Цытджын Сергей Викторы фырт!

Айс мын мæ иууыл хъармдæр арфæтæ профессионалон бæрæгбон – УФ-йы дипломатон кусæджы боны цытæн.

Уæрæсейаг дипломаттæ кæддæриддæр фæд-фæдылонæй хъахъхъæнынц национ интерестæ, архайынц æхсæнадæмон аренæйы УФ-йы авторитет сфидар кæныныл. Уæрæсейы Федерацийы æддагполитикон курс æнтыстджынæй æххæст кæныны реализацийы бындур у дæ бæрзонд квалификаци, егъау фæлтæрддзинад æмæ профессионализм. Ахсджиаг нысаниуæг ис УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæн конфликттæ дипломатон æгъдауæй æрбæстон кæнын æмæ глобалон æдасдзинад сифтонг кæныны.

Ныфс мæ ис, РХИ-йы æмæ УФ-йы ‘хсæн æмархайды дарддæры рæзт кæй ратдзæн нæ бæстæтæн дыууæварсон ахастытæ рæзыны, сабырдзинад æмæ стабилондзинадæй ифтонг кæныны фадат.

Ацы нысаниуæгджын боны дæуæн, цытджын Сергей Викторы фырт, æмæ дæ номæй УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æппæт кусджытæ æмæ ветерантæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, æвидийгæ энерги æмæ æнтыстытæ дæ архайды Уæрæсейы хæрзиуæгæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.