Театралон фæзуаты рæнхъæй лæууыдысты æфсæддон парады хайадисæг æфсæддон дæлхæйттæ. Фæзуатмæ бæрæгбонвæлыстæй уыцы бон тындзыдтой нӕ горæт æмæ районты цæрджытæ.

Хъыгагæн, Уæлахизы бæрæгбон кæй фæрцы нысан кæнæм, уыдоны рæнхъытæ бынтон скадавар сты. Æрвыл 9 май уыдонæн уыд сæрмагонд бынат бæрæгбонон æфсæддон парадмæ кæсынæн. Фæлæ ацы аз ацы бон немæ цы иунæг ветеран нысан кæны, уый – Къæбулты Павел дæр цалдæр азы размæ цæрынмæ ацыд Дзæуджыхъæумæ йæ фыртмæ.

Хæстон зарæджы зæлтимæ фæзуатмæ рахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса æмæ Уæлахизы тырыса.

Цытджын трибунæйæ парадмæ кастысты бæстæйы Президент Гаглойты Алан, Хицауад æмæ Парламенты сæрдартæ Джуссойты Константин æмæ Æлборты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, экс-президент Тыбылты Леонид, тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ, æндæр официалон адæм.

Æфсæддон парадыл командæ кодта Гарзджын тыхты Генералон штабы къухдариуæггæнæг, милицæйы инæлар-майор Болататы Алан. Парад иста Хъахъхъæнынады министр, гвардийы булкъон Марат Павлов.

Гаглойты Алан йæ раныхасы арфæ ракодта стыр бæрæгбоны фæдыл. Ныры фӕлтӕрты ӕвӕджиаг хӕс, зӕгъгӕ у, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты историон рӕстдзинад бахъахъхъӕнын, йӕ зыгъуыммӕ кӕныныл чи фӕлвары, уыдоны ныхмӕ фæлæууын.

«Æндӕр бӕстӕтимӕ иумӕ нӕ республикӕ дӕр 9 майы нысан кӕны Уӕлахизы сыгъдӕг бӕрӕгбон – стыр боны мысынад, кӕцы сбæрæг кодта хӕсты кӕрон ӕмӕ нацистон Герман цы мӕлӕтхӕссӕг тас æвзарын кодта, уымӕй дунейы бæстæты фервӕзын кодта.Сырдон нацистон емынӕ ӕруромын, йе ‘фсӕддон тых ын ныс-сӕттын ӕмӕ дӕргъвӕтин рæстæг цы Уӕлахизмæ тырныдтам, уый нӕ къухты бафтыд, цӕдисы ӕппӕт адæмты адӕмты фӕдвидардзинад ӕмӕ ӕнгомдзинады руаджы, фронты хайадисджыты ӕнӕмӕлгӕ сгуыхтдзинад ӕмӕ фӕсчъылдымы фӕллойгӕнджыты удуæлдайдзинады фæрцы», – дзырдта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

1920 азы уæззау геноцид чи бавзӕрста, уыцы Хуссар Ирыстонӕй знагимӕ тохы быдырмӕ ацыд 22 минӕй фылдӕр адӕймаджы. Уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты бархионтӕ. Хуссар Ирыстоны фырттӕ ӕмӕ чызджытӕй бирӕтӕ сӕ ӕфсӕддон сгуыхтдзинады тыххӕй райстой бирӕнымӕц хӕстон хорзӕхтӕ. Астӕй та хӕссынц Советон Цӕдисы Хъайтары нӕмттӕ. Тохы быдырӕй сӕрӕгасӕй нал ӕрыздӕхтысты 18000 фылдӕр хӕстонтӕ. Ахӕм аргъӕй балхӕдтой Уӕлахиз нӕ адӕм».

«Нацизмыл чи фӕуӕлахиз, нӕ уыцы дадаты фӕдзӕхст ӕххӕст кӕндзыстӕм, фидар кӕн-дзыстӕм Уӕрӕсеимӕ нӕ иудзинад ӕмӕ ма нӕ иумæйаг историон мысынад немӕ чи дих кӕны, алы нацитӕ ӕмӕ адӕмты ӕмхуызон бартæ, адӕймаджы хорз миниужытæ ӕмӕ сӕрибардзинады сæрыл чи тох кӕны, уыдонимæ», – зæгъы Гаглойты Алан.

«Уӕрӕсеимӕ ӕфсымӕрон иудзинад Хуссар Ирыстонӕн у ныфсджын фидӕн, нӕ бӕстӕйы адӕм кӕй цӕрдзысты ӕмӕ кæй фӕллой кӕндзысты Райгуырӕн зӕххыл сабыр арвы бын», – банысан кодта уый.

Дарддӕр ӕрдзырдта, ныртӕккӕ Украинӕйы нацизмы ныхмӕ цы ирон хӕстонтӕ тох кӕнынц, уыдон хъӕбатырдзинадыл. Уыдон дадатӕ дæр 1945 азы тох кодтой æмæ фӕуӕлахиз сты фашизмыл.

