Æнæниздзинад хъахъхъæныны цытджын ветерантæ æмæ кусджытæ – дохтыртæ æмæ фельдшертæ, медицинон хотæ æмæ санитаркæтæ!

Айсут мын мæ зæрдиаг арфæтæ Медицинон кусæджы боны цытæн!

Медицинæйы кусджытæ иууыл зын рæстæджы нæ цуры æрбалæууынц, сæхимæ райсынц бæрн адæймаджы цард æмæ йе ‘нæниздзинады тыххæй. Медицинæйы кусæджы бон нын фадат дæтты, цæмæй уын бузныг зæгъæм уæ аудындзинад æмæ фæлмæн зæрдæйы тыххæй. Уæ професси у адæймаджы хæрзиуæгæн аккагæй лæггад кæныны цæвиттон.

Не ‘мбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæнын у паддзахадон политикæйы ахсджиаг здæхт. Паддзахад æппæт йæ тыхтæ здахы, цæмæй медицинон æххуыс уа æнцон райсæн. Фæуд кæнынц ног клиникæты æмæ медицинон центрты арæзтад, кæцытæ ифтонг æрцæудзысты гъæдджын æмæ нырыккон ифтонггæрзтæй.

Стыр кады аккаг сты фыдыбæстæйон æнæниздзинад хъахъхъæныны ветерантæ, афтæ ма медицинон кусджытæ, кæцытæ ацы бæрæгбон  сты сæ куысты уæлхъус –  радгæстæ сты рынчындæтты, гуырæн хæдзæртты, тагъд æххуысы бригадæйы сконды цæуынц хæдзæрттæм.

Зынаргъ хæлæрттæ, мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, оптимизм, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстытæ уæ зын, фæлæ ахсджиаг æмæ бæрнджын куысты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

***

Æнæниздзинад хъахъхъæныны цытджын кусджытæ!

Айсут мын мæ зæрдиаг арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Уæ зын мисси здæхт у адæмæн лæггад кæнынмæ æмæ нымад цæуы иууыл ахсджиагдæр æмæ кадджындæрыл. Медицинон кусджыты профессионализм, æнувыддзинад ахъаз кæнынц стыр хæзнатæ – æнæниздзинад æмæ цард бахъахъхъæнынæн.

Ацы бон махæн фадат ис, цæмæй бузныджы ныхæстæ зæгъæм дохтыртæн, фельдшертæн, медицинон хотæн, «тагъд æххуысы» кусджытæн, санитаркатæн, зын рæстæджы адæймаджы цур чи æрбалæууы, уыдонæн.

Паддзахады райрæзты иууыл ахсджиагдæр бæрæггæнæнтæй иу у æнæниздзинад хъахъхъæныны стыр æмвæзад. Уымæ гæсгæ Хицауад стыр хъусдард здахы ацы фадыджы модернизацийы фарстмæ. Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй республикæйы арæзт цæуы æнæхъæн кластер, кæцы цæрджыты медицинон æххуысы гъæд фæхуыздæр кæндзæн. Эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд сывæллæтты ног рынчындон, цæттæ у ног техникæйæ  ифтонг хирургион корпус гемодиализы хайадимæ, рады та сты  гуырæн хæдзар æмæ æндæр медицинон уагдæттæ.

Æмæ нæм уæддæр бирæ куыст æнхъæлмæ кæсы. Нæ сæйраг куыст абон у æнæниздзинад хъахъхъæныны позитивон тенденцитæ рæзын кæнын æмæ дарддæр дæр кусын, цæмæй Хуссар Ирыстоны медицинæ Кавказы суа иууыл хуыздæр.

Зынаргъ хæлæрттæ! Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы цы нысæнттæ сæвæрдтам, уыдоны реализаци кæнын баст у уæ профессионализм, хъуыддагыл иузæрдыгдзинад æмæ адæмы æнæниздзинады сæраппонд удуæлдай куыстимæ.

Мæ цæст уарзы сымахæн æмæ уæ хиуæттæн фидар æнæниздзинад, фæрныгад, циндзинад æмæ æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

***

Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы цытджын кусджытæ!

Республикæ  Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Медицинæйы кусæджы боны цытæн.

Дохтыры професси у иууыл хъæуæгдæр професси, кæцы баст у адæмы цард æмæ æнæниздзинадимæ. Сымах, уæ тыхтыл æмæ зонындзинæдтыл нæ ауæрдгæйæ, стыр хайбавæрд хæссут æмбæстæгты æнæниздзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Уæ æрвылбонон удуæлдай куыстæй сымах адæмы цард лæвар кæнут, сомбонæй ныфс сын дæттут. Нæ республикæйы къухдариуæгад æмбары, бирæ кæй хъæуы саразын, цæмæй не ‘нæниздзинад хъахъхъæныны фадыг рахиза ног, нырыккон æмвæзадмæ. Æмæ абон æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ медицинон æххуысы гъæд фæхуыздæр кæныны фарстатæм стыр хъуcдард здæхт цæуы. Нæ сæйраг хæс уый мидæг ис, цæмæй не ‘мбæстæгтæ, кæцыфæнды дæрддаг хъæуты ма цæрой, уæддæр исой гъæдджын медицинон æххуыс.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны æппæт кусджытæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, бинонты фæрныгад, куысты энтузиазм æмæ æнтыстытæ уæ зын, фæлæ хæрзиуæгон куысты.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.