Президент Гаглойты Алан фæуазæг Уæрæсейы Федерацийы Сирийы Адæмон Республикæйы минæварадмæ æмæ фембæлд  САР-ы Æххæстбарджын минæвар Башар Джаафариимæ.

«Сирийы Арабаг Республикæйы æхсарджын адæм ацы уæззау уавæрæн кæй бафæраздзысты, уый мæ уырны. Мах æй хорз æмбарæм, абон рæстдзинады центр, тыхы центр, цы нын бауырнын кодтой, уыцы æргъадты бахъахъхъæныны центр Уæрæсейы Федераци кæй у. Мах кæрæдзиимæ æнгом куы уæм, уæд æппæтыл дæр фæтых уыдзыстæм», – загъта Гаглойты Алан.

Башар Джаафари бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны сæргълæууæгæн, кæй сæм фæуазæг, уый тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм тыхджын лидертимæ, куыд Республикæ Хуссар Ирыс-тоны Президент, Уæрæсейы Федерацийы Президент, Сирийы Президент æмæ æндæр хæларадон бæстæты президенттимæ адæймагадæн ис рухс фидæны шанс.

Гаглойты Алан: «Уырны мæ, Сирийы æхсарджын адæм  ацы уæззау уавæрæн кæй бафæраздзысты»

«Кæй зæгъын æй хъæуы, мах фæндыд æндæр уавæрты базонгæ уæвын, фæлæ, куыд фæзæгъынц, адæймаг фæнд кæны, Хуыцау та – скъуыддзаг. Сирийы Адæмон Республикæйы къухдариуæгад æмæ адæм æнкъарынц Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны фарсхæцынад.

Кæд нæ бæстæйы алыварс алыгъуызон сусæг фыдархæйдтытæ арæзт цæуы, уæддæр нæ адæм уыцы азты хъæддых фæлæууыдысты.

Сиримæ ахасты Ныгуылæны политикæ ацы æвирхъау зæххæнкъуысты рæстæджы дæр равдыста адæймагадмæ ныгуылæйнаг бæстæты дыдзæсгомдзинад. Зæххæнкъуыстæй фондз боны рацыд, фæлæ Европæйаг цæдис æмæ ныгуылæйнаг бæстæтæ ницы æххуыс бакодтой нæ бæстæйæн», – загъта Æххæстбарджын минæвар.

Башар Джаафари ма банысан кодта, зæгъгæ, ныгуылæйнаг бæстæты санкциты тыххæй Сири зындзинæдтæ æвзары зæххæнкъуысты фæстиуджытæ аиуварс кæныны хъуыддаджы.

«Сири 11 азы санкциты бын кæй ис, уый фæстиуæгæн нын нæй ифтонггæрзтæ пырхæнты бынæй адæймæгты райсынæн. Диссаг уый у, æмæ ИНО æрмæст дæр знон æрбаласта  гуманитарон æххуысы иу конвой. Хъыгагæн, Ныгуылæнæн æппæт дæр политикæйыл баст у, æгæрыстæмæй, гуманитарон æххуыс дæр. Хатут æй? Цæмæй цæфты ласой, уый тыххæй тагъд æххуысы машинæты нæй æртаг, афтæмæй та нын Америкæйы Иугонд Штаттæ нæ газ æмæ нефть давынц æмæ йæ æртыккаг бæстæтæн уæй кæнынц», – банысан кодта Æххæстбарджын минæвар.

Сириаг адæм сæ хæлæрттимæ æппæт зындзинæдтыл кæй фæтых уыдзысты, уый тыххæй Гаглойты Алан равдыста фæндвидардзинад.

«Коллективон Ныгуылæны нæма уырны, иуполярон дуне кæй ныппырх ис, уый», – бахахх кодта Президент.

Фембæлды кæрон Башар Джаафари Хуссар Ирыстоны Президентæн бакодта зæрдылдарæн лæвар.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.