Хуссар Ирыстоны алы æмбæстаджы зæрдæйы дæр æхсызгон мысинагæй баззайдзæн 2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци фæндвидардзинад куы равдыста æмæ нын нæ бфæстæйы паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уый.  Хуссарирыстойнаг адæмæн уыцы хъысмæтскъуыддзаггæнæн, бæстон æмæ политикон раст уынаффæ байгом кодта æмбар æмæ сæрибарæй рæзты фадæттæ.

Нæ бæстæйы ацы ахсджиаг бæрæгбон æрвылаз дæр нысан цæуы цытджын уавæрты. Ацы аз дæр киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд бæрæгбоны цытæн цытджын æмбырд, цыран хайад райстой бæстæйы къухдариуæгад, закъондæттынадон æмæ æххæсткæнынадон разамынады минæвæрттæ, министрадтæ, уагдæттæ æмæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ.

Цытджын æмбырды ма хайад райстой æфсымæрон Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Республикæ Хуссар Ирыстоны фарстаты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы бæрнджын Александр Журов, Самарайы областæй не ‘мзæххон Хуыгаты Ростик, Санкт-Пе-тербурджы областæй Къобесты Зæли-нæ.

Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли арфæ ракодта Ирыстоны хуссар хайы адæмæн ацы ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын боны цытæн (йæ доклад мыхуыр цæуы).

Уый фæстæ бæстæйы сæргълæууæг йæ барамындтæй схорзæхджын кодта къорд æмбæстаджы, кæцытæ сæ æвæджиаг куыст æмæ сгуыхтдзинæдтæй арæзтой æппæт дæр, цæмæй адæмы ныфс бацыдаид сомы бонæй. Уыдоны ‘хсæн уыд, 1992 азы 14 июлы Хуссар Ирыстонмæ фидауынгæнæг тыхты ирон батальон чи кодта, уыцы фыццаг командæгæнæг инæлар-булкъон Суанты Станислав. Уый Президент Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта Кады орденæй.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бæрæгбоны цытæн æмæ йæ хорзæхы тыххæй арфæгæнгæйæ, Станислав ацы бон схуыдта иумиагнацион, кæцы нысан цæуы нæ адæмы хъæбатырдзинад æмæ фæндвидардзинады руаджы, республикæйы хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинады фæрцы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Стыр Уæрæсейы æххуысы руа-джы.

2008 азы цаутыл дзургæйæ,  банысан кодта, уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты контингент йæхимæ кæй райста гуырдзиаг æфсады мæнгард цæф. Сæйраг архайджытæ та æппæт уыцы уæззау хæстон азты уыдысты æмæ уыдзысты Хуссар Ирыстоны адæм, кæцытæ фидар фæлæууыдысты кæронмæ æмæ ныр сæрибар, хæдбар паддзахады цæргæйæ, аразынц сæ цард.

«Нæ сæрæй сын ныллæг кувæм уый тыххæй», – загъта Суанты Станислав.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, Хуссар Ирыстоны уæззау бонты сæ фарсмæ кæй баллæуыдысты сæ цæгаттаг æфсымæртæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Стыр Уæрæсе уыцы уæззау бонты фæстæ æхсызгон хъуыддаг сарæзта æмæ банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбар республикæйæ. Æмæ афтæ ацы дыууæ бæстæйы ‘хсæн цы æнгом ахастытæ сырæзт, уыдон дарддæр кæндзысты кæрæдзийы фарсмæ балæууын æмæ æууæнчы бындурыл.   Ныртæккæ, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны суверенитет йæ паддзахадон æмæ националон æдасдзинад, территориалон æнæхъæндзинад ныфсджынæй хъахъхъæд цæуынц Хуссар Ирыстон æмæ УФ-йы Гарзджын тыхты руаджы.

«Уадз хæдæхсы хъæр макуыуал ай-хъуысæд Ирыстоны дыууæ хайы дæр æмæ Уæрæсейы зæххыл дæр. Фæлæ кæрæдзи æмбаргæ, кæрæдзи уарзгæйæ кæрæдзимæ цæуæм бæрæгбонтæм», – загъта Битарты Вячеслав.

