Цытджын хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Уголовон-æххæсткæнынады системæйы кусæджы боны цытæн!

Пенитенциарон системæ у Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл закъондзинад æмæ барвæткы гарант.

Сымах дзуапп кæнут барадхъахъхъæнынадон архайды ахсджиагдæр здæхтытæй сæ иуæн – уголовон æфхæрдтытæ æххæст кæнын. Уыимæ иумæ сымах хæссут бæрндзинад æрмæст æфхæрдтытæ раст æххæст кæныныл нæ, фæлæ ма фыдракæндтæ чи сарæзта, уыдоны бартæ, сæрибардзинæдтæ æмæ закъонон интерестæ ифтонг кæныны тыххæй дæр.

Æмбæстæгты зын контингентимæ кусгæйæ, сымах æвдисут фæразондзинад æмæ профессионализм, уыдоны социалон адаптацийæн ахъаз кæнгæйæ. Бузныг уын уæ цæсгомджын службæйы, хъуыддагмæ уæ бæрнон ахасты тыххæй.

Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр закъоны домæнтæ дырысæй кæй æххæст кæндзыстут, цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзыстут уæ службæйон хæс æмæ ахъаз кæндзыстут бæстæйы стабилондзинад æмæ кæй уагæвæрд фидар кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, дарддæры æнтыстытæ службæйон архайды æмæ уæ царды æппæт плæнттæ реализаци кæнын, сабырад, хорздзинад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уголовон-æххæсткæнынады системæйы кусджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Уголовон-æххæсткæнынады системæйы кусæджы боны цытæн!

Уæ службæ у бæрнджын æмæ баст у æрвылбонон контролимæ, ифтонг кæны æхсæнадон фæтк æмæ тæрхондонон уынаффæтæ æххæст кæнын, рарастгæнæн уагдæтты закъондзинад æвæрын. Уый у зын куыст, кæцы домы хъæддыхдзинад, профессионализм, службæйон хæсыл æнувыддзинад æмæ æхсардзинад.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад, уды гармони æмæ хорз, сабыр службæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

***

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон -Къорды сарæзты боны цытæн!

 Йæ уæвынады рæстæджы къорды æфсæддонтæ адæмы ‘хсæн ссардтой аккаг авторитет, цæут иууыл бæрнджындæр æмæ зындæр хæслæвæрдтæм, не ‘хсæнады ифтонг кæнут фæтк æмæ æдасдзинад.

Уæ службæ, кæцы сымах æххæст кæнут цæсгомджынæй, домы бæрзонд профессионализм æмæ æхсардзинад.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ æнтыстытæ уæ зын службæйы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

***

Цытджын хæстонтæ-интернационалисттæ, Афганистаны хæсты хæстонтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Афганистанæй советон æфсæдты раконды боны цытæн!

Æрвылаз дæр 15 февралы, 1989 азы советон æфсæдтæ куы ныууагътой Афганистан, мах кад кæнæм уыцы хæстонтæн, салдаттæн, кæцытæ сæ цард нывонд кæнгæйæ, хъахъхъæдтой сæ бæстæйы намыс дунеон терроризмы æртхъирæнты гуырын кæныны ныхмæ тох кæнгæйæ.

Советон салдат, интернационалон хæс æххæст кæнгæйæ, æххуысы къух радта афгайнаг адæммæ. Уыцы æбуалгъ тугкалæн хæсты салдаттæ равдыстой хъайтардзинад æмæ хъæддыхдзинад, æфсæддон хæс æмæ Фыдыбæстæйыл æнувыддзинад. Хæстонтæ-интернационалистты ‘хсæн уыд бирæ ирон лæппутæ. Уыцы хъайтартæй бирæтæ фæмард сты афганы зæххыл. Рухсаг уæт!

Æмæ абон, сабыр рæстæджы, хæстонтæ-интернационалисттæ, кæцытæ рацыдысты хæстытыл, æвдисынц активон æмбæстагон позици, сæ цæвиттонæй ахъаз кæнынц фæсивæды патриотикон хъомыладæн.

Кад æппæт хæстонтæ-интернационалисттæн! Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, бинонты фæрныгад, сабырд, амонд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.