Æвæдза, цæй диссаг æмæ вазыгджын у цард. Диссаг у хъысмæт дæр. Хъысмæт иутæн радты дæргъвæтин цæрæнбонтæ, иннæтæн та – хæрзцыбыр цард. Хъысмæт хæрзцыбыр царды бонтæ схай кодта нæ республикæйы курдиатджын нывгæнæг æмæ этнограф, ирон интеллигенцийы минæвар, Хуссар Ирыстоны патриоттæй сæ иу – Джуссойты Иналæн.

Ацы аз Джуссойты Иналыл хъуамæ сæххæст уыдаид 40 азы. Уыдон та сты, адæймаг йæ тæккæ цæрыны кармæ куы бацæуы æмæ йæ дарддæры цардæн бæстонæй бындуриуæг куы фæкæны, уыцы цардмондаг азтæ. Фæлæ, стыр хъыгагæн, Джуссойты Иналæн ацы азтæ батонын нал бантыст.

Джуссойты Инал (Беге), афтæ йæ хуыдтой йе ‘ввахс адæм, йе ‘мбæлттæ, уарзон кæмæн уыд æмæ йæхæдæг кæй уарзта, æппæт уыдон. Уарзгæ та йæ кодтой бирæ адæм. Уымæн æмæ Инал уыд тынг хорз адæймаг, зæрдæхæлар, сыгъдæгуд, худгæбыл æмæ уæздан. Иналимæ ныхасгæнгæйæ, адæймаг алы хатт дæр банкъардтаид уымæн йæ уды сыгъдæгдзинад, хуымæтæгдзинад. Уыд фæлмæн адæймаг, никуы никæй фæхъыг кодтаид, нæдæр дын искæй кой ракодтаид, нæ зыдта сайын æмæ исты хъуыддаджы та йæхи аиуварс кæнын. Редакцимæ æрбацæугæйæ-иу уый дардæй райдыдта худын æмæ-иу уæд стæй æнæмæнгдæр бацыд алкæмæ дæр æмæ-иу алкæуыл дæр атыхст. Редакцийы кусджытæй-иу алкæмæн дæр йæ уынд уыдис æхсызгон. Уæдæ, афтæ зæгъæн ис æмæ Джуссойты Инал кæй уыд ахæм ирон лæппу, кæцы йæ фæлгондзæй æвдыста нæ национ æгъдау æмæ фарн. Ирыстоны сфæлдыстадон дунейæ та ноджыдæр иу курдиатджын адæймаг кæй фæхъуыд æмæ ныл стыр зиан кæй æрцыд, уый абон æнкъарæм мах.

Джуссойты Инал курдиатджын нывгæнæг кæй уыд, уый бæрæг у йе сфæлдыстадон куыстыты. Уымæн цы бантыст сфæлдисын, уыдон бæрзонд аивады æрцахстой аккаг бынат. Иналæн уыд йæхирдыгон стиль. Зыны дзы ирон национ колорит, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æмæ йæ зонындзинæдты арф хъуыдытæ. Джуссойты лæппуйы куыстыты фылдæр хай национ стилыл арæзт сты Нарты эпосы мотивтæм гæсгæ. Уый æддейæ ма Инал кодта, нæ республикæйы цы чингуытæ уагътой, уыдоны цъæртты фæлындзыны куыст дæр. Уый-иу йæ хъуыдытæ афтæ ирдæй æмæ цымыдисонæй гæххæтмæ рахаста æмæ-иу ын тынг фæцыдысты йе ‘мкусджыты зæрдæмæ. Йæ хæсгонд куыстытæ-иу сарæзта иттæг хорз.

Цардбæллон лæппуйæн бирæ плæнттæ уыд. Нæ республикæйы бирæ проекттыл кодта бындурон куыст. Уыдонæй иу – 1989-2008 азты гуырдзиаг-ирон хæсты фæмардуæвджыты номарæн Мемориалон комплексы фæдыл дæр сарæзта проект. Проект реализаци не ‘рцыд, уымæн æмæ у уæрæхмасштабон æмæ домы стыр финансон хæрдзтæ. Хорз уаид æмæ рæхджы арæзт куы ‘рцæуид ацы Мемориалон комплекс, уымæн æмæ у идеалон.

