1990 азы 20 сентябрь хуссайраг ирæттæн ахсджиаг, историон нысаниуæджы  бæрæгбон у. Уымæн æмæ уыцы бон фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæ  расидтысты республикæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæм хъахъхъæд æрцыдаиккой, уый тыххæй. Уыцы бон хуссайраг ирæттæ дунейæн фехъусын кодтой сæрибар паддзахады цæрын сæ кæй фæнды. Рæстæг куыд фенын кодта, афтæмæй республикæ расидынæй нæ адæмон депутаттæ дæр æмæ адæм дæр нæ фæрæдыдысты, уый раст къахдзæф уыд, уымæн æмæ ацы нысаниуæгджын къахдзæф арæзт куынæ æрцыдаид, уæд абон нæ Райгуырæн бæстæ Республикæ Хуссар Ирыстон нæ хуыйнид, фæлæ  – «Шида картли», нæ адæм дæр сæрибар Ирыстоны нæ цæриккой, фæлæ уыдоныл дæр æркодтаид Гуырдзыстоны мидæггаг районты цæрæг ирæтты æмбисонд – ирæттæ фæлыгъдаиккой сæ райгуырæн бæстæйæ, чи ма дзы баззадаид, уыдон та гуырдзиæгты ‘хсæн батадаиккой.

Куыд раздæры Советон Цæдисы республикæты, афтæ Хуссар Ирыстоны политикон уавæр дæр цæхгæр фæивта ивгъуыд æнусы 90-æм азты. Уавæр æндыгъдæй-æндыгъддæр кодта. Цаутæ афтæ цырд ивтой кæрæдзи, æмæ нæ адæмы раздæры царды уагæй йæхи хуызæнæй ницыуал баззад.

Уавæр бæрæг фæкарздæр, 1989 азы ноябрæй 1990 азы июнмæ Гуырдзыстоны ССР Сæйраг Совет антиконституцион уынаффæтæ куы райста, уый фæстæ, кæцыты фæстиуæгæн ивд æрцыдысты Советон дуджы акттæ, уыцы нымæцы, 1922 азы Хуссар Ирыстон автономон областы хуызы Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæйы скондмæ цы декретмæ гæсгæ баконд æрцыд, уый дæр. Уымæй Тбилис барвæндонæй йæ барадон тыгъ-дадæй йæхæдæг ракодта Хуссар Ирыстоны. 

Уымæ нæ кæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны фæндыд уавæр сабырæй аскъуыддзаг кæнын æмæ архайдта Тбилисимæ иумиаг æвзаг ссарыныл. 1989 азы 10 ноябры Хуссар Ирыстоны автономон областы адæмон депутатты æнæрадон сесси райста уынаффæ автономон областæй автономон республикæ (Гуырдзыстоны сконды) саразыны тыххæй. Уыцы уынаф-фæ æрвыст æрцыд Тбилисмæ. Фæлæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад политикон куырыхондзинад нæ равдыста, не сразы хуссайраг ирæтты куырдиатыл.

Уый нæ, фæлæ ма 23 ноябры Цхинвалмæ «сабырадон митинг» ауадзыны æфсон гуырдзиæгты бирæминон колоннæ æрбафсæрстой Хуссар Ирыстонмæ. Уыдоны фæнд уыд ахæм хуызы горæт бацахсын, фæлæ сын нæ хъæбатыр лæппуты иу чысыл къорд сæ фæндаг куы æрæхгæдта, уæд базыдтой ирон лæджы фидар удыхъæд æмæ хъару æмæ  фæстæмæ худинаджы здæхт акодтой. Æниу иууыл нæ, уыдонæй бирæтæ æрбынат кодтой Хуссар Ирыстоны алыварс гуырдзиаг хъæуты. Фæндæгты æхгæдтой, ахстой ирæтты, тыхнад сæ кодтой, фыдмардæй сæ мардтой. Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ райдыдта æргом агресси.

ССР Цæдисы æмæ Гуырдзыстоны ССР къухдариуæгадтæм бирæ хæттыты сидтысты хуссайраг ирæттæ ахæм куырдиатимæ, зæгъгæ, «гуырдзыйы националистты æруромын уæ бон кæд нæу, уæд уавæрæн æмбæлон аргъ уæддæр скæнут». Фæлæ уыцы сидтытæ ницæмæ æркодтой. Уый нæ, фæлæ уыцы фæззæджы Гуырдзыстоны хицауиуæгадмæ æрцыдысты фашисттæ – сæ сæргъ Гамсахурдиа. Ацы фашистон режим Гуырдзыстоны расидт хæдбардзинад. Уый фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны уавæр ноджы фæкарздæр. Гарзджын провокацитæм бафтыдысты экономикон, транспортон, энергетикон блокадæтæ.

Хуссар Ирыстоны адæм ма сæ сæрæн уый зыдтой, æмæ развæлгъау аскъуыддзаг кодтой 1990 азы 20 сентябры сесси ауадзын. Сесси хъуамæ ауагъдæуыдаид  Цхинвалы Советты хæдзары (Парламенты ныры бæстыхай) органон залы. Уыцы рæстæджы-иу депутаттæй дарддæр сессийы куысты хайад райстой æхсæнады минæвæрттæ дæр. Боны 11 сахатмæ депутаттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ цæуын куы райдыдтой Советты хæдзармæ, уæд федтой бахизæны  гуырдзиаг милиционерты. Уыдон лæууыдысты дуæртты цур æмæ адæмы мидæмæ нæ уагътой. Депутатты бирæ ахъуыды кæнын нæ бахъуыд, уыдонæй чидæр бæстыхайы фæстæмæ бауад, рудзынг бакодта æмæ багæпп кодта мидæмæ, бакодта иннæ рудзгуыты дæр æмæ депутаттæй бирæтæ бахызтысты рудзгуытыл, уый фæстæ бакодтой дуæртты дæр.

