Президент Бибылты Анатоли фембæлд Ленингоры районы цæрджытимæ.

Фембæлды, кæцы уагъд æрцыд Цъинагары хъæуы, хайад райстой Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Виталиимæ хъæууон администрациты сæргълæуджытæ.

Фембæлды райдианы Бибылты Анатоли радзырдта Хуссар Ирыстоны мидполитикон уавæры тыххæй, æмæ парламентариты фарсæрдыгæй куысты бойкот цæмæ æркæндзæн, уый.

«Абоны бон мах уынæм Парламенты куысты проблемæтæ, уымæн æмæ депутатты иу хай сæ куыстмæ нæ хизынц, кæй зæгъын æй хъæуы, не ‘ххæст кæнынц сæ хæстæ. Ист не ‘рцыд 2021 азы бюджет, афтæ ма ацы азы бюджеты ивындзинæдтæ, кæцытæ сты «сырх зонæйы» цы  медиктæ куыстой, уыдонæн  разæнгардгæнæн бафыстытæ рахицæн кæнын, афтæ ма чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн хатырон кредиттæн финансон фæрæзты статья», – загъта Паддзахады сæргълæууæг, парламентаритæм сидгæйæ, цæмæй барадон фæзуатмæ раздæхой æмæ сæ куыст кæной.

Президент базонгæ Ленингоры районы проблемæтимæ

«Æз афтæ нымайын æмæ нæ иумæйаг хæс у нæ адæмы фæрныгад фæбæрзонддæр кæнын. Уый хъуамæ уа принципиалон хæс куыд депутаттæн, афтæ хицауады æппæт къабæзтæн», – загъта уый.

Уымæй уæлдай ма, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Дзабиты бинонты трагеди ма хъуамæ уа бындур, цæмæй йыл аразой политикон карьерæ æмæ ультиматумтæ.

Фембæлды рæстæджы Президент радзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фадыджы бакæнгæ куысты тыххæй, афтæ ма конкретон хæсты тыххæй, кæцытæ Ленингоры районы цæрджытæ сæвæрдтой къухдариуæгады раз.

Уыдонæн сæ фылдæр хай уыдысты донифтонгад, фæндæгты арæзтад, электрохæххытæ раивын. Уый размæ банысангонд проблемæты иу хай скъуыддзаг æрцыд, йæ иу хай ма ис куысты стадийыл.

Паддзахады сæргълæууæг байхъуыста фембæлды хайадисджытæм.

Районы цæрджытæй сæ иу радзырдта, зæгъгæ, 2006 азы паддзахадимæ йæ къух кæй æрфыста бадзырдыл рæстæгмæ йæ хæдзар скъолайæн радтыны тыххæй, фæлæ райста æрмæстдæр компенсацийы иу хай æмæ æрдомдта, цæмæй йын иннæ хай дæр бафидой. Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй йын нæуæг къуыри радтой, компенсацийæ цы хай баззад, уый.

Цъинагары хъæумæ интернет бауадзыны фарсты фæдыл паддзахады сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, фыццаджы уал интернет сараздзысты горæт Къуайсайы, уый фæстæ та –  Цъинагары æмæ Ленингоры.

«Афтæ хъуыды кæнын æмæ уæм 2021 азы интернет фæзындзæн», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæджы бафарстой Ленингоры районы Монастъеры хъæуыл дон-вæд ауадзыны проект сæххæст кæныны фадаты тыххæй.

«Проект у тынг хорз. Куыст уагъд цæуы, фæлæ проект среализаци кæнынæн æнæмæнг-хъæуæг у 800 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæ агурын хъæуы.  Кæй зæгъын æй хъæуы, дон ауадзын хъæуы. Уæд доны цухдзинады фарст Орчъосаны, Монастъеры æмæ Гъдулеты хъæуты скъуыддзаг æрцæудзæн. Проект ис, æмæ мах уыцы здæхты æнгомæй кусæм», – загъта уый.

Цæрджыты ма цымыдис кодта культурæйы кусджытæн куыстмызд фæфылдæр кæныны фарст. Паддзахады сæргълæууæг ныфс бавæрдта, куыстмызд кæй фæфылдæр уыдзæн 2021 азы 1-æм январæй.

«Куыстмызд фæфылдæр кæнын уыдзæн серьезон. Бадзырдтæ ис, цæттæ кæнæм сразыдзинæдтæ, кæцымæ гæсгæ паддзахадон службæгæнджытæн æмæ бюджетон кусджытæн сæ куыстмызд хъуамæ фæфылдæр уа Цæгат-Кавказаг федералон зылды æмвæзады онг. Куыстмызд фæфылдæр уыдзæн январы, фæлæ бафыстытæ бæрзонд куыстмыздимæ райдайдзысты апрелы-майы, фæлæ 1-æм январæй бахыгъд саразгæйæ», – загъта уый.

Ноджы ма иу цæрæг бахатыд Президентмæ, цæмæй социалон æххуыс бакæной хъæуы æххуысхъуаг æмбæстæгтæн.

Бибылты Анатоли бахæс кодта Цъинагары хъæуы администрацийæн, цæмæй бацæттæ кæной æххуысхъуаг бинонты номхыгъд, уый фæстæ уыдонæн бакæндзысты æнæмæнгхъæуæг æххуыс.

Куыд  æндæр районты, афтæ цæрджыты тыхсын кодта районы газификацийы фарст.

Президент банысан кодта, æппæт хъæугæ гæххæттытæ цæттæ сты æмæ куыстытæ та райдайдзысты 2021 азы.

Банысан кæнын хъæуы, уый размæ Президенты æрвылазон фембæлдтытæ цæрджытимæ уагъд кæй æрцыдысты Знауыры, Дзауы æмæ Цхинвалы районты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.