Цытджын  æмбæстæгтæ! Зынаргъ сылгоймæгтæ, мæдтæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ иууыл зæрдæмæхъаргæ æмæ æхцондæр бæрæгбон – Мады боны цытæн!

Мад у уарзондзинад, æгæрон æнувыддзинад æмæ хъарм хæссæг, зæдхъахъхъæнæг, кæцы нæ хъæхъхъæныны бæллæхтæ æмæ æнамонддзинæдтæй. Растдæр мад удцырын кæны фыццаг æнтыстытæм, æххуыс нын кæны царды зындзинæдтыл фæтых уæвын, æууæндын æмæ уарзын æмæ цыфæнды уавæрты дæр бонхуыздæрæй ныфсджын уæвын. Æмæ цыфæнды кары ма уæм, уæддæр нæ бахъæуы мады уынаффæ, йæ фæлмæн ныхас.

Бузныг, æппæт мæдтæ, уæ фæллой, сымах нын кæй лæвар кæнут, уæ уыцы уарзондзинад æмæ хъармдзинады тыххæй. Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын бирæсывæллонджын æмæ сывæллæттæ-инвалидты мæдтæн. Сымах кæнут нæ дуне хуыздæр æмæ рæсугъддæр, æппæт мах та – тыхджындæр.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, тых æмæ фæразондзинад, бинонты гармони, цæмæй уын алы бон дæр хæсса æрмæст циндзинад æмæ цæмæй уæ хæдзæрттæ дзаг уой сывæллæтты худтæй, хиуæтты æмбарындзинадæй! Уадз æмæ уе ‘нтыстытæ ахъаз уой Республикæ Хуссар Ирыстоны национ хæзнатæ фæхъæздыгдæр кæнынæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

Цытджын  сылгоймæгтæ! Зынаргъ мæдтæ æмæ нанатæ!

Арфæ уын кæнын бæрæгбоны цытæн!

Ацы бæрæгбон нын фадат дæтты, цæмæй арфдæрæй банкъарæм мады хæсы уæздзинад. Уымæн йæ уарзондзинад,  йæ хъарм æмæ аудындзинад сты нæ царды æмбæлццæттæ.

Ахæм ныхæстæ нæй, мадæлтæн бузныг цæмæй зæгъæм æхсæнады бæрзонд монон æргъадтæ кæй фидар кæнынц, бинонтæ æмæ Фыдыбæстæйæн удуæлдай кæй лæггад кæнынц, уый тыххæй.

Паддзахад архайы ууыл, цæмæй бирæсывæллонджын мæдтæн æххуыс кæна, æмæ æрвылмæй дæр бюджетæй æхцайы фæрæзтæ хицæн кæнгæйæ ацы фæдыздæхтыл кусы фидæныл хъуыды кæнгæйæ дæр.

Уадз æмæ ацы нысаниуæгджын бон сымахæн, нæ зынаргъ мæдтæ, хъуысой æрмæстдæр хорз арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ!

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, циндзинад, цæмæй уынат уæ сывæллæтты æнтыстытæ. Бузныг уын цард кæй лæвар кæнут æмæ уæ уарзондзинады тыххæй!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

***

Хуссар Ирыстоны зынаргъ сылгоймæгтæ! Нæ зынаргъ мæдтæ!

Арфæ уын кæнын иууыл хъармдæр, уарзондæр æмæ хуыздæр бæрæгбон – Мады боны цытæн!

Мад уæвын сылгоймагæн у ахсджиаг æмæ кадджын хæс. Ног цард балæвар кæнын, æмæ химидæг æвидийгæ хорзæх æмæ тых ссарын,  сывæллонæн æдзух ног зонындзинæдтæ лæвар кæнын. Мады уарзондзинад æмæ хъомылад у ахæм бындур, кæцыйыл амад цæуы адæймаджы дарддæры хъысмæт. Цыфæнды кары æмæ бынаты ма уæм, цавæрфæнды ма уа нæ дунеæмбарынад алкæмæндæр йæ мад у дунейы иууыл ахсджиагдæр адæймаг.

Хуссар Ирыстоны куыстылæуд, бæрнджын, курдиатджын мæдтæ сæ куыстæй æмæ мады хæстæм  æмæ равзаргæ хъуыддагмæ æнувыддзинадæй иу æмæ дыууæ ирд фарсы нæ ныффыстой Республикæйы азфысты. Мах цы бæрæгбон нысан кæнæм, уый у мады сгуыхтдзинæдтæн стыр кад кæныны амал. Уыдон схъомыл кодтой æмæ хъомыл кæнынц нæ бæстæйæн аккаг фырттæ æмæ чызджыты.

Зынаргъ мæдтæ! Уадз æмæ уæ хæдзары кæддæриддæр уæт уарзондзинад, сабырад æмæ фæрныгад! Уадз æмæ уæ сывæллæттæ æнæнизæй рæзой, се ‘нтыстытæй уæ зæрдæтæ райой, уæ узæлындзинадæн аргъ кæной æмæ сæрыстыр уой сымахæй! Мæ цæст уын уарзы циндзинад, уарзондзинад æмæ куырыхондзинад!

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.