Кæд горæты гуырдзиæгтæ æхстой стыркалиброн хæцæнгæрзтæй, уæддæр сесси йæ куыст кодта стыр дискусситимæ æмæ æддейæ цы рæмыгътытæ уыд, уыдоны хъусгæ дæр нæ кодтой залы адæм.  Сесси цыд  суанг райсомы 4 сахатмæ. Ацы сессийы уый фæстæ адæм рахуыдтой «сессия при свечах», ома, цырæгъты рухсмæ сесси.

Хуссар Ирыстоны адæмы фæндонмæ гæсгæ ацы сессийы расидт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон ССР Цæдисы сконды, райст æрцыдысты националон суверенитеты тыххæй Деклараци æмæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ССР Цæдисы Конституци кæй кусдзæн, уый тыххæй уынаффæ.

Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны фæстæ хицауад æмæ адæм æрæвнæлд-той республикæйы юридикон бындуртæ аразынмæ. Кæд сæм нæ уыд паддзахадон арæзтады стыр фæлтæрддзинад, уæддæр сæ алы къахдзæф дæр уыд раст æмæ фæд-фæдылон.

1990-æм азы декабры мæйы уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советмæ фыццаг æвзæрстытæ. Нæ республикæйы уæды къухдариуæгад æппæт дæр арæзта, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон сæрмагондæй баззадаид Советон Цæдисы сконды, куыд хицæн субъект, афтæ. Бирæ тыхтæ бахардз, цæмæй ирон адæмы ныхмæ гуырдзыйы агресси урæд æрцыдаид, цæмæй дуне бамбæрстаид, хуссайраг ирæттæ сепаратисттæ кæй не сты, фæлæ сты.

1991 азы 20 декабры Советон Цæдис бынтондæр хæлд куы æрцыдис, уæд дыккаг бон – 21 декабры Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет райста ахсджиаг документ – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй Деклараци.

Республикæ Хуссар Ирыстоны  пад-дзахадон арæзтады стыр къахдзæф сарæзтæуыд, 1992 азы 19 январы референдум. Ацы референдумы нæ адæм ноджыдæр бафидар кодтой, кæй сты Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ Уæрæсеимæ баиуы фарс.

Нæ адæмы хъуыды æмæ референдумы фæстиуджытæ юридикон æгъдауæй бафи-дар кæныны нысанæн ист æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт. Ома, афтæ зæгъæн ис, æмæ 1992 азы 29 майы æвæрд æрцыд нæ хæдбардзинад расидыны  хъуыддаджы фæстаг тæпп. Кæй зæгъын æй хъæуы,  хæдбардзинад иу тæппыл нæ фæвæййы. Нæ паддзахады арæзтад алы бон дæр дарддæр цæуы. Ист æрцыд нæ Конституци, ист цæуынц за-къæттæ, фидар цæуынц нæ паддзахадон органтæ.

2008 азы  августы кæд Гуырдзыстон æргом хæст расидтис Хуссар Ирыстоны ныхмæ, нæ республикæйы территорийæ сыгъдæг быдыр аразынмæ йæ ныфс бахаста, фондзбонон хæсты горæт Цхинвалы ныппырх кодта æмæ йæ зынджы хай фæкодта, уæддæр  ын нæ бантыст йæ тугмондаг фæнд сæххæст кæнын, нæ хъæбатыр лæппутæ æмæ Уæрæсейы æфсады фæрцы.

 Абон, чысыл цыдæртæй дарддæр, 2008 азы августы хæсты хъæдгæмттæ байгас сты Стыр Уæрæсейы æххуысы фæрцы, Уæрæсейы цыппæрæм æфсæддон базæйы фæрцы нæ адæм цæрынц сабыр арвы бын, баууæндыдысты сæ сомбон, сæ фидæныл,  хуыздæр кæнынц сæ царды уавæртæ, республикæйы столицæ йæ хуыз скалдта, арæзт æрцыдысты æмæ дарддæр дæр рæзынц цæрæнуатон бæстыхæйттæ,  сырæзт, дæргъвæтин рæстæджы нæ адæм кæмæ æнхъæлмæ кастысты, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры уыцы ног агъуыст, ногæй арæзт æрцыд университеты бæстыхай  æмæ абон не студенттæ ахуыр кæнынц райдзаст, æппæтæй ифтонг аудиториты, æндидзынц республикæйы районтæ, сырæзт сæм сосæ фæндæгтæ, æндидзы республикæйы экономикæ дæр, 2008 азæй фæстæмæ нæ республикæ у Уæрæсе æмæ æндæр паддзахæдты ‘рдыгæй нымад паддзахад.

Ацы бæрæгбонæн стыр нысаниуæг ис уый тыххæй дæр, æмæ 1990 азы 20 сентябрь у хæдбардзинадмæ фæндаджы райдиан.

Абон нæ цæст хъуамæ ахæссиккам хæдбар, нымад паддзахадмæ нæ рацæугæ фæндагыл æмæ йæ бамбариккам, сæрибардзинад нæ къухы цæй тыххæй æмæ цы аргъæй бафтыд, уый. Уыцы хъомысджын тых та уыд иудзинад, растдæр зæгъгæйæ та – республикæйы къухдариуæгадимæ æмзонд æмæ æмуд кæй уыд æхсæнад, уый.

Осиаты Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.