«Ныртӕккӕ Донбасс ӕмӕ Запорожьейы зӕххыл тох цӕуы нацистон емынӕйы ныхмӕ. Æмӕ та ногӕй нацистты фарсмӕ сты, йӕ рӕстӕджы Гитлеримӕ цы бӕстӕтӕ ӕмгуыстад кодтой, уыдон. Уыдон ӕнӕфсӕрмӕй хӕцынц Украинӕйы нацистон режимы фарс, ифтонг ӕй кӕнынц развӕдсгарӕн информацийӕ, хæцæнгарзӕй, ахуыр сын кӕнынц сæ хӕстонты, уадзынц ӕфсӕддон операцитӕ, кӕнынц диверсион-террористон архайд, фӕсарӕйнаг ӕххуырст ӕфсадӕн фидынц ӕхца», – дзырдта Президент.

Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фашизмыл чи фӕуӕлахиз ӕмӕ сӕ нӕмттӕ берлинаг Рейхстаджы къултыл чи ныффыста, уыдон дадаты хӕстон ӕмхӕларады мысынад ӕмӕ иудзинады ӕнкъарӕнтӕ сӕрӕгас сты.

Донецк ӕмӕ Луганскы республикӕты нацистты ныхмӕ чи тох кӕны, уыдон фарсмӕ слӕууыдысты бархионтӕ интернационалон къордтӕй. Се ‘хсæн ирон хӕстонтӕ дӕр хъӕбатыр тох кӕнынц сӕ уӕрӕсейаг ӕфсымӕртимӕ иумӕ.

Бæрæгбонон æфсæддон парад

Æфсæддон парад уæлахизы боны цытæн

Бæрæгбонон æфсæддон парад байгом кодтой Гарзджын тыхты Цытджын караул æмæ уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы барабантæй цæгъдджыты ротæ. Дарддæр Театралон фæзуаты цытджын маршæй рацыдысты Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ афицертæ, сержанттæ, салдаттæ, курсанттæ, кадетон скъолайы хъомылгæнинæгтæ, сылгоймаг-службæгæнджытæ.

Æфсæддон парад уæлахизы боны цытæн

Æфсæддон парады ма хайад райстой тырысахæссæг къордтæ, Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ, Мидхъуыддæгты министрады, Уæлвæткон уавæрты æмæ Юстицийы министрадты дæлхæйттæ, Æфхæрд æххæсткæныны управленийы кусджытæ, Теркаг хъазахъхъаг æфсад æмæ Сæрмæтты хъазахъхъаг зылды хъазахъхъæгтæ, Хуссар Ирыстоны дислокацигæнæг Федералон Æдасдзинады службæйы Арæнгæрон управлени æмæ УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ.

Æфсæддон парад уæлахизы боны цытæн

Парады кæронбæттæны фæзуаты рацыдысты Мидхъуыддæгты æмæ Хъахъхъæнынады министрады механизацигонд æфсæддон колоннæйæ æфсæддон техникæ, реактивон æмæхсты системæ БМ-21 “Град”, бронетранспортертæ, гаубицæтæ æмæ æндæртæ.

«Æнæмæлгæ полк»-ы цыд

Бæрæгбонон æфсæддон парад адарддæр акци «Æнæмæлгæ полк»-ы цыдæй. Нæ республикæйы цæрджытæ сæрыстырæй хастой сæ дадаты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты нывтæ, æмæ 1989-2008 азты Гуырдзыстоны агрессийæн аккаг ныхкъуырд дæтгæйæ чи фæхъуыд, уыцы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты къамтæ дæр.

«Æнæмæлгæ полк»-ы рæнхъыты рацыдысты бæстæйы къухдариуæгад, Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй. Уый рахаста йæ дадайы æфсымæр Гаглойты Матейы къам. Мате абоны онг дæр у æбæрæг сæфт. Се ‘ввахс хиуæтты къамтæ ма хастой Марат Кулахметов, Джуссойты Константин æмæ æндæртæ.

Ныр дыккаг аз «Æнæмæлгæ полк»-ы акцийы кæрон гимназ «Альбион»-ы ахуыргæнинæгтæ рахастой, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы ирон хæстонты къамтæ дæр.

«Æнæмæлгæ полк» у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæлтæры тыххæй мысынад бахъахъ-хъæныны фæдыл дунеон æхсæнадон æмбæстагон-патриотикон змæлд. Æрвылаз дæр Уæлахизы бон йæ хайадисджытæ 9 майы рацæуынц сæ хиуæтты къамтимæ.

«Æнæмæлгæ полк»-ы æгæрон къахдзæфтæй мах, уæлахизæрхæссæг адæмы ног фæлтæртæ, ноджыдæр æвдисæм, бар кæй никæмæн ратдзыстæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстиуджытæ ма нымайын кæнæ аиуварс кæнынæн. Мах æгæрон бузныг стæм, Стыр Уæлахиз чи æрхаста, уыцы ветерантæй. Кад æмæ сын цыт. Абон ма дзы не ‘хсæн чи ис, уыдонæн нæ цæст уарзы бирæ азты æнæниздзинад, бирæ цæрæнбон æмæ хæрзиуджытæ.

«Æнæмæлгæ полк»-ы цыд Хуссар Ирыстоны райдыдта 2015 азæй фæстæмæ. Азæй аз-мæ фылдæр кæны акцийы хайадисджыты нымæц…

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.