Амæйразмæ Бибылты Анатоли Дзауы районы цæрджытимæ куы фембæлд, уæд ын поселочы цæрджытæ радзырдтой, аварион фондзуæладзыгон цæрæн хæдзары проблемæйы тыххæй.

Дзауы районы Администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей Бибылты Анатолийæн куыд радзырдта, афтæмæй «Севоспроект»-ы проектон институты специалистты техникон бæлвырдгæнæнмæ гæсгæ, объект куы сырæзт, уæдæй нырмæ æмбæлон цалцæг кæй никуы æрцыд, уый фæстиуæгæн æппæт инженерон хызæгтæ æдзæллаг уавæрмæ æрцыдысты.

Æддейæ дæр æмæ мидæгæй дæр бæстыхайы фенгæйæ, Президент æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, æппæт варианттæ дæр лæмбынæг сахуыр кæнын хъæуы æмæ дзы райсын хъæуы иууыл оптималондæры.

«Æрхонын хъæуы ахæм специалистты, кæцытæ æмбæлон аргъ скæндзысты бæстыхайæн. Æрмæстдæр уый фæстæ мах аскъуыддзаг кæндзыстæм, реконструкци йæ хъæуы æви ныппырх кæнын», – загъта Бибылты Анатоли.

Уымæй дарддæр бæстæйы сæргълæууæг бацыд поселочы цалдæр хæдзармæ, кæцыты цæ-рæджытæ хъаст кодтой сæ царды уæззау уавæртæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.