæ ахастыты уæлдай гъæд.

Къухтæ фыст цы дыууæварсон бадзырдон-барадон документтыл æрцыдысты, уыдоны нымæц 150-æй кæй ахызт, уый дæр дзурæг у æмгуыстады гъæд æмæ бæрзонд интенсивондзинады тыххæй, кæцы æххæссы нæ паддзахадæн æппæт ахсджиаг фадгуытыл дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнтæ иумæйаг тыхтæй хъахъхъæныны тыххæй 2009 азы 30-æм апрелы райст сразыдзинад æмæ 2015 азы 18-æм марты райст Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдмæ гæсгæ хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады иумиаг тыгъдад саразын фидар бындур æрæвæрдтой Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн. Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ лæууынц Хуссар Ирыстоны арæнтыл, 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддон службæгæнджытимæ иумæ хъахъхъæнынц нæ республикæйы сабыр-дзинад æмæ æдасдзинад.

Уæрæсе нын стыр æххуыс бакодта гуырдзиаг хæстонты ныппырхгонд цæрæн хæдзæрттæ, æхсæнадон бæстыхæйттæ, инфраструктурæ сæндидзын кæныны хъуыддаджы. Хæсты фæстæ ныппырхгонд хæдзарад сæндидзын кæныны нын æнтыстытæ уыд Уæрæсейы Федерацийы стыр æххуысы фæрцы. Фæндæгтæ, газуадзæн æмæ электроадæттæн хæххытæ, медицинон æмæ ахуырадон уагдæттæ, цæрæн хæдзæрттæ – æппæт уыдæтты саразын нæ къухы бафтыд Уæрæсейы руаджы. Уæрæсейы æххуысы фæрцы реализаци цæуынц Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæтæ.

Нæ бæстæты ‘хсæн æнтыстджынæй рæзы экономикон æмгуыстад. Уæрæсейы базары  егъау масштабтæ хынцгæйæ, экспортон продукцийы гуырахст махмæ тынг хорз рæзы.

Сæрмагондæй мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты æрвыл аз дæр хуссар-ирыстойнаг абитуриенттæн рахицæн кæнынц дæсгай бынæттæ. Уæрæсейы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуырад чи райста, уыцы лæппутæ æмæ чызджытæ республикæмæ æрыздæхтысты квалификациджын специалисттæй æмæ кусынц алы æмæ алы фадгуыты. Æмæ уый æрмæст зонындзинæдтæ райсын нæу, фæлæ ма у дывæрсыг бастдзинæдтæ æмæ æмгуыстад дарддæр рæзын æмæ фидар кæнын дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад, кардиналон æгъдауæй, рауæрæх кодта æддагполитикон фадыджы куысты тыххæй æппæт фадæттæ дæр. Уæрæсеимæ æнгом координацийы кусæм æхсæнадæмон позицитæ размæ кæныныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, Гуырдзыстон æмæ йæ ныгуылæйнаг партнертæ тырнынц алыгъуызон ныхдуртæ нын сæвæрынмæ, æндæр бæстæтæн агрессивонæй сæ «æнæ банымады политикæ» хъаргæйæ, Уæрæсейæ æмæ æндæр бæстæтæй домынц, цæмæй уыдон ма сразы уой Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинæдтæ банымайыныл. Афтæ мæм кæсы, æмæ уыцы хъарындзинады æнæ перспективондзинад сæхæдæг дæр æмбарынц. Рæстæгæн фæстæмæ раздахæн нæй. Хуссар Ирыстоны суверенитетæн аивæн нал ис, Уæрæсейы та ба-фæзмыдтой, хæлардзинад æмæ солидарондзинады ахастытæ цы иу къорд бæстæимæ аразæм æнтыстджынæй, уыдон. Æмбæстагон æхсæнады хаххыл рæзынц контакттæ  иу къорд бæстæтимæ. Кæд нын коллективон ныгуылæн нæ фæндагыл ныхдуртæ æвæ-ры, уæддæр Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæлæртты нымæц фылдæрæй фылдæр кæны.