Цардбæллон, фæлмæнтæ æмæ удварнæй æххæст Джуссойты Иналæн йе ‘нæниздзинад мæгуырау уыдис. Уыдис ын проблемæтæ йæ зæрдæимæ, фæлæ уый йæхи афтæ дардта, цыма йæ æппындæр ницы тыхсын кодта. Адæймаг-иу ын æрмæст йæ цæсгомыл федта мидбылхудт æмæ йæ зæрдæйæ та цыд æрмæстдæр хъæлдзæгдзинад. Джуссойты Инал куы фæзиан, уæд нæ горæты цæрджыты, уæлдайдæр та – йе ‘ввахс æмбæлтты уырнгæ дæр нæ кодта æмæ сæ уарзон Беге се ‘хсæнæй ахицæн уа. Зын у, тынг зын ахæм хорз æмбал фесафын… Æгæр раджы аивгъуыдта йе ‘нусон бæстæмæ, фæлæ хъысмæт диссаг у… Бегейы абон дæр фæмысынц йе ‘ввахс адæм. Газет «Республика»-йы коллектив дæр арæх æрæмысынц уымæн йæ рухс ном. Бирæ азты дæргъы фæкуыста Беге ацы коллективимæ æмæ сын уыд уарзон коллегæ. Джуссойты Иналы ма уарзтой йæ сыхбæстæ дæр. Уымæн йæ ном сæнусон кæныны тыххæй йæ сыхæгтæ, йе ‘мгæрттæ Харебаты дыууæ æфсымæры – Къоста æмæ Аланы инициативæмæ гæсгæ Джуссойты Иналы номыл йæ хæдзары къулыл 23 сентябры баконд æрцыд мемориалон фæйнæг. Джуссойты Инал кæм цард, уыцы хæдзары размæ æрбамбырд сты уыцы бон йæ хиуæттæ, хæстæджытæ, æмгæрттæ æмæ коллегæтæ. Уыдон æрбамбырд сты, цæмæй та ноджыдæр æрæмысой Бегейы рухс ном. Нывгæнæджы рухс ном мысгæйæ, уымæн йе ‘ввахс адæм æрдзырдтой, цы диссаджы адæймаг фæхъуыд се ‘хсæнæй, ууыл. Бегейы тыххæй йæ хæлар Мæргъиты Ирбег дæр йæ мысинæгты дзырдта: «Абоны бон, афтæ зæгъæн ис, æмæ Ирыстон Бегейы амæлæтæй кæй фесæфта ирон сфæлдыстадон интеллигенцийы æрттиваг минæвæрттæй сæ иуы. Беге уыд курдиатджын нывгæнæг. Куыд адæймаг, афтæ диссаджы адæймаг, хорз æмбал æмæ кæд-дæриддæр уыдис йæ зонгæ адæмæн уарзон. Стыр бузныг Харебаты дыууæ æфсымæ-рæн, ацы хъуыддаг кæй сарæзтой æмæ нæ уарзон Бегейы рухс ном кæй сæнусон кодтой ацы мемориалон фæйнæджы руаджы».

Дзæнæттаг Джуссойты Иналы диссаджы удыхъæды тыххæй ма радзырдтой журналист Гуыцмæзты Иннæ æмæ æндæртæ. Уыдон цæссыгкалгæйæ мысыдысты Бегейы рухс ном. Беге зæрдæрыстæй цы æввахс адæмы ныууагъта, уыдон ацы мадзалмæ æрбацæугæйæ ноджыдæр фенын кодтой, сæ уарзон Джуссойты Иналы ном кæй сæнусон кодтой мемориалон фæйнæг бакæныны хъуыддагæй. Хуссар Ирыстоны фæлтæртæ та зондзысты, ацы хæдзары кæй хъомыл кодта æмæ цард курдиатджын нывгæнæг Джуссойты Инал. Иналы чи зыдта æмæ уарзон кæмæн уыд, уыдоны зæрдæты та цæрдзæн бирæ азты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.