Зынаргъ æмбæстæгтæ! Цытджын хæлæрттæ!

1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет райста нæ рæзты ног историйы иууыл ахсджиагдæр документтæй сæ иу – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады акт.

Акт райсын ссис нæ паддзахаддзинады арæзты сæйраг документ æмæ сбæрæг кодта нæ республикæйы, æмæ иумæйагæй нæ адæмы дарддæры хъысмæт. Хæдбардзинад расидын хъуыд сæрмагонд паддзахад саразыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй, куыд нæ национ интерестæ, æвзаг, культурæ, бартæ æмæ ирон адæмы сæрибардзинад бахъахъхъæныны иунæг фæрæз. Нæ адæм зын фæндагыл рацыдысты, бирæ зындзинæдтæ баййæфтой, нæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ суверенитет бахъахъхъæнгæйæ. Абон Хуссар Ирыстон æнтыстджынæй скъуыддзаг кæны паддзахадон арæзтады фарстытæ, йæ уæвынадæй æмæ не знæгты тасдзинады ныхмæ фæлæууынæй, æрвылбон дæр бæлвырд кæны, махæн нæ бон кæй у цæрын æмæ рæзын, куыд барадон, демократон паддзахад, кæцы ныфсджынæй кæсы фидæнмæ.

Зæрдиаг арфæ кæнын Республикæйы æппæт цæр-джытæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады тыххæй Акт райсыны боны цытæн. Мæ цæст уын уарзы фи-дар æнæниздзинад, сабырад æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

****

Не взонг хæлæрттæ! Цытджын ныййарджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын – Сывæллæтты хъахъхъæныны боны цытæн!

Ацы бон ацы аз нысан кæнынц вирус апарахат кæныны ныхмæ тох кæныны зын рæстæджы. Фæлæ зын рæстæгмæ нæ кæсгæйæ, алы сывæллонæн дæр уый у иууыл хуыздæр æмæ ирддæр бæрæгбон, кæцы хæссы бирæ цинхæссæг эмоцитæ. Сыгъдæг æмæ ирд мысынад баст сты сывæллоны бонтæ, æнæмæт рæстæг, диссагыл æууæндын æмæ  цин кæныны рæстæгимæ. Абон мах хæсджын стæм нæ сывæллæтты æнæниздзинад бахъахъхъæнын, фыдбылызæй сæ бахизыны тыххæй.

Сывæллæттæ сты нæ сомбон, нæ ныфс. Æмæ нæ сæйраг хæс у уыдонмæ хъусдард здахын, зæнджын, цæсгомджын, ахуыр, йæ Райгуырæн бæстæ чи уарзы, ахæм адæмы хъомыл кæнын. Мах æппæт дæр хъуамæ саразæм, цæмæй нæ сывæллæтты цард, алы сывæллоны цард дæр уа ирд, цымыдисон, амондджын, цæмæй уыдон хъомыл цæуой уарзондзинад æмæ æмбарынады атмосферæйы, баххуыс сын кæнæм сæ курдиат раргом кæнын æмæ алы сывæллоны миниуджытæ реализаци кæнынæн. Уадз æмæ нæ сывæл-лæттæ рæзой ахæм бинонты ‘хсæн, цыран ис хæлардзинад, уарзондзинад, хъармдзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад.

Зынаргъ сывæллæттæ! Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, циндзинад æмæ хорз зæрдæйы уаг!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.