Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыныл 14 азы сæххæсты фæлгæтты Знауыры районы Культурæйы хæдзары уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны аивады дæсныты бæрæгбонон концерт.

Мадзалмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй.

Йæ раныхасы паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы бонмæ Хуссар Ирыстоны адæм цыдысты бирæ азты дæргъы.

«2008 азы 26 август ссис, æцæгæйдæр, хъысмæт хæссæг цау – Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад райста историон уынаффæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй.

Мах хъуамæ æмбарæм, цы аргъæй райстам  ацы бæрæгбон, хъуыды кæнæм, цас адæймæгтæ,  цал лæппуйы снывонд кодтой сæ цард Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæраппонд», – загъта Гаглойты Алан.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн кæй у йæ стратегион партнер æмæ республикæйы æдасдзинады гарант.

«Уæрæсейы Федерацийы фæрцы мах бахъахъхъæдтам нæ хæдбардзинад. Хуссар Ирыстон слæууыд рæзты æмæ æндидзынады фæндагыл, нæ сывæллæттæ та цæрынц сæрибар æмæ хæдбар паддзахады», – загъта Президент.

Гаглойты Алан ма æрдзырдта æхсæнадæмон æдасдзинады фарстатыл, банысан кодта хуссарирыстойнаг бархионты хайбавæрд Украинæйы фашизм скуынæг кæныны хъуыддаджы.

«Нæ лæппутæ, кæцытæ хайад исынц Донбассы адæм хъахъхъæныны хъуыддаджы, хæсты быдыры æвдисынц æхсардзинады цæвиттонтæ. Мах фашизм куы нæ скуынæг кæнæм Донбассы, уæд сомбон неофашисттæ æрцæудзысты махмæ. Истори ногæй рафыссыны бар та никæмæн ратдзыстæм», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.