Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта горæт Цхинвалы цы багетон æрмадз байгом ис, уый. Æрмадзы арæзт æмæ реставраци цæуынц багеттæ, скульптурæтæ, нывтæ æмæ киоттæ, сæ хъуыддаджы дæснытæ аразынц нывтæ, графикæ, къамтæ, гобелентæ æмæ æндæртæ.

Æрмадзы бындурæвæрæг Хъотайты Еленæ бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн ифтонгад, сæйраджыдæр та алыгъуызон тæрхджытæ балхæныны йе ‘ххуысы тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд раздæр ахæм куыстытæ ластой республикæйæ æдтæмæ, уæд сын ныр та реставрацигæнæн ис бынаты.

Æрмадзы кусæг Джиоты Александр Президентæн равдыста, куыд арæзт цæуынц багеттæ, банысан кодта, зæгъгæ, нырыккон ифтонгад фадат дæтты гъæдджынæй æмæ тагъд кусынæн.

Йæ рады, Хъотайты Еленæ радзырдта, æрмадз кæй цæттæ кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Валери Авагимовы куыстыты равдыстмæ æмæ йын ныртæккæ йæ нывтæ реставраци кæнынц. Уымæй уæлдай ма паддзахады сæргълæууæгæн равдыста багетты хуызæгтæ, гобелентæ æмæ витражистты куыстытæ.

Æрмадзы куыстимæ базонгæ уæвгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, тынг райгондæй кæй баззад æмæ сын йæ цæст бауарзта куысты дарддæры æнтыстытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.