Хуссар Ирыстоны адæмæн хæдбардзинады банымады бæрæгбон ссис, Уæлахизы æмæ дæргъвæтин рæстæджы цы сабыр-дзинадмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм бон. Æмæ уыцы хъæл-дзæг бон мах, кæддæриддæр, æрæмысæм, уыцы уæлахиз нæ къухы цы аргъæй бафтыд, уый. Хуссар Ирыстоны зæххыл сæрибардзинад æмæ сабырад реалон систы нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты, Хуссар Ирыстоны адæмы æхсардзинад æмæ ныфс-хастдзинады, фидар удыхъæд æмæ удуæлдайдзинады æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Стыр Уæрæсейы æххуысы  фæрцы.

Хуссар Ирыстоны адæм никуы ферох кæндзысты, абоны сабыр царды тыххæй сæ цард чи снывонд кодта, уыдоны рухс нæмттæ. Нæ сæрæй ныллæг кувæм, нæ сабыр адæмы чи хъахъхъæдта æмæ тохы быдырæй чинæуал æрыздæхт, уыдонæн се ‘ппæты раз дæр. Нæ зæрдыл лæууынц гуырдзиаг агрессийы æппæт амæттæгтæ дæр, хъизæмары мардæй чи амард, уыцы сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сывæллæттæ.

Уыдон гуырдзиаг хæстонтæ амардтой, ирæттæ кæй уыдысты, нæ адæм сæ зонгуытыл кæй не ‘рлæуыдысты æмæ, нæ рагфыдæлты бирæ фæлтæртау, сæрибардзинады фæндаг кæй рав-зæрстой, æрмæстдæр уый тыххæй, кæд уыцы фæндаджы аргъ тынг бæрзонд уыд, уæддæр.

2008 азы зæрдылдарæн августæй фæстæмæ, 15 азы дæргъы, мах уынæм, нæ къухты цас бафтыд æмæ нын цас бирæ бантыст саразын. Мах уынæм æртхутæгæй сæндидзæг Цхинвалы, социалон-экономикон рæзт, нæ паддзахаддзинады фидар кæныны къахдзæфтæ æрвылаз дæр фидарæй-фидардæр кæнынц Уæрæсеимæ интеграцийы ахастытæ. Нæ тох æмæ нæ адæмыл цы стыр зиæнттæ æрцыд, уыдон æнæхъуаджы нæ уыдысты, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад йæ къахыл слæууыд æмæ нæ сабырадон куысты руаджы нæ фидыцджын Райгуырæн бæстæ рæсугъдæй-рæсугъддæр кæны. Нæ сæрибар сабыр бæстæйы рæзынц ног фæлтæртæ. Уыдоны тыххæй нæ адæм, бирæ хъизæмæрттæ баййафгæйæ, рахызтысты хæсты цæхæрыл. Уыцы фæлтæртæ дæр, бирæ æнусты дæргъы нæ фыдæлтæ куыд кодтой, афтæ сæ Фыдыбæстæйыл ауддзысты, хъахъхъæндзысты æмæ йæ уарздзысты.

Мах никуы ферох кæндзыстæм æмæ бузныг уыдзыстæм, Хуссар Ирыстоны хъысмæт куы скъуыддзаг кодта, уæд нæм йе ‘ххуысы къух чи фæдардта æмæ уæззау рæстæджы нæ ферсмæ чи балæууыд, уыдоны. Уæрæсе никуы фæфæсмон кæндзæн, нæ паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй йæхимæ бæрндзинад кæй райста, уый тыххæй. Мах кæддæриддæр уыдзыстæм кæрæдзийы фарсмæ, кæддæриддæр цæттæ уыдзыстæм, нæ хæлæртты тыххæй нæ бон цы у, уый саразынмæ.

Зынаргъ хæлæрттæ, уе ‘ппæтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы хæрзиуджытæ æмæ амонд!

Уæлахиз уæд Республикæ Хуссар Ирыстон!

Уæлазиз уæд Стыр Уæрæсе!

Арфæ уын кæнын Банымады æмæ Уæлахизы боны цытæн!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.