Республикæ расидыны боныл 32 азы сæххæсты цытæн 20 сентябры нæ горæты Театралон фæзуаты уагъд æрцыд бæрæгбонон парад.

Парады хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Джуссойты Константин æмæ Æлборты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæcейы минæварады уынаффæгæнæг Александр Журов. Цытджын трибунæйæ ма бæрæгбонон парадмæ сæ хъус дардтой, уыцы бон нæ сæйраг бæрæгбон немæ чи дих кодта, уыцы цытджын делегациты минæвæрттæ, Абхазæй, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй, æфсымæрон Цæгат Ирыстонæй æмæ Кавказы республикæтæй.

Бæрæгбонон парад райдыдта, Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тыры-са æмæ бæстæйы Гарзджын тыхты тырысайы фæзуатмæ куы æрбахастой, уымæй.

Республикæ Хуссар Ирыстон — Паддзахад Аланийы Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта не ‘мбæстæгтæн паддзахадон бæрæгбоны цытæн.

«Хуссар Ирыстоны адæм абон нысан кæнынц республикæйы сырæзты бон. Ацы нысаниуæгджын бон баст у нæ бæстæйæн ног историон æнусы райдианимæ. Уæд, 1990 азы 20 сентябры адæмон депутаттæ райстой Хуссар Ирыстоны автономон областæй Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæ саразыны уынаффæ.

Советон Цæдис пырх кæныны уавæрты æмæ Гуырдзыстон ирон адæмы ныхмæ цы режим парахат кодта, уыцы рæстæджы суверенитет уыд Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ йæ националон фидæны бартæ бахъахъхъæнынæн иунæг фæрæз. Гуырдзыстоны къухдариуæгад уагъта, гуырдзиаг чи нæ уыд, уыцы цæрджыты дæлдзиныг кæныны политикæ, æргомæй цæттæ кодтой автономитæ ликвидаци кæныны хъуыддаг, уымæн æмæ уыдон цæлхдуртæ уыдысты сæ сепаратистон плæнттæ реализаци кæнынæн — Советон Цæдисы скондæй рахизынæн. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстонæн радон хатт тæссаг уыд, Гуырдзыстон 1920 азы цы геноцид сарæзта, уый сфæлхатт кæнынæй.

Истори куыд фенын кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон цы барадон къахдзæфтæ арæзта, уый ныхмæ гуырдзиаг шовинизм сдзуапп кодта репресситæ, хотыхджын бабырстытæй, ныфс сæ уыд сырдон архайдтытæй нæ адæмы басæттын. Фæлæ, бæстæйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, нæ адæм лæууыдысты, æвдыстой хъарудзинад, хъæбатырдзинад æмæ фæндвидардзинад, хъахъхъæдтой сæрибардзинад æмæ хæдуагæвæрды бартæ. Æмæ къахдзæфæй къахдзæфмæ арæзтам æмæ фидар кодтам нæ паддзахаддзинад”, — загъта Президент.

Гаглойты Алан дарддæр йæ доклады банысан кодта, зæгъгæ, алы ног гуырдзиаг къухдариуæггæнæг дæр архайдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ ног хæстон архайдтытæ райтынг кæныныл. Фæлæ уд æмæ хъаруйы тыхтæй сæрибары сæрыл тохгæнæг адæм фадат нæ радтой знагæн, цæмæй нæ нæ зон-гуытыл æрлæууын кодтаид, Хуссар Ирыстоны зæххы къорийæ скуынæг кодтаид.

Уыцы тохы фæндæгтæ ахастой бирæ уды зиæнттæ…

Бæстæйы разамонæг сæрыстырæй банысан кодта, республикæ чи арæзта æмæ йæ хъахъхъæдта, æппæтадæмон фидардзинад, хъарудзинад æмæ хъæбатырдзинад чи æвдыста, уыдоны сгуыхтдзинæдтæ.

«Мах стыр бузныг стæм, уыцы уæззау рæстæджыты нæ фарсмæ чи уыд, уыдонæй. Иумиаг историон хъысмæт æмæ сæрибардзинады сæрыл тох хæлардзинады тæгтæй мах бабастой Абхаз æмæ Приднестровьеимæ. Стыр бузныгимæ нæ зæрдыл лæууы Цæгат Кавказы адæмты æххуыс. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады тохы фæндæгтæ æнæ Цæгаты æххуысæй куыд уыд гæнæн. Мах иу адæм стæм, Ирыстоны дыууæ хайæн иу зæрдæ ис. Иузæрдион стæм иудзинадыл æмæ уыдзыстæм кæдфæнды дæр иумæ — зын рæстæджы дæр æмæ хъæлдзæг цыты сахаты дæр», — банысан кодта Президент.

Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ нын нæ æнтыстыты æмæ уæлахизты хъуыддæгты æгæрон æххуыс бакодта Уæрæсейы Федераци. Уый, зæгъгæ, кæддæриддæр уыд нæ фарсмæ, æххуысмæ нæм тырныдта. Афтæ уыд 1992 азы, афтæ уыд 2008 азы дæр — скъуыддзаг куы цыд фарст — уæвынад кæна æви нæ Хуссар Ирыстон. Уæрæсейы руаджы пырхæнтæй сæндидзыдта Хуссар Ирыстон, гаранти кæны æмæ хъахъхъæны нæ бæстæйы æдасдзинад. Уый фæдыл æмткæй Хуссар Ирыстоны адæмы номæй стыр бузныджы ныхæстæ Президент загъта Уæрæсейы Федерацийы адæм æмæ бæстæйы разамынадæн президент Владимир Путины сæргълæудæй. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстон зоны, æцæг хæлардзинад æмæ иууыл уæззау фæлварæнтæн чи бафæрæзта, уыцы хæстон æмхæларадæн цахæм аргъ ис, уый.

Бæстæйы разамонæг ма йæ доклады банысан кодта, бæстæ цы бæрæгбон нысан кæны, уымæ егъау хайбавæрд чи хаста алы хъуыддаджы, уыдоны хъарудзинад. «Уыдонæй бирæтæ нал æрæййæфтой уæлахизы бæрæгбонтæ нысан кæнын. Сæ ном æнустæм цæрдзæн, цалынмæ нæ адæм цæрой, уæдмæ».

«Националон мысынады ахæм цытджын бон махæн ис æппæт бындуртæ дæр, цæмæй сæрыстыр уæм, нæ адæмæн цы бантыст саразын, уымæй. Нæ Фыдыбæстæйы сæрибар зæххыл нæ адæмы сæрибар цардæй рæсугъддæр ма цы хъуамæ уа!

1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстон равзæрста иунæг раст фæндаг æмæ уыцы фæндагыл нæ республикæ дарддæр дæр цæудзæн рæсугъд фидæнмæ», — банысан кодта бæстæйы разамонæг.

Президенты арфæйы фæстæ Театралон фæзуаты цытджын маршæй рацыдысты Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты, Уæлвæткон уавæрты министрадты, Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнхъахъхъæнæг службæйы æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æдасдзинады службæйы Арæнхъахъхъæнæг управленийы 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ.

Бæрæгбонон парады ма сæ бæстæйы тырысатимæ рацыдысты Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты æмæ Абхазы хæстон архайдтыты хайадисæг инвалидтæ.

Бæрæгбонон парад адарддæр кодтой Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты министрад æмæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддон техникæ.

Уыцы бон изæры ма бæрæгбоны цытæн нæ горæты сæйраг фæзуаты уагъд æрцыд концерт, горæты сæрмæ егъау салюттæй ныррухс, бæстæ. Уый уыд бæрæгбоны кæройнаг мадзал.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.