Республикæ Хуссар Ирыстоны фарстаты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы рæстæгмæ бæрнджын Александр Журов цытджын æмбырды йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, нæ иумиаг куыстæн хорз фæстиуджытæ кæй ис, уый махæн не ‘ппæтæн дæр æхсызгон у. Æмæ нæ уый ноджы разæнгард кæны æхсæнпаддзахадон æмвæ-задыл ног, алыварсон ахастытæ аразынмæ.

«Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны уынаффæйыл дзырд куы цæуа, уæд уый юридикон æгъдауæй бындур æрæвæрдта Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æнусты дæргъы æфсымæрон ахастыты фæрцы æмæ уыд дыууæ бæстæйы адæмты фæндондзинад. Уыцы хæдбардзинады банымад байгом кодта республикæйы сæрмагонд рæзты уæрæх перспективæтæ. Æмæ ныртæккæ зæгъæн ис афтæ, æмæ Хуссар Ирыстон, куыд хæдбар паддзахад, афтæ уæвынад кæны.

Националон рæзты алы фадгуыты Хуссар Ирыстонæн цы æнтыстытæ ис, уыдон бæрæг сты. Æмæ уыцы æнтыстытæ мах ноджы æнгом кæнынц, цы раст фæндагыл стæм, ууыл, дарддæры куыстæн нын оптимизм дæттынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсе дарддæр дæр Хуссар Ирыстонæн æххуыс кæндзæн йæ разылæууæг хæстæ бæстон кæныны хъуыддаджы», – дзырдта ныхас-гæнæг.

Бæстæты дыууæфарсон ахастытыл дзырд куы цæуа, уæд, Журовы ныхæстæм гæсгæ, паддзахадон хæдбардзинады руаджы ца-дæггай рæзынц дыууæфарсон бастдзинæд-тæ, политикон баныхæстæ. Æнæмæнгхъæ-уæг уавæртæ арæзт æрцыд парламентты æмархайдæн, æхсæнрегионалон хаххыл æмгуыстадæн, стыр куыст баконд æрцыд бæстæты закъондæттынады фадгуыты, къухтæ фыст æрцыд сæдæйы бæрц алыхуызон сразыдзинæдтыл. Арæзт æмæ æнтыст-джын архайд кæны хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады иумиаг тыгъдад.

Александр Журов куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстонимæ цы ахсджиаг бадзырдтытæ арæзт æрцыд, уыдон комкоммæ здæхт сты республикæйы æм-бæстæгты социалон æгъдауæй бахъахъхъæнын æмæ хæрзвадат уавæртæ аразынмæ.

Активон куыст цæуы Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн рæстæгмæ Уæрæсейы æм-бæстагдзинад радтыны фæдыл дыууæфарсон сразыдзинадыл æмæ дыууæ æмбæстагдзинады фарстытæ æрбæстон кæныныл.

«Æхсæнадæмон бастдзинæдтæ рауæрæх кæныны фæдыл дæр стыр куыст цæуы нæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ. Уыцы куыст хуымæтæг куыст нæу, баст у Гуырдзыстон æмæ йæ ныгуылæйнаг фарсхæцджыты ныхмæ-лæудимæ. Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ райтынг кæнынмæ чи цымыдис кæны, ахæмтæ та бирæ сты, уыцы бæстæты тынг тыснæг кæнынц».

Цард йæ мидбынаты нæ лæууы, фæлæ размæ цæуы æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон позицитæ дарддæр фидар æмæ уæрæхдæр кæндзысты. Уыдонæй сæйраг у,  11 азы дæргъы æвзонг паддзахады æдасдзинад хъахъхъæд кæй цæуы, Гуырдзыстоны  бафæлвæрдтытæн, Хуссар Ирыстоны алфæмблай уавæр фендыгъддæр кæныны ныхмæ, сæ карз информацион кампани нейтрализаци цæуы. Дæс азæй фылдæр Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнтыл уавæр у сабыр, æхстытæ дзы нал хъуысы, нал мæлынц адæм. Адæмы ныфс бацыд   стабилондзинадæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.