Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр министр Сергей Лавровы хуындмæ гæсгæ хайад райста Дипломатон кусæджы бæрæгбонон мадзалы.

Хуссар Ирыстоны минæвар Сергей Лавров æмæ Уæрæсейы дипломатон корпусы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбонæн раарфæ кодта, афтæ ма министрæн бузныджы ныхæстæ загъта, дыууæ паддзахады æхсæн бастдзинад рæзынады йæ алывæрсон ахъазы тыххæй. Сергей Лавров дæр  зæрдиаг арфæ ракодта Гасситы Знауырæн, бæрæгбонон мадзалмæ кæй саккаг кодта æмæ дзы архайд кæй райста, уый фæдыл.

Кадджын изæрмæ фæуазæг сты дипломатон мисситы сæргълæууджытæ, Цæдисон Паддзахæдты æдзухон комитеты, Евразиаг экономикон къамисы æмæ Хæдбар Паддзахæдты Æмхæларады æххæст-гæнæг комитеты минæвæрттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.