20 сентябры  Нæ республикæ расидыны боныл 33 азы сæххæсты цытæн Театралон фæзуаты бæрæгбонон парады хайад райстой Президент Гаглойты Алан, Парламенты Сæрдар Æлборты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов, Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Уыцы бон ма трибунæмæ хуынд æрцыдысты, нæ сæйраг бæрæгбоны хъæлдзæг æнкъарæнтæ немæ чи дих кодта, Уæрæсейы Федерацийæ уыцы цытджын уазджытæ.

Бæрæгбонон парады райдианы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса æмæ Гарзджын тыхты тырысатæ фæзуатмæ рахастæй.

Уый фæстæ Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта не’мбæстæгтæн рæсугъд æмæ зынаргъ паддзахадон бæрæгбоны цытæн. (Президенты бæрæгбонон арфæ мыхуыр кæнæм сæрмагондæй – ред). Президент йæ арфæйы ныхасы фæстæ бахатыд йæ æмбæстæгтæм, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой, йæ Фыдыбæстæйы сæрибардзинады тыххæй сæ сæртæ нывондæн чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ.

Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины бæрæгбонон арфæимæ парады хайадисджыты базонгæ кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы хъуыддæгты рæстæгмæ бæрнджын Александр Журов. Уый фæстæ фæзуаты айзæлдысты РХИ æмæ Уф-йы паддзахадон гимнты зæлтæ.

Парад, демонстраци, бæрæгбон, нæ цин æмæ сæрыстырдзинад

Цытджын æгъдауæй парад райста  Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр инæлар-майор Марат Павлов æмæ Театралон фæзуаты цытджын маршæй рацыдысты Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты, Уæлвæткон уавæрты министрадты службæгæнджытæ, афтæ ма – Хъахъæнынады дæлведомствойы кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæ, Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнхъахъхъæнæг службæйы æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æдасдзинады службæйы Арæнхъахъхъæнæг управленийы 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ.

Нæ республикæйы Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты министрадтæ æмæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы техникæ адарддæр кодтой бæрæгбонон парад.

Официалон хайы фæстæ Театралон фæзуаты цытджын æгъдауæй рацыдысты республикæйы фæллойгæнджытæ. Демонстраци æрбакодта нæ горæты 2-æм гвардион астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Уыдон рахастой тырысайы хуызты даргъ уаццаг. Уый фæстæ бæрæгбонон демонстрацийы рацыдысты нæ горæты министрадтæ æмæ ведомствоты кусджытæ, районты администрациты кусджытæ  æмæ скъолаты ахуыргæнинæгтæ.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.