Зынаргъ сылгоймæгтæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын уалдзыгон рæсугъд бæрæгбон – Сылгоймæгты æппæтдунеон бон – 8 марты цытæн!

Ацы бон  махæн, нæлгоймæгтæн у, ноджы иу æфсон, цæмæй нын рæдауæй цы æнувыддзинад æмæ хæларзæрдæдзинад, рæсугъддзинад æмæ уæздандзинад лæвар кæнут, нæ зынаргъ  æмæ уарзон сылгоймæгтæ, уый тыххæй равдисæм нæ хорз ахаст æмæ райгонддзинад.

Мах сæрыстыр стæм, Ирыстоны сылгоймæгтæ, республикæйæн уæззау рæстæджыты, нæлгоймæгтимæ иумæ зындзинæдтæ кæй дих кодтой, уымæй. Абон та сабыр дуджы уæ уырнындзинадыл, оптимизмыл æмæ ныфсхастдзинадыл баст у паддзахады фæрныгад, нæ республикæйы абон æмæ фидæн. 

Практикон æгъдауæй нæй      архайды  ахæм фадыг, цыран нæ кусынц сылгоймæгтæ. Сымах æгæрон бавæрдæн хæссут экономикæ æмæ зонады, ахуырад æмæ медицинæйы, культурæ æмæ спорты рæзтмæ, разæнгард кæнут нæлгой-мæгты ног æнтыстытæм, сфæлдыстадмæ æмæ куыстмæ.

Ацы райдзаст бæрæгбоны бузныджы ныхæстæ зæгъын æппæт мæдтæн. Уыдоны уæхсчытыл кæддæриддæр уæз кодта æмæ кæны стыр бæрндзинад нæ сывæллæтты тыххæй, растдæр зæгъгæйæ та – нæ адæмы фидæны тыххæй.

Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ, мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, æвзонгдзинад æмæ рæсугъддзинад, уæ бинонты хæрзиуæг! Уадз, уе ‘ппæт бæллицтæ дæр сæххæст уæнт! Уадз, кæддæриддæр уе ‘мдзу кæнæд нæлгоймæгты хъусдард æмæ аудындзинад, уæ хиуæттæ æмæ хæстæджытæ уын се ‘нтыстытæй уæ зæрдæ рухс кæнæнт! Ут амондджын æмæ уарзон!

Пухаты Эрик раарфæ кодта  Владлена Мишустинайæн 8 марты цытæн

Хицауады сæрдар Пухаты Эрик арфæйы тел арвыста Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустины цардæмбал Владлена Мишустинайæн Сылгоймæгты æппæтдунеон боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Владлена Юрийы чызг!

Зæрдиагæй дын арфæ кæнын Сылгоймæгты æппæтдунеон бон – 8 марты цытæн!

Мæ зæрдæ дын зæгъы, цæмæй дæ ацы ирд бæрæгбон батава хъармдзинад æмæ аудындзинадæй, хæлæртты æмæ бинонты  хъусдардæй. Уадз, уалдзæджы райдиан дын æрхæссæд  хъæлдзæгдзинад æмæ æнтыстытæ, уарзондзинад æмæ гармони! Дæуæн мæ фæнды бинонты амонд, æнæниздзинад æмæ царды хæрзиуджытæ!»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.